Киноныв «Выжить нельзя погибнуть» ссис Казаны уагъдцæуæг патриотон кино «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ-2020»-ы VII-æм Æхсæнадæмон фестивалы уæлахиздзау сæйраг номинаци – «Хуыздæр æххæстметражон киноныв»-ы.

«Уый уыд æнæнхъæлæджы, уымæн æмæ фестиваль уагъд цыд бæрзонд æмвæзадыл, уыдис дзы серьезон куыстытæ. Æхсызгон у, кæй йын саргъ кодтой, уымæн æмæ фильмы цы темæ ис, уый у тынг ахсджиаг. Уымæй уæлдай ма мæ фæнды банысан кæнын, уый нæ иумæйаг командон уæлахиз кæй у, чи йыл куыста, æппæт уыдоны. Мах нæ кæрæдзимæ адзурæм, бирæ эмоцитæ мæм ис. Фæнды мæ алкæмæн дæр бузныг зæгъын», – радзырдта «15 Регион»-ы уацхæссæгæн кинонывы режиссер-æвæрæг Цæлыкты-Битарты Ангелинæ.

Зæрдыл лæууын кæнæм, кинокомпани «Ирмон»-ы киноныв «Выжить нельзя погибнуть»-ы æвдыст кæй цæуынц Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы цаутæ. Сюжетмæ гæсгæ сæйраг хъайтар у 21-аздзыд Алан, цæры æмæ кусы Мæскуыйы, амондджын у йæ цардæмбалимæ, фæлæ хæст домы æнтыстджын цард ныууадзын æмæ слæууын Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджытимæ.

Фильм драмæйы жанры ист æрцыд 2019 азы сæрды. Сценарийы автор у Битарты Константин, оператор-æвæрджытæ – Нашикина Мария, Мæхъиты Руслан, актертæ – Тогойты Дауыт, Беслехъоты (Блу Ариаг)  Эльбрус, Битарты Вячеслав, Сабанты Тамерлан, Битаты Роберт, Хъантемыраты Борис, Мамиты Гри, Лохты Олеся æмæ æндæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.