Ахæм ныхæстæй райдыдта республикæйы Президент Бибылты Анатоли йæ бацæуæн ныхас ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты фæдыл паддзахадон къамисы радон рабадты, кæцыйæн сæрдариуæг кодта йæхæдæг. Ацы рабадты сæйраг хъусдард здæхт æрцыд геноциды сæдæ азы бонмæ конкурсы бындурыл бацæттæгонд бирæнымæц эмблемæтæй иу равзарынмæ.

Паддзахады сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ ирон адæм дыууынæм азæй фæстæмæ цыдæриддæр хъизæмæрттæ баййæфтой, уыдон сты, уыцы геноцидæн йæ рæстæгыл æмбæлон аргъ æмæ ныхкъуырд лæвæрд кæй не рцыд, уый фæстиуæг.

Раст у. Бирæ цыдæртæ нын нæ бантыст рæстæгыл саразын, бирæ цыдæртæ нын баззад рохуаты. Истори та ахæмтæ нæ бары æмæ нæ быхсы. Иу историон рæдыдæн дæр йæ фæстиуджытæ æнусты дæргъы вæййынц фидинаг. Æмæ кæмæн? Бынтондæр кæй æххос нæ вæййынц, уыцы фæлтæртæн, историон рæдыд чи æруадзы, уыцы фæлтæры фæстагæттæн.

«Мах хъуамæ æппæт фадæттæй дæр бацархайæм ууыл, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ кæнæм ирон адæмы геноциды факт. Æппæт тыхтæ дæр хъуамæ аздахæм уымæ, цæмæй нымад æрцæуа. Эмблемæйыл куы дзурæм, уæд мæ хъуыды у ахæм: хъуамæ дзурæг уа йæ нысаниуæгыл, зæрдæ йæ айса, мидис дзы уа.

Бирæ дискусситы фæстæ къамисы уæнгтæ æмæ рауæрæхгонд æмбырды хайадисджыты хъæлæсæппæрстмæ гæсгæ æвзæрст æрцыд геноциды эмблемæ, кæцы символикон цæргæсы хуызы уыцы-иу æмрæстæджы дзурæг у ирон адæмы геноцидыл дæр æмæ сæ дарддæры цардыл дæр.

Президент æмбырды хайадисджытæн фехъусын кодта, йæ къух кæй æрфыста ирон адæмы геноциды амæттæгты ном мысæн бон снысан кæныны тыххæй барамындыл. Уый уыдзæн июны 20 æм бон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.