Ацы аз 9-æм июны уагъд æрцыдысты  Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстытæ. Парламенты депутаттæм сæ кандидатурæтæ чи раразмæ кодтой,  уыдоны нымæц схызт 200 адæймаджы онг (гæнæн ис, æмæ Гиннессы рекордты чиныгмæ дæр хаст æрцæуæм, ахæм чысылнымæц адæммæ уыйас кандидаттæ кæй уыд, уый кæуылты хъуыддаг у)…

Бирæнымæц кандидаттæ цыма кæрæдзиимæ ерыс кодтой, горæты уынгты зынæн рæтты чи фылдæр рекламæтæ бакæндзæн, уыйау къахдзæфæй-къахдзæфмæ бакодтой сæ нывтæ, стыр портреттæ, æгæрыстæмæй  дзы уыд, фæрсæй-фæрстæм цалдæргай нывтæ чи бакодта, ахæмтæ дæр. Æниу, хуыздæр уыдаид, кандидаттæ се ‘взæрстыты размæ агъоммæйы программæйы алыгъуызон уæлдай хæрдзты бæсты исты хæрзаудæн акцитæ куы сарæзтаиккой сæ Ирыстоны хæрзиуæгæн. Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзы цы адæмæн бацыдаиккой, уыдон сæ бузныгæй  баззадаиккой цæрæнбонтæм, фæлæ…  Адæм абоны онг дæр  дис кæнынц, иу армыдзаг  адæммæ уыйбæрц кандидаттæ кæй уыд, ууыл. Дис нæм кæсы, кандидаттæн сæ фылдæр цы сарæзтой хорзæй сæ хæствæллад республикæйæн, афтæ тынг цæмæн феввæрсыдысты сæхиуыл, цæмæй сæ ныфс бахæссой закъондæттæг органмæ сæ кандидатурæтæ раразмæ кæнынмæ. Ау, æппын хуымæтæджы æфсæрмдзинад никуыуал ис…

Дебатты рæстæджы-иу кандидаттæ нæ республикæйы хæстæфхæрд адæмæн сыгъзæрин хæхтæй дæр ныфс æвæрдтой. Иуæй-иутæ та дзы кæрæдзийыл цъыф калынмæ уæлдай диссаг фесты! Æгæрыстæмæй, раздæры, ома, Парламенты уый размæ 5 азы дæргъы чи куыста, уыцы депутаттæй дæр бирæтæ ахæм цыдæр диссаджы хорздзинæдтæ саразынæй ныфс æвæрдтой, æмæ ма-иу сæм дисгæнгæйæ кастыстæм æмæ хъуыстам. Ау, фондз азы дæргъы уым куы бадтæ, уæд сæ йеуæд цæмæннæ сарæзтай? Чи дæ хъыгдардта? Мæнмæ гæсгæ-иу дзы бирæты сæхи ныхæстæ дæр нæ уырныдтой æмæ афтæмæй адæмы фæсайынмæ хъавыдысты, фæлæ хуссарирыстойнаг цæрджытæ афтæ æнцон фæсайæн нал сты, уымæн æмæ дæргъвæтин рæстæджы сфæлтæрдтой политикæйы хъуыддаджы. О, æвзæрстыты агъоммæйы компанийы бирæ ныфсæвæрæн ныхæстæ вæййы, æгæр бирæ дæр ма вæййынц. Фæлæ нæ хъæуы ныфс æвæрын, саразæн цæмæн нæй, уымæй. Уый раст амал нæу. Æмæ куы баныфсæвæрай, уæд та йæ хъуамæ сæххæст кæнай. Парижаг Коммунартæ дзырдтой, зæгъгæ, Парламент «дзæнгæда цæгъдæн бынат нæу», фæлæ у кусæг корпораци. Æмæ уый раст у! Депутат уæвгæйæ, зæрдыл дарын хъæуы æмбæстæгты хъæстытæ æмæ сæ æххæст кæнын хъæуы, куыд æвзарджыты фæдзæхстытæ, афтæ. Адæм – депутатæн нæ, фæлæ депутат – адæмæн! Парламентмæ æвзæрстытæ сты адæмы Æууæнкдзинад æмæ Ныфс фидæны хуыздæр царды тыххæй. Растдæр ахæм зæрдæйы уагимæ цыдысты адæм 9-æм июны æвзæрстытæм. Парламенты ног сæвзæрст депутатты хъæуы паддзахад æмæ адæмы интерестыл бындуриуæг кæнын. Æвзарæджы, йæ хъæлæс дæтгæйæ, ныфс вæййы адæмы æмæ паддзахады проблемæтæ позитивонæй скъуыддзаг кæнынæй, æмбæлон æхсæнадон фæтк æмæ закъондзинад сифтонг кæнынæй, æмбæстæгты конституцион бартæ карзæй хъахъхъæд кæй цæудзысты, уымæй.

Æвзæрстыты бон вæййы æппæт-адæмон бæрæгбон, уымæн æмæ уыдон сты нæ хуыздæр фидæны ныфс. Адæм æууæндынц, зæгъгæ, ног сæвзæрст Парламент скъуыддзаг кæндзæн адæмы интерестæ. Уый æрмæстдæр афтæ хъуамæ уа. Не ‘мбæстæгтæ фæцымыдис кæнынц, Парламент цахæм хъуамæ уа, уымæ. Ам дыууæ хъуыдыйæн гæнæн нæй. Парламенты депутаттæ хъуамæ фидар уарзтæй уарзой Ирыстон æмæ йæ адæмы. Парламент хъуамæ уа адæмон. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ æвзæрстыты размæ депутаттæм кандидаттæ сæ документтæ кæй хастой газетты редакцитæм сæ биографитæ æмæ программæтæ ныммыхуыр кæныны тыххæй. Мах, газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ-иу арæх афарстам кандидатты, ирон газет исы хæдзармæ æви нæ, уымæй? Хъыгагæн, кандидаттæй æвæрццаг дзуапп цалдæр адæймагæй дарддæр никæмæй фехъуыстам. Фарстæуы, ирон дзырд, ирон мыхуыр чи нæ уарзы, уый йæ адæмæн хорзæй цы сараздзæн?

Бафæрсын мæ фæнды, Парламенты депутаттæм кандидаттæ æвзæрстыты размæ алы къуымты сæ нывтæ бакæныныл куыд тынг тыхстысты, афтæ ныр цæмæннæуал тыхсынц сæ райсыныл. Зæрдæ уынгæг кæны сæ цурты фæцæйцæугæйæ, кæмæн дзы йæ дыууæ цæсты дæр скъахтой, кæмæн – йæ иу цæст, кæмæн та йæ цæсгом кæнæ йæ дзых цæмæйдæрты байсæрстой, кандидатты нывты бын кæцыдæр æнæмбаргæ адæймæгтæ та æнæуаг ныхæстæ ныффыстой (ам дæр та равдыстам нæ фæстæзаддзинад). Æмæ кæд адæммæ уыдæттæ хъыг кæсынц, уæд нывты хицæуттæм ницыуал хъары, цæмæн-нæ архайынц сæ нывтæй бæстыхæйтты къултæ, гаражтæ æмæ цæджындзтæ асыгъдæг кæныныл.  Абоны онг дæр ма нæ горæты уагдæттæй бирæты къултыл æрдæгскъуыдтæй лæууынц 2012 азы президенты бынатмæ кандидатты нывтæ æмæ агитацион лозунгтæ.  Науæд сын бар чи радта ног сцалцæггонд уагдæтты æмæ куыст-уæтты къултыл сæ нывтæ бакæнынæн æмæ сæ фыдуындæй ныууадзынæн. Алцæмæн дæр йæхи фæтк æмæ æгъдау хъуамæ уаид…

Централон æвзарæн къамисы нын куы сдзуапп кæниккой, горæты хæдзæртты æмæ уагдæтты къултæ, кандидатты нывтæй асыгъдæг кæнын æмæ сæ æмбæлон уагмæ æркæнын кæй хæс у, уый тыххæй.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.