Нæ горæты цæрæг Джиоты Азæ газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ æрбарвыста фыстæг, цыран дзырдæуы: «Зынаргъ редакци, курæг уæ дæн, цæмæй уæ хъусдард аздахат, уæ газеты фæрцы мæ адæмы рæгъмæ цы фарст рахæссын фæнды, уымæ.

Куыд зонæм афтæмæй нæ горæты Колхозон уынгæн цалдæр азы размæ лæвæрд æрцыд Гаглойты Рутены ном. Фæлæ хæдзæрттæй дыууæйыл нырма дæр конд ис табличкæтæ – «ул.Колхозная», зæгъгæ. Ацы чысыл уынджы хæдзæрттæй сæ иуыл та фыст – ис «ул. Аксо Коли-ева». Уынджы кæрон, ома, раздæры Колхозон æмæ Тельманы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым тигъыл цы хæдзар ис, уый къулыл та урс ахорæнæй фыст ис: ул. Рутена Гаглоева, зæгъгæ. Уымæй дæр йæ номы фæстаг дыууæ дамгъæ рæстмæ зынгæ дæр нал кæнынц (уынут æй нывы). Уæдæ   йæ дæргъ 200 метры йедтæмæ кæмæн нæу, уыцы чысыл уынг кæй ном хæссы, уый бæрæг нæу. Ау, куыд гæнæн ис æмæ ахæм зынгзæрдæ патриотæн аккаг аргъ ма кæнæм æмæ йæ номыл табличкæтæ конд ма уа æппынкъаддæрæй уынджы райдианы хæдзæрттыл».

Мах сбæлвырд кодтам, Джиоты чызг раст кæй фыссы, уый. Ацы чысыл уынджы æртæ хæдзары къулыл æцæгæйдæр конд сты алыгъуызон табличкæтæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ уынджы райдианы цы хæдзар ис, уый къулыл табличкæ конд кæй ис уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл. Зонæм уый дæр æмæ ивгъуыд аз ацы уынг цалцæг кæй æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты. О, уый хорз хъуыддаг у, фæлæ уынг зынгæ инженеры ном кæй хæссы, уый бæрæг нæу. Фарстæуы, уынг эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцыд, уæд къамисы уæнгтæ цæмæннæ бацымыдис кодтой ацы фарстмæ æмæ уынджы райдианы дыууæ хæдзарыл уæддæр цæмæннæ бакодтой Гаглойты Рутены номимæ табличкæтæ?..

 ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.