2023 азы 12-æм февралы 135 азы сæххæст номдзыд инженер Гаглойты Рутены райгуырдыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты уагдæтты йæ номыл уагъд æрцыдысты алыгъуызон мысæн мадзæлттæ. Уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ Ручъы фæндаджы арæзтадыл фыццаг хатт кусын уый райдыдта. Рутен куынæ сдзырдтаид ТрансКамы фæндаджы арæзтадыл æмæ йæ амæлæтæй бирæ фæстæдæр йæ бæллиц æххæст куынæ æрцыдаид, уæд гуырдзиаг-ирон хæсты дæргъвæтин азты дæргъы махæн ацæуæн никуыдæм уыдаид æмæ хæсты фæстиуджытæ уыдаиккой бирæ уæззаудæр. 1920 азы гуырдзыйы геноциды рæстæджы Цæгат æмæ Хуссар Иры ’хсæн фæндаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ лигъдæттыл фæндæгтыл æрцыд стыр зиæнттæ.

2008 азы дæр æмæ уый размæ азты æндыгъд рæстæджыты дæр Хуссар Ирыстонæй ацы фæндагыл бирæ лигъдæттæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ, Уæрæсейы регионтæм æмæ афтæмæй аирвæзтысты мæлæтæй.

Ирон адæмы разагъта фырттæ æмæ чызджыты номыл нæ горæты бирæ уынгтæ ис. Ис дзы иу чысыл уынг (уый дæр фæсфæд ран) Гаглойты Рутены номыл дæр, фæлæ… Куыд зонæм афтæмæй нæ горæты Колхозон уынг цалдæр азы размæ ивд æрцыд æмæ йæ схуыдтой Гаглойты Рутены уынг. Фæлæ абоны онг дæр ацы чысыл уынджы хæдзæрттæй дыууæйыл конд ис табличкæтæ — «ул. Колхозная», зæгъгæ. Хæдзæрттæй сæ иуыл та фыст ис — «ул.Аксо Колиева». Уынджы райдианы, ома, раздæры Колхозон æмæ Коцойты Арсены уынгтæ кæм иу кæнынц, уым тигъыл цы хæдзар ис, уый къулыл та урс ахорæнæй фыст ис: ул. Рутена Гаглоева, зæгъгæ. Уымæй дæр йæ номы фæстаг дыууæ дамгъæ рæстмæ зынгæ дæр нал кæнынц (уынут æй нывы). Йæ дæргъ 200 метры йедтæмæ кæмæн нæу, уыцы чысыл уынг кæй ном хæссы, уый бæрæг нæу. Ау, куыд гæнæн ис æмæ йæ радтæг адæмы зынгзæрдæ патриотæн аккаг аргъ ма кæнæм, куыд гæнæн ис æмæ йæ номыл табличкæтæ конд ма уа æппынкъаддæрæй уынджы райдианы æмæ кæрон цы хæдзæрттæ ис, уыдоны къултыл. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ уынджы райдианы цы хæдзар ис (№22), уый къулыл табличкæтæ конд кæй сты уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл (Колхозон уынг).

Кæй ном хæссы уынг?

Инвестпрограммæйы фæлгæтты ацы уынг цалцæг æрцыд 2019 азы. О, уый хорз хъуыддаг у, фæлæ уынг номдзыд инженеры ном кæй хæссы, уый бæрæг нæу. Ацы чысыл уынджы æртæ хæдзары къултыл конд сты алыгъуызон табличкæтæ. Фарстæуы, уынг эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцыд, уæд къамисы уæнгтæ цæмæннæ бацымыдис кодтой ацы ахсджиаг фарстмæ æмæ уынджы райдианы дыууæ хæдзары къулыл уæддæр цæмæннæ бакодтой Гаглойты Рутены номимæ табличкæтæ? Ирыстонæн цал Гаглойты Рутен ис?

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ ацы фарсты тыххæй нæ газеты фæрстыл кæй фыстам æртæ азы размæ дæр. Ныммыхуыргонд уац «Кæй ном хæссы уынг?» редакци мадзæлттæ райсынмæ арвыста горæт Цхинвалы администрацимæ, фæлæ æнцон аскъуыддзаггæнæн фарст скъуыддзаг не ’рцыд, хъуыддаг йæ бынатæй нæ феггуырст. Ау, зесты гæппæлтæ ссарын кæд тынг зын у, уæд цæрджытæм уæддæр бахатыдаиккой æмæ сын баххуыс кодтаиккой. Уæдта Гаглойты Рутены райгуырды юбилейон мадзæлттæм уазджытæ æрцыд æмæ сæ бафæндыд йæ номыл цы уынг ис, уый фенынмæ, уæд худинагæй бæстæ нæ байдзаг уыдаид.

Ау, йæ цард йæ Ирыстоны фæрныгады тыххæй нывондæн чи æрхаста, уыцы адæймаг аккаг нæу йæ номыл ын горæты цы уынг ис, уым хæдзæртты къултыл цивилизацион бæстæты куыд у, афтæ йын йæ номимæ табличкæтæ бакæной. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй бирæты хъуыдымæ гæсгæ Гаглойты Рутены номыл уынг схонын хъæуы нæ горæты централон уынгтæй сæ иуы. Хорз уаид, ацы фарст кæмæ хауы, уыдон ыл куы ахъуыды кæниккой æмæ фарст æвæрццагæй куы аскъуыддзаг кæниккой.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.