РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй 7-æм июлы ауагъдæуыд рабадт.

Рабадты цы фарстатыл дзырдтой, уыдонæй иу уыд «Паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй». Уый тыххæй радзырдта финансты министр Хæбæлаты Азæ «Нæ Паддзахадон бюджетмæ хаст æрцыд ивындзинæдтæ, цæмæй арæзтадон организацитæн бафидæм, цы æхцайы фæрæзтæ сæм æмбæлы, уыдон. Аразджытæ сæ куыстытæ сæххæст кодтой æххæст гуырахстæй», – загъта уый. Хицауады уæнгтæ растыл банымадтой Паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссыны  фарста. Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик загъта, зæгъгæ, уыцы ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты Æхсæнхицауадон къамисы рабадты суагъæмæ дæр Мæскуыйы онлайн-режимы.

Рабадты Юстицийы министр Лалыты Зæлинæ Хицауады уæнгты размæ рахаста «Къуындæг бæрндзинады æхсæнады тыххæй» закъоны проект. «Йæ ныхæстæм гæсгæ ивындзинæдтæ хаст æрцыд муниципалон техникон куыстытæ бакæныны тыххæй фиддонтæм.

Архитектурæ æмæ арæзтады министр Зæгъойты Эдуард та æрдзырдта, «2020-22 азæн концепци республикæйы цæрджыты иуæй-иу категориты цæрæнуатæй сифтонг кæныны тыххæй цы уагæвæрдыл бакуыстой, уый тыххæй». Зæгъойты Эдуард куыд загъта, афтæмæй паддзахад йæ хæсыл нымайы, цæмæй сифтонг кæна, йе ‘мбæстæгтæй цæрæнуатхъуаг чи у, уыдоны фатертæй. Уыцы социалон пробле-мæтæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуой ацы  концепцийы руаджы, кæцы арæзт æрцыд 2020-22 азтæн. Концепцийы цы мадзæлттæ нысан æрцыд, уыдон хъуамæ æххæст æрцæуой Инвестицион программæйы руа-джы. Концепцимæ цы суммæ хаст æрцыд, уый у 1490,70 милуан сомы. Уыдон алы афæдзыл дæр куы адих кæнæм, уæд 2020 азæн у 357,63 милуан сомы. 2021 азæн – 536,75 милуан сомы, 2022 азæн та 596,31 милуан сомы. Ацы суммæтæй та бæрæг у, арæзтады гуырахст азæй-азмæ фылдæр кæй кæны.

Рабадты ма Хицауады уæнгтæ байхъуыстой  горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланы раныхасмæ. Уый йæ хъуыды загъта, цалдæр мæйы размæ горæтгæрон брондоны цы зынгсирвæзт уыд, уым йæ ахуыссын кæныныл хайад цы уæзласæн машинæты шофыртæ райстой, уыдоны схорзæхджын кæныны тыххæй. Дзырдта ма, автотранспортон управленийы рейсон автобусты шофыртæ карантины рæстæджы кæй нæ куыстой, уый тыххæй сын мызд кæй нæ бафыстой, уый раст кæй нæу. Хицауады уæнгтæ дæр растыл нæ банымадтой ацы хъуыддаг æмæ сразы сты автотранспорты управленийы шофыртæн сæ мызд бафидыныл.

Рабадты ма дзырд цыд, Дзауы районы æмæ Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы æрæджы цы хисæрмагонд хæдзæрттæ басыгъд, уыдоны хицæуттæн  баххуыс кæныны тыххæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.