Цæуы рæстæг, ивы цард, уыимæ ивы адæймаджы ахаст дæр цардмæ. Хъыгагæн, уый алы хатт нæ вæййы зæрдæрайгæ, фæлæ цыфæнды зын рæстæджыты æмæ дугты дæр рæзгæ фæлтæр у æхсæнады рæсугъд æмæ фидæнхуыздæры ныфс. Се ‘нтыстытæй фæрухс кæны зæрдæ, се ‘нæхин цæстæнгас æмæ сыгъдæг зæрдæйы бæллицтæ та вæййынц æрмæстдæр позити-вон, æмæ нын сæ зæрдæты хъармæй барухс кæнынц нæ зæрдæтæ.

Нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы 4-æм къласы ахуыргæнинаг Быценты Хетæг кæд нырма райдайæн кълæсты ахуыргæнинаг у, уæддæр йæ хъуыдытæ ныридæгæн сты арф æмæ мидисджын. Йе ‘мкарæн сабиты ‘хсæн Хетæг кæддæриддæр лæууы къахдзæфы бæрц раздæр æмæ сæ хицæн кæны уымæй. Хетæджы йæ радтæг æрдз а-зæхмæ радта алыварсон æвзыгъддзинæдтимæ. Йæ мад Тедеты Ланæ куыд зæгъы, афтæмæй Хетæгыл нырма 2 азы æмæ æрдæг куы цыдис, уæд бахъуыды кодта æмæ æнæрæдыдæй дзырдта Пифагоры хатгæнæн таблицæ. «Куыд алы ныййарæг, афтæ æз дæр архайдтон, йæ кармæ гæсгæ йын чысыл зонæнтæ бацамоныныл. Ахуыр кодтам æмдзæвгæтæ, дамгъæтæ, цифрæтæ, цæрæгойты нæмттæ. Хæрз чысыл уæвгæйæ йыл бæрæг уыд, цифрæтимæ баст цы уыд, уыдонмæ тынгдæр кæй цымыдис кодта. Иуахæмы йын радзырдтон таблицæ, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæд æз хъуыды дæр нæ акодтон, афтæ тынг æй кæй бацымыдис код-таид. Уый фæстæ-иу мæ арæх домдта ногæй йын æй радзурын», – загъта Ланæ. Хæрз цыбыр рæстæгмæ Хетæг бахъуыды код-та æмæ æнæрæдыдæй дзуапп лæвæрдта хатгæнæн таблицæ-йæ цыфæнды фарстæн дæр. Уыцы кары ма Хетæг зыдта дамгъæтæ иууылдæр.

Хетæг бацыд Мæскуыйаг микрорайоны спротскъолайы хъæбысæй хæцыны секцимæ дæр. Ам равдыста тынг хорз æнтыстытæ. Æппынæдзух хайад исы нæ республикæйы йæ кары ахуыргæнинæгты ‘хсæн уагъдцæуæг ерысты. Уымæй дарддæр арæх райсы хайад республикæйæн æддейæ ерысты æмæ кæддæриддæр свæййы призон бынæтты хицау. Йæхæдæг куыд хъуыды кæны, афтæмæй, цыфæнды хъуыддаджы бацæугæйæ дæр йæ бæллиц вæййы æнтыст. «Кæд мæныл мæ хистæртæ баууæндынц, цæмæй ерысты хайад райсон, уæд æз та мæ хæсыл нымайын, цæмæй суон уыцы æууæнчы аккаг æмæ равдисон æнтыстджын фæстиуæг. Уымæ гæсгæ кæддæриддæр фæтырнын уæлахизмæ», – зæгъы Хетæг.  Хетæг нырма хæрз чысыл рæстæджы цæуы спорты секцимæ, фæлæ йын ныридæгæн ис тынг бирæ хорзæхтæ, грамотæтæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Уый тыххæй дзы тынг райгонд у йæ тренер  Гæджиты Артур дæр.

Хетæгæн скъолайы агъоммæйы кары фæбæрæг ис йæ арæхстдзинад ныв кæнынмæ дæр. Сывæллæтты рæвдауæндоны дæр-иу йæ чысыл къухтæй цы ахæххытæ кодта, уыдоны уыд мидис, йæ бон уыдис, йæ хъуыдытæ гæххæттыл  аив сныв кæнын. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, алы цыппараздзыд сабийæн нæ вæййы йæ бон. Скъоламæ бацæугæйæ, Хетæгæн уыцы арæхстдзинад ноджы фæтынгдæр ис æмæ та æрыгон саби ацы фадыджы дæр ацыд æнтысты фæндагыл. Йæ конд нывтæ æппынæдзух сты скъолайы къулыл, хайад райсы республикон æмæ республикæйæн æддейæ конкурсты æмæ ныв кæныны алыгъуызон мадзæлтты. Æрæджы йæ конд ныв «Спасем жизнь синичке» хайад райста Сывæллæтты Æппæтуæрæсейон конкурс «Синичкин день»-ы æмæ райста фыццаг бынаты диплом. Ацы аз ноябры мæйы та йæ ныв «Спасибо, Россия!» хайад райста 10 азæй 13 азы онг скъоладзауты ‘хсæн уагъдцæуæг Æппæтуæрæсейон конкурс «Сила России – наш народ!»-ы æмæ ссис 1-аг бынаты уæлахиздзау. Стыр Уæлахизы 76 азы боны цытæн 7 азæй 12 азы кары онг сывæллæтты онлайн-конкурс «Дни и ночи битву трудную вели»-йы Хетæджы конд ныв «С днем победы» ссис номинаци «Изобразительное искусство»-йы уæлахиздзау. Æртыккæгæм къласы Хетæг хайад райста журнал «Ногдзау»-ы фæлгæтты 8-æм мартъы бæрæгбонмæ уагъдцæуæг республикон конкурс «Сылгоймаг! Мад! Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг, хуры тынтæ уарæг!»-ы æмдзæвгæтæ аив кæсынæй, скодта ма ныв дæр æмæ райста уæлахиздзауы бæрæггæнæн.

Хетæг ма хайад райста аив кæсджыты  Æхсæнадæмон проект-конкурс «Я помню – я гор-жусь!»-ы, бакаст хæстон темæйыл фыст æмдзæвгæтæ æмæ та ам дæр ссис уæлахиздзауы дипломы хицау. Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады цытæн уагъдцæуæг конкурсы, номинаци «Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл»-ы хайад райсыны тыххæй Хетæгæн лæвæрд æрцыд  грамотæ.

Хетæджы карæн сабитæн сæ курдиат афтæ æргомæй куы фæбæрæг вæййы, уæд адæймаджы зæрдæйы бауадзынц ныфс, нæ фидæн кæй уыдзæн размæцыд, зондджын æмæ курдиатджын кæстæрты къухы. Саби алыварсонæй куы тырна царды бæрзæндтæм, йæ хъуыдыты куы уа фидæны хæрзиуджытæ аразынмæ тырнынад æмæ йæ бæллицтæ куы бæтта æрмæстдæр хæрзиуджытæ аразынмæ, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у хорзыл дзурæг. Хетæгæн дæр йæ хъуыдытæ æмæ бæллицтæ сты, йæ кармæ нæ кæсгæйæ, бæллы, цæ-мæй куы байрæза, уæд аккаг аргъ скæна йæ ныййарджыты лæггадæн: «Фæнды мæ, цæмæй куы сыстыр уон, уæд мæ мад æмæ мæ фыдæн мæхи къухæй саразон хæдзар, цыран уыдон сæхи хатой тынг хорз æмæ сæ цардæн уа алы уавæртæ дæр», – загъта чысыл Хетæг.

Æппæт фадгуыты æнтыстыты æмрæнхъ Хетæг скъоладзауы  сæрмагонд хæс – хорз ахуыр кæнын дæр æххæст кæны цæсгомджынæй. «Йæ ахуыргæнæг Дзигойты Альбинæ куыд зæгъы, афтæмæй «Хетæг цыппæрæм къласы онг æрбахызт, сыгъдæг фæндзтыл ахуыр кæнгæйæ. Скъолайы мадзæлтты кæддæриддæр исы активон хайад, æмæ ма скъолайæн æддейæ уагъдцæуæг мадзæлтты дæр хайад райсы æмæ йæ уарзон скъолайæн æр-хæссы хорзæхтæ æмæ кад. Хетæг йе ‘мкъласонтæн у æнувыд хæлар æмæ уарзон æмгар. Не скъолайы кады фæйнæгыл йæ къам конд у ныр цыппар азы дæргъы. Ахæм кæстæртæй Ирыстон кæддæриддæр у сæрыстыр».

Æрæджы нæ республикæйы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ байгом кодта конкурс ныв кæнынæй – «Æз æмæ мæ бартæ мæхи цæстæнгасæй». Хетæг ацы бонты бацæттæ кодта æмæ рад-та йæ конд ныв æмæ æнхъæлмæ кæсы конкурсы хатдзæгтæм.

Хетæг ацы бонты нысан кæны йæ райгуырды чысыл юбилей, æххæст ыл кæны  10 азы  æмæ йын уый цытæн арфæ кæнынц йе ‘ввахс адæм. Байрæзæд æнæниз æмæ æнтыстджынæй, æххæст кæнæт йæ бæллицтæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.