Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитеты тыххæй уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссын, дзулфыцæн комбинатæн субсидитæ рахицæн кæнын, бюджетон системæйы архайд хуыздæр кæнын æмæ æндæр фарстатыл уынаффæ кæнынæй райдыдта РХИ-йы Хицауады рабадт, кæцыйæн сæрдариуæг кодта Президент Гаглойты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг Хицауады уæнгтæй æрдомдта æргомдæр информацион политикæ æххæст кæнын, æхсæнадмæ, коллективтæм нысанмæздæхтæй æххæсткæнынадон хицауады органты уынаффæтæ хæццæ кæнын сæ план кæнынæй райдайгæйæ, афтæ ма хæслæвæрдтæ нысанмæздæхтæй æххæст кæнын.

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Алан йæ рады хицауады структурæты къухдариуæггæнджыты хъусдард аздæхта бюджетон фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныныл карз контроль æххæст кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ æркастысты боны фæткы фарстытæм.

Афтæ, ивындзинæдтæ хаст æрцыдис “Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитеты тыххæй уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй Хицауады 2012 азы 24 августы № 159 Уынаффæмæ. Сæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад равзæрыд Комитеты тыххæй уагæвæрдтæ практикон æгъдауæй реализаци кæныны фæстиуджытæй, афтæ ма паддзахадон исад чи сты æмæ паддзахадон унитарон куыстуæттыл фидар чи сты, пайда сæ кæныны тыххæй, уыдоны сæйраг фæрæзты сфыссыны процедурæ оптимизаци кæныны нысанæн.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «Дзулфыцæн комбинат кæй уадзы, уыцы 1-аг сорт ссадæй конд 600 грамм кæрдзыны цæрджыты æлхæнынхъомдзинадæн паддзахадон æххуысы хицæн мадзæлтты тыххæй Уынаффæйы проект. Ацы проекты нысан цæуы Дзулфыцæн комбинатæн Паддзахадон бюджетæй субсидитæ хицæн кæныны фæтк. Ахæм субсидитæ комбинатæн лæвæрд цæуы æрвылаз дæр.

Райста 2023 азы амалиуæгадæн æххуыс кæныны программæ

Хицауады рабадты фидар æрцыд 2023 азы республикæйы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзты программæйы проект. Программæ финансгонд цæудзæн паддзахадон бюджет æмæ амалиуæгады льготон кредиткæнынадæн ахъаз кæныны фонды фæрæзтæй. Ацы аз уыцы нысанæн рахицæн æрцыд 60 милуан 995 сомы.

Хицауады Сæрдары хæдивæг — экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат куыд фехъусын кодта, афтæмæй программæйы 5 азы архайды рæстæджы паддзахадæй æххуыс райстой 276 амалиуæггæнæджы. Уый ма куыд загъта, афтæмæй 2020-2021 азты пандемийы уавæрты кредитон фæрæзтæ куыд хардз цыдысты, ууыл планон басгæрстытæ нæ ауагътой, фæлæ уыдон сног сты 2022 азы декабры мæйæ фæстæмæ. Ацы фадыджы хъуыддæгты уавæр куыд у, уый тыххæй, йæ ныхæстæм гæсгæ, бацæттæ кæндзысты бæлвырдгæнæн æмæ йæ æввахс рæстæджы бавдисдзысты Президентмæ.

Тадтаты Дзамболат ма банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон æххуыс, фыццаг рады лæвæрд цæудзæн, республикæйы рæзтæн приоритетондæр здæхтыты бизнес-проекттæн, ахæмтæ, куыд хъæууон хæдзарады кондад, экспортон потенциал кæмæн ис, ахæм сæудæджерадон товарты рауагъд, туризм æмæ æндæртæ.

«Хъæуы хæрзвадат уавæртæ саразын бизнесы рæзтæн, хъæуы ахæм организациты рæзтæн æххуыс кæнын, кæцытæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн аразынц инфраструктурæ, афтæ ма уыцы нысанæн фæрæзтæ хицæн кæнын», — загъта вице-премьер.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй программæйы сæйраг нысан у амалиуæгады фидар рæзт сифтонг кæнын, республикæйы районты социалон-экономикон рæзты темптæ æмæ æмвæзад сæмхуызон кæнын, фиддонæвæрæн базæ рауæрæх кæнын, уæлæмхас куысты бынæттæ саразын, цæрджыты реалон æфтиæгтæ фæфылдæр кæнын.

Паддзахадон программæйы проект бавдыст æрцæудзæн республикæйы Парламентмæ æркæсынмæ.

Рабадты ма Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг — финансты хайады хисдæрæй нысан æрцыд Джергаты Маринæ Зурабы чызг. Районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ куыд банысан кодта, афтæмæй Джергаты Маринæмæ ис куысты хорз фæлтæрддзинад.