Нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ 2020-2021 азтæн хаст æрцыдис, республикон  нысаниуæг кæмæн ис Гуфта-Къуайсайы автомобилон  фæндаджы æртыккаг этапы арæзтад. Егъау куыстыты фæстиуæгæн фæндаджы  арæзтадон куыстытæ фесты, цы æмгъуыд сын уыд лæвæрд, уæдмæ. Куыд зонæм, афтæмæй фæндаджы арæзтад арæзт цыд цалдæр этапы. Ивгъуыд азы æххæст æрцыд æртыккæгæм этап. Фæндаг иууылдæр арæзт æрцыд нырыккон фæндагарæзтады домæнтæм гæсгæ. Инвестицион программæмæ канд фæндаджы арæзтад нæ бахаудта, фæлæ ма хидты арæзтад дæр. Ныртæккæ Къуыдаргомы егъау куыст цæуы Кировы хъæумæ хæстæг хиды капиталон арæзтады фæдыл. Раздæр уым цы зæронд хид арæзт уыд, уый бирæ рæстæджы дæргъы фæлæггад кодта Къуыдаргомы цæрджытæн, фæлæ куыдфæстагмæ æрцыд æдзæллаг уавæрмæ æмæ тасдзинад æвзарын кодта бæлццæттæн. 

Нæ  республикæйы фæндаджы арæзтады хайады гæс Абеты Хъазбег нын куыд загъта, афтæмæй хидтæ кæдфæнды дæр арæзт фæцæуынц сæр-магонд проекттæм гæсгæ, уымæ гæсгæ ныртæккæ Кировы хид дæр арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны фæндæгты арæзтады проектмæ гæсгæ. Хъазбег нын куыд загъта, афтæмæй ног хидæн йæ сæрмагонд конструкцитæ сты ныридæгæн æвæрд, йæ бахизæнтæ сты цæттæ. Фæлæ куыст иуæй-иу хатт урæд æрцæуы боныгъæды аххосагмæ гæсгæ. Хиды арæзтады фæдыл  цы куыстытæ фæцæуы, уыдон  тынг хицæн кæнынц фæндагарæзтады куыстытæй. Уымæн æмæ хиды фæдыл куыстытæн ис йæхи куысты спецификæ æмæ технологи. Хидты арæзтадон куыстытæ фылдæр хатт баст вæййынц боныгъæдмæ гæсгæ. Уымæн æмæ æвзæр боныгъæды рæстæджы нæй гæнæн æмæ арæзтадон куыстытæ æххæст кæнæм. 

«Ныртæккæ кæнæм хидмæ бахизæнты хуыр ныккалыны  куыст  æмæ уый фæстæ та æрæвналдзыстæм  асфальт æвæрынмæ. Уæлдæр ма йæ куыд загътон, афтæмæй уыцы куысты тыххæй æнхъæлмæ кæсæм хъарм боныгъæдтæм. Ацы ног хид арæзт цæуы цæугæдон Джоджорайы сæрты, куыддæр хæхтыл мит тайын райдайы, афтæ ацы дон дæр раивылы, кæй зæгъын æй хъæуы. Тынг знæтдон у æмæ ацы æрдзон катаклизмамæ нæ кæсгæйæ мах нæхи бацæттæ кодтам æппæт куыстытæ бакæнынмæ дæр. Уымæн  æмæ æрдзимæ тохгæнæн нæй æмæ махæн æвзæр боныгъæды нæ бон нæу æмæ арæзтадон куыстытæ æххæст кæнæм. Зæронд хид тынг æдзæллаг уавæры уыдис, тæссагдзинад æвзæрын кодта куыд маши-нæты шофыртæн, афтæ, йæ сæрты фистæгæй чи хызтис, уыдонæн дæр» – банысан кодта Абеты Хъазбег. 

Ацы  хиды арæзтад хаст æрцыдис,  нæ республикæйы цы Инвестицион программæ кусы, уый фæлгæтты.  Куыддæр Гуфта – Къуайсайы фæн-даджы арæзтад кæронмæ бахæццæ, афтæ æрæвнæлдтой нæ республикæйы фæндаджы арæздады кусджытæ  ацы хиды арæзтадмæ.

Фыццаджыдæр уыдон ныппырх кодтой зæронд хид æмæ бынат бацæттæ кодтой ног хидæн.  Хиды арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ   æххæст кæнынц  бынæттон  цæрджытæ, уымæн Абеты Хъазбегы ныхæстæм гæсгæ, куыст цы комы фæцæуы, уыцы куыстытæ хъуамæ æххæст кæной бынæттон фæсивæд. Уæд куысты гъæд вæййы хуыздæр æмæ гъæдджындæр. Хиды æвæрд уыдзæн сæрмагонд цæджындзтыл, кæцытæ уромдзысты  уæзтæ.

Абайты Хъазбег нын куыд загъта, афтæмæй ацы хиды арæзтад хаст уыд 2020-2021 азты Инвестицион программæмæ æмæ хъуамæ арæзтадон куыстытæ æххæст æрцыдаиккой ивгъуыд азы кæронмæ, фæлæ цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ хиды арæзтады   куыстытæ хаст æрцыдысты ацы азмæ.  Æппæт хъæуæг арæзтадон æрмæджытæй æмæ техникæйæ  цухдзинад не ‘ййафынц. Кусджытæ сæ мызд исынц афойнадыл.  Хидæн йæ дæргъ у 48 метры,  йæ бахизæнтимæ та – 64 метры бæрц .

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.