Сусæггаг нæу, сылгоймаджы йæ зæрдæ алыгъуызон рæсугъдгæнæнтæм кæй фелвасы, уый. Æхцондзинад фæисы алыгъуызон аив хъусцæджытæ, къухдарæнтæ æмæ рæсугъд  хъуырдарæнтæй. Нæ сæ æфсæды йæ цæст, уыдон ын, æгæрыстæмæй, цалдæргæйттæ куы уой, уæддæр. Уымæн æмæ æмбары, уыдон ын æфтауынц йæ рæсугъддзинадмæ ноджыдæр рæсугъддзинад. Æвæццæгæн ахæм у йе ‘рдзон сконд сылгоймагæн.

    Фæлæ, ахæм хъуыдыимæ æххæст разы нæу нæ горæты гуырæн хæдзары дохтыр гинеколог-эндокринолог Санахъоты Тамилæ.

Иууыл рæсугъддæр æмæ зынаргъдæр рæсугъдгæнæн сылгоймаджы хъуырыл сты сывæллоны чысыл цæнгтæ, йæ мады хъуырыл сæ цæгау æрбатухгæйæ. Дзырд дæр ыл нæй, алы æвзонг бинонтæн дæр, иууыл стырдæр хæзна кæй у хъæбулы райгуырд. Уый у иууыл хæрзиуæгондæр лæвар дунескæнæгæй. Сабитæ! Уыдон сты нæ цин, нæ мæт. Уыдон сты нæ сомбон. Фæлæ, уыцы амонд алкæмæ не ‘рхауы, бирæты бахъæуы хос кæнын, цæмæй банкъарой хъæбулы стыр уарзт.

«Раст, уыцы нысанæн равзæрстон мæ дæсныйад æмæ йыл цæудзынæн фидарæй, цæмæй æнкъарын кæнон хъæбулы ад, чи йæм бæллы, уыцы æвзонг ныййарджытæн», –  загъта ныфсджынæй Тамилæ.

Тамилæ райгуырд æмæ схъомыл фæрнджын бинонты хæдзары. Йæ фыд зынгæ историк, йæ адæмы æнувыд патриот, дзæнæттаг Санахъоты Мураты ном хорз зындгонд у нæ адæмæн. Йæ ныййарæг мад Тадтаты Людмилæйы ном дæр хорз зонынц, куыд сывæллæтты дохтыр-педиатр, афтæ. Бирæ азты фæкодта нæ адæмæн йæ лæггады хай Æнæ-низдзинад хъахъхъæныны министры хæдивæджы бынаты кусгæйæ. Уæдæ, канд нæ горæты нæ, фæлæ нæ республикæйы дæр стæм адæймаг разындаид Советон Æфсады булкъон Тадтаты Иракъли æмæ йæ цардæмбал Манийы чи нæ зыдта. Сæ дыууæ дæр уыдысты, куырыхон зонд æмæ ирон æгъдæуттæн стыр кад чи кодта, ахæм адæймæгтæ. Иракъли тынг уарзта йе ‘взаг, цымыдис кодта йæ адæмы историмæ æмæ, йæ рæстæджы, ацы асхджиаг фарстаты фæдыл уацтæ мыхуыр кодта нæ газеты дæр.

Тамилæйы райгуырд бинонтæн мæйдар æхсæв арвыл хур куыд скæса, афтæ уыд. Скъола-мæ цæуынхъом куы фæцис, уæд æй ахуыр кæнынмæ барвыстой нæ горæты дыккаг астæуккаг скъоламæ æмæ йæ бакаст сыгъзæрин майданыл, 1992 азы гуырдзиаг æнæформалтимæ хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уæд. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыдис Мæскуыйы «Адæмты Хæлардзинад»-ы университетмæ æмæ 1999 азы æнтысгæйæ райста дыууæ дипломы: англисаг æвзагæй реферант – тæлмацгæнæг æмæ дохтыры дæсныйад «Лечебное дело», зæгъгæ. Йæ ахуыры рæстæджы Санахъоты Тамилæ цæстæвæрæн фæцис йæ лектортæн йæ ахуыр æмæ уагахастæй, иттæг хорз нысанæй дæлдæр никуы райста. Тамилæ сæ фæлварæнты рæстæджы дæр дисы æппæрста йæ зонындзинæдтæй. Стыр ныфс дзы æвæрдтой ахуыргæндтæ, профессортæ æмæ йæ ныууагътой йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй уыцы университеты ординатурæйы. 2001 азы райста акушер æмæ гинекологы дæсныйад. 2001 азæй – 2004 азмæ та бакаст акушер æмæ гинекологы дæсныйады фæдыл аспирантурæ. 2004 азы 17 ноябры бахъахъхъæдта диссертаци æмæ райста медицинон зонæдты кандидаты ном. Фæлæ уый фагыл нæ банымадта Сана-хъоты чызг æмæ ногæй ахуыр кæ-нынмæ бацыд Мæскуыйы квалификаци бæрзонддæргæнæн ин-ститутмæ æмæ дзы райста дохтыры диплом Ультразæлон диагностикæйæ.

Кæрæдзийы фæдыл атахтысты æвзонг чызджы ахуыры азтæ æмæ ссис профессионалон дохтыр. Бахордта Гиппократы ард, чызджы цинæн кæрон нал уыд. Ныр æм разæй æнхъæлмæ каст фæллойадон цард, хъуамæ сæ фарсмæ лæууа æмæ æххуыс кæна тыхст рынчынтæн. Тамилæ хорз æмбæрста, дохтыры ном хæссын фаг кæй нæу, фæлæ хъуамæ уай профессионалон æгъдауæй цæттæ æмæ дын уыимæ уа æнкъараг зæрдæ…

Æнкъараг, фæлмæн зæрдæ æрдзæй рахаста Тамилæ, адæмы уарзыныл, сæ хорзæх сын арыныл та цы фæрнджын хæдзары райгуырд, уыцы бинонтæ йæ схъомыл кодтой.

Йæ ахуыр фæуыны фæстæ Санахъоты Тамилæ кусын райдыдта Мæскуыйы бинонтæ план кæныны æмæ репродукци кæныны центры. Бакуыста дзы 11 азы, 2005-2015 азмæ. Йæ зонындзинæдтæ йын хынцгæйæ, Тамилæ 2015 азы раконд æрцыд, Мæскуыйы ЭКО кæм аразынц, уыцы клиникæмæ. Уыцы азты уый йæ квалификаци бæрзонддæр кодта æндæр æмæ æндæр рæстæджыты. Æвзæр нæ цыд йæ куыст. Тамилæ уæзбын, хиуылхæцгæ æвзонг адæймаг у, стæй йæ дæсныйадыл дæр тынг æнувыд кæй у, уый æнæрахатгæ нæ фесты йе ‘мкусджытæ æмæ йын стыр аргъ кодтой алы ран дæр. Рынчынтæн йæ рæвдаугæ, сабыр ныфсуадзæг ныхас лæвæрдта тых æмæ фидарæй лæууыдысты сæ низты ныхмæ. Фæлæ Тамилæйæн йæ зæрдæ æхсайдта йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Уый уыдта, хæсты рæстæджы бирæ æвзонг лæппутæн кæй фæцудыдта се ‘нæниздзинад æмæ Мæскуымæ кæй цыдысты хос кæнынмæ, уый.

Æмæ уæд Тамилæ аскъуыддзаг кодта йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцæуын æмæ йе ‘ххуысы сæр кæй хъæуа, уыдонæн ам, бынаты хос кæнын. Æрыздæхт æмæ ныр афæдзы бæрц кусы нæ горæты Гуырæн хæдзары æмæ йæ бон цас у, уымæй нæ ауæрды йæ тыхыл, архайы сын се ‘нæниздзинад æрнывыл кæныныл, царды иууыл зынаргъдæр цы ис, уыцы хъæбулы ад сын бавзарын кæныныл. Æмæ, канд ахæмтæн нæ хос кæны Тамилæ, уымæ цæуынц сылгоймаджы низты фæдыл алцæйы тыххæй дæр. Æмæ дзы се ‘ппæт дæр рацæуынц райгон-дæй.

Ахæм æвзонг ахуыргонд дохтыр нæ горæты кæй кусы, æмæ йæ раттæг адæмæн йе ‘ххуысы хай кæй кæны, уый стыр арфæйаг хъуыддаг у. Алчидæр хорз æмбары, цæмæй нæ  республикæ размæ цæуа, уый тыххæй та нæ алы фадыджы дæр хъæуы бæрзонд квалификациджын специалисттæ.

«Сылгоймаджы æххуыс – сылгоймагæн» – ахæм у йæ дæсныйад, нæ горæты гуырæн хæдзары дохтыр гинеколог-эндокринолог Санахъоты Тамилæйæн. Æмæ, сылгоймаджы амондæй хайджын уæд йæхæдæг дæр!

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.