Æрвылаз дæр 8-æм сентябры дунейы бирæ бæстæтæ банысан кæнынц ахуырдзинады дунеон бон.  Ацы бон ЮНЕСКО сфидар кодта 1966 азы æнæахуырдзинад аиуварс кæныны фæдыл ахуырады министрты дунеон конференцийы рекомендацимæ гæсгæ, кæцы уагъд æрцыд Тегераны 1965 азы сентябры мæйы. Конференци уагъд æрцыд адæймаджы царды æмæ æхсæнады ахуырдзинады ахсджиагдзинады тыххæй зæрдыл æрлæууын кæныны нысанæн. Уый у дунеон бонтæй сæ иу, кæцыйы фæнысан кæнынц Иугонд Нациты организацийы системæйы дæр. ЮНЕСКО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг 50 азы ахуырдзинады æмвæзады рæзтмæ нæкæсгæйæ, дунейы раздæрау ис 750 милуан адæймагæй фылдæр, кæцытæм нæй ахуырдзинад æмæ 250 милуан сывæллонæн та сæ бон нæу бындурон ахуырдзинад райсын.

Ахуырдзинады бæрæгбон банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр. Йæ мидис у мадæлон æвзаджы грамматикон нормæтæм гæсгæ адæймаг кæсын æмæ фыссын куыд зоны, уый сбæрæг кæнын.  Уый у цæрджыты социалон-культурон рæзты бындурон æвдисджытæй сæ иу. Уыцы бон нæ республикæйы дæр уагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы нымæцы ныффыссынц диктанттæ куыд уырыссаг æвзагыл, афтæ мадæлон ирон æвзагыл дæр. Историон уавæртæм гæсгæ, ацы контексты Хуссар Ирыстон ногæй тох кæнын райдыдта цæрджыты æнæахуырдзинады (неграмотность) тыххæй. Сусæггаг нæу уый дæр, æмæ не ‘мбæстæгтæй бирæтæ сæ мадæлон æвзагæй хуыздæр кæй фæзонынц уырыссаг æвзаджы растфыссынад. Не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ та бынтон лæмæгъ зонынц сæ мадæлон æвзаджы грамматикæ. Зынаргъ газеткæсджытæ, афтæ кæй у, уымæн уæхæдæг æвдисæнтæ суыдзыстут цы цалдæр цæвиттоны уын æрхæссдзынæн, уыдонмæ гæсгæ.

Нæ зонын, кæнæ бафæрсын худинаг нæу…

  Æрæджы фæцæйцыдтæн нæ горæты Къуайсайы уынджы, æмæ уайтагъд мæ цæст схæцыд  уынджы номы тыххæй иу хæдзарыл цы табличкæ конд уыд, ууыл, цыран Къуайсайы уынджы бæсты фыст ис Куаисайы уынг, ома К-йы фæстæ фыст нæй хъæбæр нысан æмæ  дзырды фыццаг дамгъæ «а»-йы  фæстæ «й» бæсты фыст ис дамгъæ «и». Рауад афтæ, æмæ иу дзырды ис дыууæ рæдыды. Рæдыд фыст  сты Тъбеты хъæумæ дыууæрдыгæй бацæуæны табличкæтæ дæр. Ома, Тъбеты бæсты стыр дамгъæтæй фыст сты ТЪЫБЕТ. Рæдыд фыст табличкæ фенæн ис нæ горæты Тæболты Сергейы уынджы хæдзæрттыл дæр. Уым та Тæболты С. бæсты фыст ис ТАБОЛТЫ. Иу дыууæ мæйы размæ нæ горæты магазинтæй иуы  продукттæ куы балхæдтон, уæд мын сæ цы целлофаны паке-ты нывæрдтой, ууыл дæр уыд рæдыд фыст: «Бæркаджын æмæ амонджын ут!», зæгъгæ, ома, дыууæ дзырды дæр иу «д» нæ уыд.

Цалдæр азы дæргъы рæдыд фыст рекламон табличкæ ауыгъд уыд, Харебаты Исахъы уынджы 32-æм хæдзармæ фæзилæны цы фондзуæладзыгон корпус ис, уый къулыл. Уым фыст уыд «ул.Исаака Харебова», зæгъгæ. Нæ дызæрдыг кæнын рекламон табличкæ чи ныффыста, уый кæй зыдта, ацы уынг кæй ном хæссы, уыцы хъайтар Харебаты Исахъ чи уыд, уый тыххæй, фæлæ йæм, æвæццæгæн, афтæ фæкаст, ома, кæд зынгæ англисаг физик, математик æмæ астроном, классикон физикæ аразджытæй сæ иу – Ньютоны ном Исаакы кæд дыууæ «а»-йы ис, уæд æй иронау дæр афтæ фыссын хъæуы. Нæ газеты фæрцы, уыцы рæдыд табличкæ рарастгонд æрцыд. Нæ горæты чысыл базармæ бахизæны галиу фарсырдыгæй цы магазин ис, уый къулыл дæр цæст схæцыд рæдыд фыстыл – «Сыгъдæг æхсыр æмæ æхсырысæртæй арæст продукттæ æмæ фыдызгъæл». Ацы магазины хицау табличкæ ирон æвзагыл кæй ныффыссын кодта, уымæй хорз бакодта, кæй зæгъын æй хъæуы, бузныг зæгъын ын хъæуы, уый тыххæй. Фæлæ ноджы хуыздæр уыдаид, рекламон табличкæ ма æнæ рæдыдæй фыст  куы æрцыдаид, уый дæр. Фæнды ма мæ ноджы иу табличкæйы кой ракæнын. Цæвиттон, нæ горæты Джиоты Аланы проспекты цы магазин «Кæрдо» ис, уым урсаджы продуктты сæрмæ фыст ис: «Æхсыр æмæ урсаджы продукттæ», зæгъгæ. Фарстæуы, цымæ æхсыр урсаджы продукттæм нæ хауы? Фыстмæ гæсгæ афтæ уайы, цыма æхсыр  урсаджы продукт нæу. Ацы табличкæ кæд грамматикон æгъдауæй раст фыст у, уæддæр йæ  мидисмæ гæсгæ æмбæлон нæу.

Цалынмæ адæмы рæгъмæ рахæссай ахæм ахсджиаг хъуыддажы тыххæй, уæдмæ  уал хъуамæ уынджы номы кæнæ дзырды  растфыссынады тыххæй базонын хъæуы. Уыимæ нæм ис ирон æвзаджы специалисттæ, афтæ  ма нæм ис ирон газет «Хурзæрин»-ы коллектив, кæцытæ никæмæн бахæлæг кæндзысты сæ зонындзинæдтæ ацы здæхты, алкæйы фарсмæ дæр балæудзысты.

Уый уын мах скодтам цалдæр рæдыд фысты тыххæй, фæлæ нæ горæты æмæ республикæйы районты æмæ хъæутыл азилгæйæ, сæ нымæц уыдзæн бирæ фылдæр. Хорз уаид æмæ-иу цалынмæ табличкæтæ æмбæлон бынæтты конд ма æрцæуой, уæдмæ-иу искæйты куы афæрсиккой сæ растфыссынады тыххæй. Науæд ацы рæдыд фыст табличкæтæ æрвылбон чи уыны, уыдоны хъуыдыкæнынады ныффидар уыдзысты рæдыд фыстæй. Æмæ афтæ бирæ куы ахæсса, уæд сомбоны ирон æвзаджы растфыссынад ноджы февзæрдæр уыдзæн.

Ивгъуыд аз Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ, мæ хъусдард аздæхтон, Зæрæмæджы таможнæйон уадзæн пункты паспорттæ цы чысыл рудзынгыл бадæттæм, уый сæрмæ цы фыст – хъусинаг уыд, уымæ, зæгъгæ,  «уæ паспорты цар райсут æмæ йæ афтæмæй æрба-дæттут». Хъыгагæн, ам дæр уыд гуымир рæдыд, цъары бæсты дзы фыст уыд цар. Уыйбæрц адæм кæуылты цæуы, уым ахæм элементарон грамматикон рæдыдтытæн бынат ма хъуамæ уа, фæлæ… Чизоны, абон афтæ нал у, рагæй нал уыдтæн Дзæуджыхъæуы. Гæнæн ис  æмæ йæ таможнæйыл цæуджытæй чи фæхатыд, уыдонæй сраст кæнын кодтой.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ бафæрсын аипп кæнæ та нæ зонын худинаг нæу. Æмбисонд афтæ куы у: «Адæймаг æнус цæры æмæ æнус ахуыр кæны…».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.