4-æм марты уагъд цыд РХИ-йы Хицауады рабадт. Сæрдариуæгад ын кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой къорд закъоны проектыл.

Культурæйы министр Зассеты Жаннæ хицауады уæнгты размæ рахаста ног хæдивæг снысан кæныны фарст.

«Къацты Филипп нæ республикæйы у зындгонд адæймаг. Сымахæй уый алчидæр зоны, куыд хорз актер æмæ раздæры театры разамонæг. Къацты Филипп ма раздæр дæр куыста Культурæйы министры хæдивæгæй. 2014 азы та æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны парламенты депутатæй. Кæд æмæ Къацты Филиппы кандидатурæйы æвварс рахæцат, уæд ын мах бахæс кæндзыстæм, цæмæй йæ цæст дара министрады аппаратмæ, паддзахадон проекттæм æмæ  социалон фарстатæм», – дзырдта Зассеты Жаннæ.

Хицауады уæнгтæ сразы сты Къацты Филипы кандидатурæйыл æмæ нысан æрцыд Культурæйы министры хæдивæгæй.

Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министр Тотчиты Георги та фæндон бахаста, цæмæй организаци æрцæуа ахсджиагдæр медицинон препараттæ Уæрæсейæ æнæкъуылымпыйæ ласын. «Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейæ нæй фæсарæнтæм хосты иуæй-иуты хуызтæ ласыны бар. Фæлæ уый нæ æндавы гуманитарон æххуысыл. Мæ хъуыды у ахæм, Михаил Мишустины номыл арвитын хъæуы фыстæг, цыран лæмбынæг фыст хъуамæ æрцæуой, эпидемийы рæстæджы нын нæ къух цы хостæ сараздзысты, уыдон номхыгъд», –  фехъусын кодта Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр.

Хицауады рабадты дзырд цыд ныртæккæ нæ горæты аптекæты кæй ис медицинон маскæты дифицит, кæцыдæртæ та уæй цæуынц бæрзонд аргъмæ. Иу маскæйы аргъ, зæгъгæ, фæфылдæр 20 хатты. Аптекæйы кусджытæ зæгъынц, зæгъгæ, медицинон маскæтæ нæй Цæгат Ирыстон-Аланийы дæр.

Уый фæдыл министр загъта: «Мах æрсидтыстæм сæрмагонд аптекæты хицæуттæм, цæмæй æгæр ма фылдæр кæной маскæты æргътæ нæ, фæлæ ма медицинон препаратты æргътæ дæр. Рæстæгæй-рæстæгмæ мах араздзыстæм рейдтæ, кæцы аптекæты схизын кæной æргътæ, уыдон карзæй æфхæрдзысты æмбæлон органтæ», – дзырдта Тотчиты Георги.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард дæр Хицауады уæнгты размæ бавдыста официалон гæххæттытæ, кæцытæм гæсгæ Гром-Цъинагары фæндаг хъуамæ хаст æрцæуа, республикон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы фæндæгты номхыгъдмæ.

«Автомобилон фæндаг Гром-Цъинагар арæзт æрцыд 2019 азы. Прект арæзт цыд Инвестицион программæйы фæлгæтты. Йæ реализаци кæнынæн хицæн æрцыд 255 милуан сомы. Фæндаджы арæзтад йæ техникон домæнтæм гæсгæ нымад цæуы V-æм категорийы арæзтадыл æмæ хъуамæ хаст æрцæуа, республикон нысаниуæг кæмæн ис, уыдон номхыгъдмæ. Уый та ахъаз уыдзæн, цæмæй 2020 азы фæндагыл  æрцæуой, зымæгон сезонмæ ма дзы цы уæлæмхас куыстытæ хъуамæ æххæст æрцæуой, уыдон», – дзырдта Гуыззыттаты Эдуард.

Комитеты сæргълæууæг лæмбынæг дзуаппытæ лæвæрдта, цы фарстатæ йæм лæвæрдтой, уыдонæн æмæ уый фæстæ Хицауады уæнгтæ схъæлæс кодтой, цæмæй Гром-Цъинагары фæндаг хаст æрцæуа, республикон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы фæндæгты номхыгъдмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.