17-æм августæй 24-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд дыууæ фыдракæнды. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд иу фæндагон-транспортон цау.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 145 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Алыгъуызон бархалынӕдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 9 адӕймаджы. Дыууæйæ дзы баййæфтой административон æфхæрд.

Милицийы наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл баурæдтой нæ горæты 44-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Уымæй уæлдай ма йын басгæрстой йæ хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой дыууæ гæны къутæры. Ноджы ма урæд æрцыдысты Цхинвалы районы Залдайы хъæуы 52-аздзыд, Дзауы районы Замтареты хъæуы 24-аздзыд æмæ горæттаг 30-аздзыд цæрджытæ, кæцытæм сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæнынмæ. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ.

Нæ горæты 6 æрыгон цæрæджы бæрндзинадмæ конд æрцыдысты, наркотикон буарад «марихуана»-йæ æнæзакъонæй кæй спайда кодтой, уый тыххæй.

20-æм августы Ленингоры районы милицийы управленийы кусджытæ арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджытимæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой Цъинагары хъæуы 57-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой иу гæны къутæр. Уымæй уæлдай ма фæткхалæг барадхъахъхъæнæг органтæм барвæндонæй радта автоматы нæмгуытæ, сигналон ракетæ æмæ гранат «Ф-1».

19-æм августы Ленингоры районы Дзукъаты хъæуы 36-аздзыд цæрæг йæ ус æмæ йæ дыууæ сывæллонимæ конд æрцыдысты Цхинвалы рынчындонмæ, цæмæй дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ уой карантины. Куыд рабæрæг, афтæмæй дыууæ сывæллоны сæ мадимæ 12-æм августы æнæзакъонæй ахызтысты Гуырдзыстоны территоримæ æмæ 17-æм авгуысты фæстæмæ æрбаздæхтысты.

22-æм августы рейдон мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн Ленингоры районы милицийы управленийы æмæ арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджытæ баурæдтой Ленингоры районы Цъинагары хъæуы 64-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй ахызт паддзахадон арæны сæрты. Фæткхалæг 14 боны æмгъуыдмæ конд æрцыд уазæгдон «Алан»-мæ.

Джиоты Аланы проспектæй Харебаты Исахъы уынгмæ азилæны æрцыд фæндагон-транспортон цау. Нæ горæты 24-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «BMW-525» скъæрын, ахызт светофоры сырх рухсыл æмæ сæмбæлд дыууæ автомашинæйыл, – «Mersedes» æмæ «Lexus»-ыл, кæцыты шофыртæ разындысты горæттаг 22-аздзыд æмæ 33-аздзыд цæрджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.