23-æм июль у Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты профессионалон бæрæгбон. Ацы нысаниуæгджын бон æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны. 23-æм июлы йæ уымæн фæнысан кæнынц æмæ 1906 азы 23-æм июлы рухс федта фыццаг «Ирон газет»-ы фыццаг номыр. Газет мыхуыр æрцыд Дзæуджыхъæуы типографы, йæ тираж уыд 500 экземпляры æмæ уагъд цыдис къуырийы дæргъы дыууæ хатты. Йæ фыццаг редактор уыд Бутаты Аслæнбег. Ирыстоны хуссарæй газетмæ æрмæджытæ æрвыста Гулиты Ефим. Газет цыдис къухæй-къухмæ æмæ кæсын чи зыдта, уыдон æй кастысты стыр цымыдисæй. Газетæн стыр популярондзинад кæй уыд, уымæ æнæкæсгæйæ хицауад æххæстæй разы нæ уыд йæ архайдæй æмæ æхгæд æрцыд.

Хуссар Ирыстонæн йæхи газет фæзынд 1924 азы. Уыцы аз 1-æм январы рухс федта газет «Хурзæрин». Редакцийы штатон нымæц конд уыд цыппар адæймагæй — Плиты Арон (сæйраг редактор), Гасситы Николай, Санахъоты Георги æмæ Гаглойты Мухтар. Æгæрыстæмæй, бæрæг сты уынгты газеттæ чи хаста æмæ сæ адæмыл чи уæрста, уыдоны нæмттæ дæр — цхинвайлаг лæппутæ Джиоты Гаврил æмæ Бибылты Сулико. 2024 азы 1-æм январы газет «Хурзæрин»-ыл сæххæст уыдзæн 100 азы.

Раздæр, ома Советон Цæдисы рæстæджы, дæргъвæтин азты дæргъы мыхуыры боныл нымад цыд 5-æм май. Куыд сырæзт ацы бæрæгбон? 1912 азы 5-æм майы рухс федта газет «Правда»-йы фыццаг номыр, кæцы уыд большевикты сæйраг газет. Газеты бындурæвæрæг уыд В. Ленин, æмæ революцийы фыццаг азты та йæ сæргъ лæууыд зынгæ уырыссаг фыссæг Максим Горький. Революцийы фæстæ та Советон Цæдисы ацы газет ссис фыццаг рауагъд. Газеты фыццаг рауагъды бон ссис Мыхуыры бон дæр. Газет «Правда» уæвынад кæны абоны онг дæр æмæ у нырыккон коммунистон парти КПРФ-ы сæйраг газет. 5-æм май — Мыхуыры бон ивд æрцыд 1991 азы УФ-йы президент Барис Ельцины Барамындмæ гæсгæ. Фæлæ абоны онг дæр Советон Цæдисы чи райгуырд, уыдон хъуыды кæнынц 5-æм май, куыд мыхуыры бон, афтæ.

Цалдæр азы размæ РХИ-йы сгуыхт журналист Харебаты Батрадз афтæ фыста мыхуыры раздæры боны тыххæй. «Æрвылаз дæр-иу 5-æм майы нысан кодтон дыууæ нысаниуæгджын цауы — мыхуыры кусæджы бон æмæ ме ’ввахс хæлар, курдиатджын журналист æмæ иттæг хорз адæймаг Хуриты Гивийы райгуырæн бон. Æмæ ацы бон кæд ивд æрцыд æмæ дзыллон информацийы кусæджы бон банысан кæнæм 23-æм июлы, уæддæр мæнæн 5-æм май баззад нысаниуæгджын бонæй мæ хæлары райгуырæн бон кæй уыд, уымæ гæсгæ. Æмæ кæд абон Гиви не ’хсæн нал ис, уæддæр мæ цæмæдæр гæсгæ 5-æм майы бафæнды телефон райсын æмæ-иу раздæр куыд кодтон, афтæ йын раарфæ кæнын…».

Газеткæсджытæ йæ куы зониккой цас стыр фыдæбон бахъæуы газеты иу номыры рауадзыныл, уæд стырдæр аргъ кæниккой журналистты, иумиагæй сисгæйæ газет «Хурзæрин»-ы алы кусæджы куыстæн дæр, сæйраг редакторæй райдайгæйæ æмæ рæнхъон кусæгæй фæугæйæ. Уый æрмæстдæр фæрсæрдыгæй кæсгæйæ у æнцон, фæлæ газет цæмæй газеткæсджытæм фæхæццæ уа, уый тыххæй йыл уæззау фыдæбон бахъæуы. Нырма уал уацхæсджыты хъæуы афойнадыл æрмæджытæ бацæттæ кæнын, кæцыты хъуамæ бакæсой хайадты редактортæ, уый фæстæ сæ средакци кæной сæйраг редактор æмæ йæ хæдивæг, стæй сæ радтой секретариатмæ, ома, редакцийы къæбицмæ. Уым бæрнон нымæрдар Дзебысаты Гуло æмæ йæ хæдивджытæ Гуыцмæзты Евелинæ æмæ Æлборты Агуындæ хъуамæ макеттæ саразой æмæ сæ бадæттой компьютерон версткæгæнджытæм. Уырдыгæй та макеттæ бахауынц корректортæм, уыдоны æмрæнхъ газеты номыр кæсы радгæс редактор дæр. Æппæт уыцы процедурæты фæстæ газеты макеттæй калькæтæ рауадзынц æмæ сæ арвитынц типографмæ мыхуыр кæнынмæ. Уæдæ, зынаргъ газеткæсæг, ды йæ æнæмæнгæйдæр бамбæрстай, цас фыдæбон бахъæуы газеты иу номыр рауадзыныл, уый. Раздæры азты-иу бирæ хæттыты газеты номырыл дзуаппдæттæг радгæс редактор æмæ корректортæ сæ куысты уæлхъус баззадысты суанг æхсæвы 9-10 сахаттæм дæр. Уый уымæн, æмæ цæмæй, сымах нæ зынаргъ газеткæсджытæ, уæ къухмæ райсат уæ уарзон газеты радон номыр æмæ та дзы бакæсат алыгъуызон цымыдисон æрмæджытæ.

1989-2008 азты гуырдзиаг-ирон конфликт райдайынæй фæстæмæ газет «Хурзæрин»-ы коллектив куыста уæззау уавæрты. Бирæ хатт-иу цырагъы рухсмæ дæр архайдтам газеты номыр рауадзыныл, уазалы-иу нæ къухты æнгуылдзтæ дæр нал хатыдыстæм, афтæмæй. Нæ коллегæтæй-иу бирæтæ сæ къухтæ «ахъарм кодтой» цырагъы «хъарммæ». 2008 азы тугуарæн хæсты фæстæ дæр уæззау уавæрты, электрогенераторы фæрцы рауагътам газет «Хурзæрин»-ы радон номыр æмæ йæ нæхæдæг байуæрстам горæты цæрджытыл, цæмæй ног хабæртти-мæ базонгæ уыдаиккой. Афтæ уыд уый фæстæ бонты дæр, цалынмæ нæ хæстæфхæрд хъайтар горæты электрон рухс æндидзыд не ’рцыд, уæдмæ.

Дæргъвæтин хæстон уавæрты кусгæйæ æмæ æрмæстдæр сæ фыссæн систæй хотыхджын уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны журналисттæ тырныдтой гуырдзиаг-ирон хæсты тыххæй дунейæн рæстдзинад фехъусын кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Газеты фæрстыл мыхуыр цæуынц алыгъуызон характеры æрмæджытæ. Æрæмысæм, гуырдзиаг-ирон хæс-ты чи фæмард, уыцы хъайтар лæппуты рухс нæмттæ.

Йæ райгуырдæй фæстæмæ газет «Хурзæрин» æмдзу кæны ирон адæмимæ йæ рæзты фæндагыл. Йæ Ирыстоны риссаг фарстытыл дзургæйæ, риссы йæхæдæг дæр, фæлæ уыцы иурæстæджы ирон адæмæн у ныфсы хос. Арæх газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл мыхуыр æрцæуынц æддагон авторты æр-мæджытæ. Ноджы ма йæ зæгъон, иннæ газеттимæ абаргæйæ, ирон газеты фæрстыл æддагон автортæн мыхуыр цæуынц иууыл фылдæр æрмæджытæ.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды æрæмысын, ирон мыхуы-ры уæхскуæзæй чи фæкуыста æмæ абон нæ фарсмæ чи нал ис, уыдоны рухс нæмттæ. Куыннæ хъуамæ æрæмысæм, хæрзæвзон-гæй йæ хъæбултæм зæрдæхсайгæйæ, мæрдтæм чи бацыд, нæ уыцы уарзон худгæбыл æмæ хæлар-зæрдæ æмкусæг, газеты уацхæссæг Туаты Ларисæйы. Дæргъвæтин азты дæргъы кæимæ фæкусай, уыдон тынг æввахс адæймæгтæ свæййынц кæрæдзийæн. Афтæ кæй у, уый уæлдай тынгдæр фæбæрæг вæййы, нæ фарсмæ куынæуал вæййынц, уæд. Фæлæ, æгайтма, сæ ном цæры не ’хсæн æмæ дарддæр дæр цæрдзæн.

Ноджы ма йæ зæгъон, азтæ мыл сæ уæззау фæд куыд тынгдæр уадзынц, афтæ сæ арæхдæр æрæмысын, сæ рухс фæлгæндзтæ мæ цæстыты раз слæууынц иууылдæр. О, куыд тынг æнгом коллектив уыдысты, куыстой æмудæй, цардысты æнгомæй. Амæй-ай хуыз-дæртæ, раст сæ цыма исчи æвзаргæ ракодта, уыйау. Æвæццæгæн, мæ мæ къах æндæр ранмæ кусын-мæ дæр уымæн нал ахаста, кæд мын гæнæнтæ уыд, уæддæр. Мæ амæлæты боны онг дæр мæ никуы ферох уыдзысты, мæ зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр коллективæй чи уыдысты, уыдон, ныртæккæ дзæнæттæгтæ Джиоты Наташæ, Тедеты Юля, Козаты Нинæ, Тыбылты Мария, Джиоты Настя, Букуылты Алыкси, Харебаты Владимир, Тасойты Баграт, Къудухты Георги, Козаты Исидор, Гуыбеты Юри, Дыгъуызты Гришæ, Беппиты Дуня æмæ æндæртæ. Кæм уыдис уыдонæй уæздандæр адæймæгтæ. Уыдон никуы дих кодтой коллективы æвзæнгтыл æмæ ацæргæтыл, мæнæ иуæй-иу организациты куыд кæнынц, афтæ.

Ацы рæнхъыты авторæн дæр йæ хуыздæр хæлæрттæ уыдысты, йæхицæй бирæ хистæр чи уыдысты, йæ мады цахъхъæн сылгоймæгтæ. Æгæрыстæмæй-иу сыл мæ иууыл сусæггагдæр ныхæстæ дæр баууæндыдтæн. Абон тынг скадавар сты ахæм адæймæгтæ, æмæ уымæ гæсгæ сæ кад мæ цæсты ноджыдæр фæбæрзонддæр вæййы, æмæ сын мæрдтæм дæр кад кæнын. Уыдоны дзыхæй гуымир ныхас никуы ничи фехъуыста, сæ хъæлæс никуы фæбæрзонддæр кодтой цыфæнды критикон уавæрты дæр æмæ мын уыдысты цæвиттойнаг æмæ уарзон æмкусджытæ. Арæх æрæмысын уыцы рæстæджы æвæлмас цард дæр.

Хæрзæвзонг чызгæй редакцимæ кусынмæ куы æрбацыдтæн, уыцы рæстæджы газет «Советон Ирыстон»-ы редакторæй куыста Куымæридтаты Александр, кæцы уыд тынг раст æмæ зæрдæхæлар адæймаг, коллектив ын кодта стыр кад. Куымæридтаты Александры фæстæ газеты редакторæй нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны уæды обкомы раздæры секретарь Тедеты Павел, уый фæстæ та — Мулдарты Таймураз. Уыдоны фæстæ та газеты редактортæй куыстой Хуыгаты Анатоли, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Харебаты Леонид. Харебайы фырты фæстæ та редакторæй нысан æрцыд Гæбæраты Юри, кæцы ацы бынаты бакуыста 20 азы бæрц. Уый фæстæ та газеты редактортæ уыдысты Цгъойты Ари-нæ æмæ Биазырты Роланд. 2019 азæй 2022 азы 20-æм июлмæ та газетæн фæстæмæ разамынд кодта Гæбæраты Юри. Ныр та газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй нысан æрцыд Дамбегты Иринæ æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ ацы зын, бæрнон, фæлæ хъæуæг архайды.

Абон мæ бæрæгбоны цытæн фæнды раарфæ кæнын мæ коллегæтæн. Уадз, бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæцæрут, уæ зæрдæтæ рухс кæнæд уæ цард æмæ уæ куыстæй. Хæсты темæйыл фыссыны сæр уæ макуыуал бахъæуæд! Бирæ азты æнæнизæй лæггад кæнут уæ газеткæсджытæн!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.