Нæ горæты Зæронд хиды арæзтады куыстытæ сты сæ тæмæны. Уый тыххæй информацион агентад «Рес»-æн фехъусын кодта Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны фæдыл комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Алан.

Ацы къуыри хиды аразджытæ æрæвналдзысты, чи ма дзы баззадысты, уыцы дыууæ æнцойгæнæны аразынмæ.

«Дыууæ бригадæйы кусдзысты сæ аразыныл æмæ сыл специалон плитæтæ куы сæвæрæм, уæд горæты цæрджытæн сæ бон уыдзæн хидыл цæуын», – загъта Гæбæрайы фырт.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хиды арæз-тады иууыл вазыгджындæр сты бургæнæн куыстытæ æмæ æнцойгæнæнтæ саразын. Ныртæккæ куыстытæ иу бон дæр не ‘рлæууынц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, специалисттæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг.

Бургæнæн куыстыты рæстæджы техникæ æмбæлд фидар къæйдуртыл æмæ хъуыд сæрмагонд техникæ самал кæнын æмæ йæ æрласын. Сентябры мæйы ног хуызы бургæнæн техникæ æвæрд æрцыд объекты æмæ куыстытæ феггуырстысты размæ.

Хид, пъланмæ гæсгæ, хъуамæ арæзт фæуа æрбалæугæ азы. Йæ сырæзтмæ тынг æнхъæлмæ кæсынц нæ горæты цæрджытæ, уæлдайдæр та Фаллагфарсы цæрджытæ. Уыдонæй сæ иу куыд радзырдта, афтæмæй æнæ хидæй æвзарынц стыр зындзинæдтæ. «Æрзилын хъæуы дардыл, цæмæй дæ кæдæм фæнды нæ горæты, уырдæм бахауай. Ауындзгæ хидыл та мын зын у цæуын. Мæн ныфс ис, хид тагъд арæзт кæй фæуыдзæнис. Фæлæ сæйраг у, цæмæй куыстытæ æххæст цæуой гъæдджынæй æмæ уа фидар», – загъта уый.

Леуахийы цæугæдоны дыууæ былтæ чи иу кодта, уыцы Зæронд хид арæзт æрцыд 1893 азы æмæ уыдис ахсджиаг цау горæты царды. Уый ахъаз кодта горæты рæзтæн æмæ йæ фидауын  дæр ракодта.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.