Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт.

Рабадты райдиан паддзахады сæргълæууæг мæсæллæйы ныхæстæ загъта зынгæ дохтыр, Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны раздæры министр Зæгъойты Никъалайы амæлæты тыххæй.

«Никъала Георгийы фырт уыд зынгæ адæймаг, кæцы стыр хайбавæрд бахаста æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыгмæ. Йæ мæлæт махæй алкæмæн дæр у стыр зиан. Йæ ном баззайдзæн æнустæм. Мæсæллæйы ныхæстæ зæгъын бинонтæн, йæ фырт – Зæгъойты Эдуард Никъалайы фыртæн», – загъта уый.

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой боны фæткыл.

Фыццаджы уал æруынаффæ кодтой «Куыстмызды минималон гуырахсты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты тыххæй» фарстыл.

Докладимæ раныхас кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Закъоны проект арæзт æрцыд куыстхъом цæрджытæн куыстмызд фæд-фæдылонæй фæфылдæр кæныны тыххæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы тыххæй цы закъондзинад архайы, уый бæрæг кæны куыстмызды минималон гуырахст, куыстхъом цæрджытæн цæрæн минимумы гуырахстмæ гæсгæ. 2021 азы фыццаг кварталы куыстхъом цæрджытæн цæрыны минимумы гуырахст Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад сфидар кодта 12942 сомы, уымæ гæсгæ закъоны проектыл кусыны рæстæджы куыстмызды гуырахст фидар æрцыд аналогон гуырахстмæ гæсгæ.

Закъоны проект райсын фадат ратдзæн цæрджыты фæрныгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ хорзæрдæм бандавдзæн республикæйы социалон-экономикон уавæрыл», – загъта Тадтаты Дзамболат.

Уыимæ уый банысан кодта, зæгъгæ, куыстмызды минималон гуырахст фæфылдæр ис аст хатты. Банысан кæнын хъæуы, куыстмызды минималон гуырахст раздæр кæй уыд 1550 сомы.

Йæхи рады, Бибылты Анатоли банысан кодта, адæммæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ Президенты Сидты нысан æрцыд куыстмызды минималон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын цæрыны минимумы онг.

«Уый æвæрццагæй бандавдзæн цæрджыты царды æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ нымайын, министрты кабинет кæй хъуамæ райса ацы закъоны проект. Æмæ æввахс рæстæджы закъоны проект хъуамæ æрвыст æрцæуа Парламентмæ», – банысан кодта уый.

Уый фæстæ боны фæткы æруынаффæ кодтой, Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты паддзахадон æххуыс бакæнын инвестицион проектæн, кæцы реализаци кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Ир Базальт». Паддзахадон æххуыс хъæуы инфраструктурæйы хæрзарæзтæн.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хицауад хъуамæ мадзæлттæ иса, цæмæй цы проекттæ райдыдтой, уыдон кæронмæ фæуой æмæ кусой республикæйы экономикон рæзтæн. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, заводы архайд, экспертизæмæ гæсгæ, тасдзинад нæ хæссы экологийæн.

«Базальтон заводы алыварс бирæ ныхæстæ цæуы. Уый тас нæ хæссы цæрджытæн, кæцы бæлвырд кæнынц специалистты хатдзæгтæ. Уымæй уæлдай ма, æнæмæнгхъæуæг у, цæуыл райдыдтам кусын, уый кæронмæ фæуын», – загъта Хицауады сæргълæууæг.

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæгæнджыты æхцайæ ифтонгады хыгъды уагæвæрдыл.

Докладимæ раныхас кæнгæйæ, финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон æмбæстагон службæгæнджыты æхцайæ ифтонгады хыгъды уагæвæрд бæрæг кæны паддзахадон æмбæстагон службæгæнджыты æхцайæ ифтонг кæныны хыгъды фæтк радон улæфт, рæстæгмæ æнæкуыстхъомдзинады, медицинон басгæрст уадзын, службæйон командировкæйы рæстæджыты æмæ æндæртæ.

Рабадты рæстæджы Президент бахæс кодта Хицауадæн хуссарирыстойнаг пенсионертæн иурæстæгон бафыстытæ бафидын Республикæйы боны цытæн.

Иурæстæгон бафыстытæ 5000 сомы бæрц ма райсдзысты æвæрæз  æмбæстæгтæ, кæцытæ фесæфтой сæ дарæджы  æмæ æмбæстæгты æндæр ахæм категоритæ.

Уымæй уæлдай ма, рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой «Паддзахадон статистикæйы управленийы структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» æмæ «Дзауы районы Администрацийы структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» фарстыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.