Нæ горæт бонæй-бон  хæрзарæзт æмæ рæсугъддæр кæй кæны, уый æнæфæхатгæ ничи у. Хæрзарæзт æрцыдысты бирæ уынгтæ æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц, сырæзт нæм бирæ цæрæн хæдзæрттæ, рынчындæттæ, сквертæ æмæ бирæ æндæртæ. Горæты автобустæн сæрмагонд æрлæууæн бынæттæ кæй нæ уыд, уый тыхсын кодта, куыд адæмы, афтæ шофырты дæр. Уый бахынцгæйæ горæты администрацийы хъæппæрисæй уынгты райдыдтой аразын сæрмагонд æрлæууæн бынæттæ. Уыдонæй иу (Мæскуыйы уынджы) ныр та В. Путины уынгыл сарæзтой къуырийы размæ, нырма кæронмæ арæзт дæр нæ фæци, бадæн дæр дзы нæма æрæвæрдтой, афтæмæй та йæ цыдæр æнæнамыс адæймæгтæ ныцъæл кодтой. Уæдæ афтæ куы кæнæм, иутæ аразгæ, иннæтæ цъæл, уæд нæ горæт горæтгъуыз никуы суыдзæн. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон уыдысты скъоладзаутæ.

Хорз у æмæ ссардтой фыдгæнджыты æмæ ма хорз уаид карз мадзæлттæ куы райсиккой сæ ныхмæ, карзæй сæ куы бафхæриккой, уæд чизоны æндæр фыдгæнджытæ нал бауæндиккой ахæм фыдракæндтæ аразын.

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.