Знон Хуссар Ирыстоны, 32 азы размæ закъондæттынады ахсджиаг орган арæзт кæй æрцыд, уый цытæн Президент Гаглойты Алан фембæлд Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы сæргълæудæй Парламенты Аппараты кусджытимæ.

Бæстæйы разамонæг арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæн, Ирыстоны зæххыл стыр бæрæгбоны тыххæй. Уæды рæстæджы, зæгъгæ, нæ адæмы раст, æмæ хъысмæт скъуыддзаггæнæн къахдзæф сбæрæг кодта бæстæйы дарддæры уæвынад æмæ йæ рæзт.

«32 азы размæ, 9 декабры историон къахдзæф — фыццаг сæвзæрст Парламенты депутатты ахсджиаг уынаффæйæ, Ирыстон æвæрын райдыдта йæ ног историйæн бындур. Бирæ уæззау фæндæгты сæрты хызтыстæм иумæ, алы сæвзæрст Парламенты депутаттæ дæр сæ хайбавæрд хастой, æмæ историйы баззадысты сæ уæзгæ хуынтæ. Уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг абон дарддæр æххæст кæнынц ныртæккæйы закъондæттæн органы кусджытæ», — банысан кодта бæстæйы разамонæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадон системæмæ йе стыр хайбавæрд æмæ иттæг хорз паддзахадон службæйы, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзтыл 32 азы сæххæсты цытæн юбилеон майдантæ æмæ Кады грамотæтæй Президент йæ Барамындмæ гæсгæ схорзæхджын кодта Парламенты Аппаратæй къорд кусæджы.

Парламенты Сæрдар Æлборты Алан бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы разамонæгæн йæ хъарм ахасты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, куыд уæды рæстæджы, афтæ ныр дæр адæмы сæвзæрст депутатты куыст кæй уыдзæн размæдзыды сæраппонд.

Къæбулты Марина