Ивгъуыд аз, фæззæджы цы донивылдтытæ æрцыд, уый фæстиуæгæн Цхинвалы районы Залда-Чирцъинайы хъæумæ цы хид уыд, уый æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Районы администрацийы хыгъдыл фаг финанстæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æмбæлонæй арæзт не ‘рцыд. Ныр республикæйы бюджетæй дих æрцыд районæн æхцайы фæрæзтæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой зæронд хид цалцæг кæнынмæ. Хиды дæргъ уыд 9 метры бæрц, фæлæ йын дон йæ былгæрæттæ кæй бахордта, уымæ гæсгæ  хид фæдаргъдæр уыдзæн ноджы 12 метры.

«Ныртæккæ мах кусæм хид сфидар кæныныл, æвæрд цæуынц доны ивылдтыты ныхмæ бетонон плитæтæ. Уый фæстæ та хид цалцæг æрцæудзæнис капиталонæй. Хиды дæргъæн ныр та уыдзæнис 21 метры бæрц. Куыстытæ æххæст цæуынц гъæдджынæй. Нæ зæрды ис æппæт куыстытæ дæр майы æмбисмæ фæуын», – зæгъы Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон куыстуаты хайады хистæр Хъотайты Барис.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй ахæм æнгæс куыстытæ кæндзысты районы хъæуты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.