Зынгæ америкæйаг ахуыргонд дохтыры бафæндыд эксперимент саразын, цæмæй йæ теори практикæйы бафæлвара. Хъуыдис æй ахæм адæймаг, кæцы барвæндæй сразы уыдзæнис амæлыныл. Ахæм адæймаг ссардта ахæстоны – иу нæлгоймагæн хаст уыд мæлæты тæрхон æмæ йæ дохтыр сразы кодта, ома мæ эксперименты рæстæджы ницы рыстытæ банкъардзынæ. Эксперименты нысан та уыд, цæмæй адæймаджы зæрдæйы куыстмæ бакæсой, фæстаг туджы æртах ма дзы куы ракæла, уыцы уысм. Дохтыр нæлгоймагæн бамбарын кодта, зæгъгæ дын хæрзцъус шанс ис удæгасæй баззайынæн, уымæн æмæ дын алыг кæндзыстæм дæ дадзинтæ.

Лæджы сынтæгыл фидар ныббастой, цæмæй йæ бон сызмæлын ма бауа æмæ йын стæй дохтыр йæ фæсармы царм алыг кодта, дадзинмæ нæ бавналгæйæ. Туг æртахгай калдис сынтæджы бын æвæрд къусмæ. Йæ цармы лыг уыд уæлæнгай, фæлæ уыцы лæг та афтæ æнхъæлдта æмæ йæ дадзинтæй кæлы туг. Лæджы къухæй туг цъус рæстæг йедтæмæ нæ рацыд, фæлæ йын развæлгъау сусæгæй йæ къухы бын бавæрдтой сæрмагонд гарз тугимæ æмæ клапанимæ, кæцы арæзт уыд къусмæ æмæ туджы æртæхтæ цахæм тагъдадæй хъуамæ хаудаиккой уый нывыл кодта.

Лæг хорз хъуыста туджы æртæхты хъæлæба æмæ рæстæг куыд цыд, афтæ йæ хиæнкъарынад æвзæрæй-æвзæрдæр кодта. Дохтыр сусæгæй клапан æрæхгæдта æмæ туджы æртæхтæ хæрзсындæггай райдыдтой хауын. Лæг тынг ныхъхъуыста, афтæ фенхъæлдта, ома туг фæуд кæны æмæ ныффæлурс, йæ зæрдæйы куыст бæрæг фæтагъддæр ис æмæ цалдæр минуты фæстæ амард.

Ахуыргонд ацы экспериментæй хатдзæгтæ сарæзта, зæгъгæ адæймагæн иууыл сæйрагдæр у, информаци фехъусгæйæ йын цахæм реакци уыдзæнис, уый. Йæ психологон уавæр бирæбæрцæй баст у уыимæ, ома куы фæтæрсай, уæд дыл тынг бандавдзæнис, куы нæ фæтæрсай, уæд та ницы рахатдзынæ.

Ныры дуджы адæмæн алыгъуызон фæрæзтæй хъусын кæнынц, ома ис тæссаг вирус, æмæ абоны онг бирæтæ фыртасæй фæмардысты. Дзыллон информацийы фæрæзтæй æхсæвæй-бонæй куы хъусай æрмæстдæр тæссаг вирусы тыххæй, уæд тасы фæстиуæгæн иммунитет ныллæмæгъ вæййы. Кæд коронавирус афтæтæссаг нæу æндæр вирустæм абаргæйæ, уæддæр нæ сæры зонд æндæрхуызон хъуыды кæнын райдыдта, сабыргай нын æй бауырнын кодтой, тынг карз вирус кæй у, уый. Фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй адæймагæн ацы вирус разиан кæны æрмæстдæр уæд, кæд æмæ йæ иммунитет уа лæмæгъ. Æмæ кæцы вирус нæ фæтых уыдзæнис лæмæгъ иммунитетимæ организмыл?

Ацы эксперимент ирдæй равдыста, тас куыд тынг æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл. Ахуыргонд ма баххах кодта, зæгъгæ сывæллæттæ вирусон инфекцитæ бирæ рогдæрæй уымæн хæссынц æмæ æндæр тæссаг уавæртæй дæр æнцондæртæй уымæн рахизынц, нырма сæ хъуыдыкæнынад уыйбæрц кæй нæу, цæмæй мæлæтæй тæрсой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.