Хуссар Ирыстоны адæмæн Стыр Уæрæсе кæддæриддæр йæ фарсмæ æрбалæууы æмæ йæ равдисы хъуыддагæй.  Зæгъæм, 52 азы размæ цæугæдон Леуахийы дыууæ фарсы кæрæдзийыл чи бабаста, ахæм егъау, ныфсы æмæ капиталон хид саразынæн дæр æфсымæрон æххуыс бакодта Уæрæсе. Уый районы цæрджытæн уыд зынгæ цау, уæды рæстæджы адæм æй абон дæр хъуыды кæнынц æмæ сын æхсызгон мысинагæй баззад, сæ фæндæгтæ сын доны сæрты кæй байгом кодта, уый тыххæй. Ныр дæр та Дзауы районы ног хид сырæздзæнис Уæрæсейы фæрцы. 

2023-2025 азтæн Инвестпрограммæйы объекттæм бахауд Дзауы районы Фаллагфарсмæ ног хид дæр. Нæ республикæйы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады раздæры министр Зæгъойты Эдуард нын куыд загъта, афтæмæй ацы хид æнæмæнгæй райдайдзысты аразын фидæнмæ. Йæ проект нырма цæттæ нæу, фæлæ уал ныртæккæ бæрæг бæлвырд у, кæм æй сараздзысты, уыцы бынат. Уыдзæн Дзауы скъола-интернаты бынмæ территорийыл. Ома, федералон трассæмæ æввахс. Районы дыууæ хиды кæй уыдзæн, уыцы хабар цæрджытæн уыд тынг æхсызгон, уæлдайдæр ног хид кæм сараздзысты, уырдæм æввахс цæрджытæн.

Ныртæккæ Фаллагфарсмæ хид, афтæ зæгъæн ис, бирæ азты дæргъы, ома,  йæ сырæзтæй абонмæ цалцæг æмæ реставраци никуы æрцыд æмæ уый тыххæй цæрджытæ районы администрацийы раз æвæрдтой фарст, зæгъгæ, кæд æй æркæндзысты æмбæлон уагмæ. Хидæн дзуап-пдæттæг у районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ-иу æй уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ хуымæтæджы цалцæг акодтой, йæ дзыхъхъытæ-иу ын ампъызтой. Фæлæ хид у бæстон аразинаг, астæуæй бетон йе ‘фсæйнæгты онг фегом ис æмæ дзы зæхх разындис. Къæвдабон уырдыгæй дон хъуызы бынмæ æмæ лæдæрсы хид цæуыл лæууы, уыцы егъау цæджындзтыл. Афтæмæй дон æфхæры бетоны æмæ тас у хиды фидардзинадæн. Йæ хæцæнтæ (перилæтæ) дæр сты ранæй рæтты пырхытæ æмæ сæ баивтой æфсæйнаг хæцæнтæй æмæ хид сæвидыц. Дзауы районы цæрæг хистæр фæлтæр куыд зæгъынц, афтæмæй хид йæхæдæг у фидар арæзт, хъусдард ма йæм куы уыдаид, уæд ахæм æдзæллаг уавæрмæ не ‘рхаудаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцыдæр баст у финансон фæрæзтимæ. Æмæ-иу паддзахады бюджеты капиталон цалцæг æмæ реставрацийы фаг фæрæзтæ никуы разынд.

Районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ нын куыд радзырдта, афтæмæй Инвестпрограммæйы фæлгæтты ног хид арæзт куы фæуа, уæд  зæронд хид дæр среставраци æмæ схæрзарæзт кæндзыстый.  Йæ рæстæджы гуырдзиаг аразджытæ ацы хиды эксплуатацийæн гаранти лæвæрдтой 25 азы бæрц, уый фæстæ йæ хъуамæ среставраци кодтаиккой. Фылдæр гаранти йын цæмæннæ лæвæрдтой, уымæ бацымыдис кодтам æмæ сбæрæг кодтам, кæддæр хиды арæзтады чи куыста, ахæм адæймаджы фæрцы. Уый у Дзауы районы цæрæг Хъоцыты Виктор æмæ нын радзырдта, хид куыд æмæ цы ‘гъдауæй сырæзт, уыцы истори. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзауæгтæн ацы хъуыддаджы баххуыс кодтой Уæрæсе.

Уæды рæстæджы кæд йæ саразыны ныхмæ чидæр сдзырдта, уæддæр районы интеллигенцийы минæвæртты ‘хсæн разынд ахæм адæймæгтæ, кæцытæ æмбæрстой хуымæтæг адæмы рис æмæ фыдæбон æмæ хъуыддаг скъуыддзаг æрцыдис æвæрццагæй. Абон дæр ма дзы адæм пайда кæнынц. Ацы хидæн ис ахсджиаг нысаниуæг, уымæн æмæ иу кæны, Леуахи цы дыууæ фарсы ахицæн кодта, уыцы цæрæнбынæттæ, хæххон хъæутæ.

«Цалынмæ ныртæккæ цы хидыл цæуæм, уый нæ сарæзтой, уæдмæ уымæй 50 метры дæлдæр, Леуахийы дыууæ фарсмæ дæр адæм хызтысты хъæдын хидыл. Æдæрсгæйæ дзы никуы цыдысты, бирæ хæттыты-иу доны машинæтæ ныххаудтой. Фæйнæгæй арæзт хид цас фидар хъуамæ уыдаид æмæ адæм фыдæбон кодтой, уæлдайдæр – зымæджы, кæнæ-иу дон куы раивылд, уæд. Афтæ рауад æмæ районы цыдæриддæр административон æмæ социалон уагдæттæ ис, уыдон арæзт æрцыдысты райцентры, æмæ-иу Фаллагфарсы цæрджыты сæ хъуыддæгты фæдыл бахъуыд рахизын Леуахийы сæрты. Æппын ницы, фæлæ адæмы рынчындон, скъола æмæ администрацимæ æнæмæнгæй хъуыд доны сæрты хизын. Уыдон тынгдæр тыхстысты, æмæ сдзырдтой сæ проблемæйыл. Нырма уал бахъаст кодтой бынæттон администрацимæ, фæлæ сæ курдиатæн, зæрдæ кæмæй барухс уыдаид, ахæм ныфсы дзуапп нæ райстой æмæ дарддæр сæ хъуыддагыл зылдысты. Уæд куыд райхъуыст, уымæ гæсгæ хиды арæзтады ныхмæ дзырдта Моргойы хъæуы цæрæг Джиоты Къоста, зæгъгæ, йæ арæзтад слæудзæнис тынг зынаргъ æмæ ницы пайда у. Уæд Бузалайы хъæуы авдкъласон скъолайы ахуыргæнæг Гасситы Пъауле бавдæлд æмæ ныффыста тыхст адæмы номæй фыстæг æмæ йæ арвыста Мæскуыйы Хицауадмæ. Уый йæ тексты бамбарын кодта уавæр, цас адæм æнхъæлмæ кæсынц æххуысмæ, æмæ ма хуыздæрæн бахаста дæрддаг хъæуты дæр, уыцы нымæцы Барс, Андис, Залда, Чирцъина, Сер æмæ æндæрты. Фыстæджы фæдыл разыйы дзуапп æрæрвыста ССРЦ-ы министрты Советы сæрдар Алексей Косыгин партийы Хуссар Ирыстоны обкоммæ æмæ уайтагъд хъуыддагмæ æрæвнæлдтой. (Æнхъæлдæн, уый уыдис 1968-1969 азты). Мæн 1969 азы акодтой æфсады рæнхъыты баслужбæ кæнынмæ æмæ куы æрыздæхтæн, уæд мын куыст нæ уыдис. Уыцы рæстæджы районы арæзтой хид æмæ сæм кусынмæ бацыдтæн. Дзауæй ма мемæ куыстой дыууæйæ – Санахъоты Хазби æмæ Тыбылты Славик. Аразгæ та йæ кодтой «Горийский мостострой»-ы арæзтадон фирмæ Гуры районæй. Йæ хистæр уыдис Къордзиашвили Георги. Уый уыдис 1971 азы æмæ дзы бакуыстам цалдæр мæйы бæрц. (Куыд хъуыды кæнын, афтæмæй йын йæ арæзтадмæ раздæр бавнæлдтой, æнхъæлдæн 1969 азы). Уæд мæ тæккæ тыхыл уыдтæн æмæ дзы цы уæззау куыст кодтам, уый хъуыды дæр нæ кодтон. Бон нын фыстой туман, уæды рæстæджы уый уыдис хорз æхца. Абон дæр ма мæ зæрдыл лæууы иу хъуыддаг: хид цæуыл лæууы, уыцы егъау æфсæн-бетон цæджындзтæй сæ иу фæ-зылын ис æмæ уый фæстиуæгæн кæрæдзимæ раст нал æрбацыдысты хиды иннæ деталтæ дæр. Ацы хъæндзинад тынгдæр разынд зæххæнкъуысты фæстæ, бæрæгæй зыны, хидмæ бынты куы скæсай, уæд. Хидæн йæ дæргъ у сæдæ метрмæ æввахс. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис 1971 азы октябры мæйы», – радзырдта Хъоцыты Виктор. Ацы датæ фыст ис хиды бын цалдæр раны.

Цалынмæ уац цæттæ кодтон, уæдмæ цасдæр рæстæг агуырдтон, хид кæцы азты сырæзт, уый, фæлæ мын æй бæлвырдæй ничи загъта. Районы архивы дæр нæ разынд. Хорз уаид, архивы кусджытæ сæ куысты хъуыддагмæ æмбаргæ ахаст куы ‘вдисиккой æмæ гæнæн куыд ис, уымæй регистраци куы кæниккой алы историон факт дæр.

Йæ рæстæджы гуырдзиаг специалисттæ арæзтады гъæд бафаудтой æмæ йын йæ эксплуатаци кæныны æмгъуыдæн цы ‘мбæлы, уымæй къаддæр азты гаранти радтой, уæддæр куыд уынæм, афтæмæй хид разындис фидар. Æрмæст æфсæддон æмæ уæззау техникæ йыл цы фæцыдис, уымæй дæр бæрæг у, тынг фидар арæзт кæй уыд. Рацыдис 50 азæй фылдæр æмæ ныртæккæ уавæр домы, цæмæй реставрацигонд æрцæуа.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.