Ацы аз йæ фыццаг рабадт ауагъта РХИ-йы Хицауад, кæцыйы боны фæткмæ хаст æрцыдысты 16 фарстайы. Рабадт уагъта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уый банысан кодта, 2019 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ æнтысгæйæ æххæст кæй æрцыдис æмæ загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, радон æртæазон Инвестпрограммæ дæр æххæстæй реализаци æрцæудзæн.

«Президент æмæ Хицауады хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фæдыл министрты кабинеты куысты руаджы аивгъуыйгæ аз фæцис æнтысгæйæ æмæ ацы тенденци хъæуы адарддæр кæнын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар. Уымæй дарддæр ма министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн бахæс кодта, цæмæй оперативонæй бацæттæ кæной æмæ Хицауадмæ бавдисой 2020 азæн сæ архайды плæнттæ.

Хицауады уæнгтæ дарддæр æркастысты мидхъуыддæгты министрады закъондæттынадон инициативæтæм. Фарсты фæдыл раныхас кодта Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь. Уый хицауады уæнгты размæ æркæсынмæ рахаста дыууæ закъоны проекты: «Хæцæнгарзы тыххæй» æмæ «Архайды хицæн хуызтæ лицензи кæныны тыххæй», кæцытæ хъуамæ фæхуыздæр кæной хæцæнгарзы æрзылды фæдыл фæткойтæ.

Фыццаг закъоны проекты тыххæй дзургæйæ министр банысан кодта, зæгъгæ, закъонмæ æнæмæнгхъæуæг ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй бахъуыд ног закъоны проект бакусын.

«Закъоны проекты бындурæн мах райстам «Хæцæнгарзы тыххæй» 1996 азы 13 декабры уæрæсейаг закъон. Закъоны проект регламентаци кæны алыгъуызон хæцæнгæрзтæй пайда кæнын, афтæ ма дзы нысан сты хæцæнгарзы æрзылды къабазы мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнын æмæ йæ реализаци ахъаз кæндзæн хæцæнгарзы æрзылды къабазы бархалынæдтæ фæкъаддæр кæнынæн. Ацы закъоны проект райсгæйæ, бахъæудзæн уæлæмхас финансон фæрæзтæ бюджетæй», – загъта министр.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, министрад ацы закъонмæ гæсгæ хъуамæ бакуса дæлзакъонон акттæ дæр.

Хицауады уæнгтæ ма хорзыл банымадтой «РХИ-йы фæсарæйнаг æмбæстæгты барадон уавæры тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын. Уыдон хауынц республикæйы фæсарæйнаг æмбæстæгтæн сæ уæвыны рæстæджы материалон, медицинон æмæ цæрæнуатон ифтонгады гарантитæ дæттыны фæткмæ.

Рабадты Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй Чиайы фырты уынджы цы скъолайы агъоммæ уагдон сырæзт, уый кæй байгом уыдзæн 3 февралы. Сывæллæтты ацы рæвдауæндоны тыххæй дзургæйæ, Ахуырады министр банысан кодта, кæй дзы ис 160 бынаты æмæ ныридæгæн кæй райстой 60 сывæллоны. Министры ныфс ис, сентябрмæ рæвдауæндон кæй байдзаг уыдзæнис. Йæ ныхæстæм гæсгæ рæвдауæндоны коллектив йæ куыстмæ æрæвнæлдта æмæ цæттæ у байгом кæнынмæ.

Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æмæ адæймаджы фæрныгады къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæйы фæндонмæ гæсгæ рабадты хайадисджытæ хорзыл банымадтой паддзахадон бюджетон уагдон «Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центр» саразын.  Коцты чызджы ныхæстæм гæсгæ ацы ног уагдон арæзт цæуы штатты нымæц оптимизаци кæныны нысæнттæн.

Хицауады уæнгтæ ма сфидар кодтой «Транспортон фæрæзты хицæутты  æмбæстагон бæрндзинады  æнæмæнгхъæуæг фæдзæхстады фæткойты æмæ лицензийы бланкы формæ  сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2005 азы 1 сентябры №126 Уынаффæмæ ивындзинæдтæ æмæ баххæсткæнинæгтæ бахæссыны тыххæй» Уынаффæйы проект. Уынаффæ кæнынмæ йæ рахаста Хицауады Сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

«Проекты нысан цæуы иуæй-иу пункттæ æмæ уæлæмхасæнтæм ивындзинæдтæ бахæссын, афтæ ма фæндагон-транспортон цауты тыххæй хъусынгæнæн гæххæтты формæ æмæ фæдзæхстад æххæст кæныны тыххæй лицензийы бланк сфидар кæнын», – загъта уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæндагон-транспортон цауты рæстæджы цы зиан рачындæуы, уый баххæст кæныны фадат нæма ис æмæ уый та ныры уавæрты раст нæу. Куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны фæдзæхстадон ведомство уый фæдыл архайы. Фæлæ, цæмæй æххæстæй скуса, уый тыххæй йæ хъæуы лицензи кæнын æмæ хъæуæг документты формæтæ сфидар кæнын. Уый фадат ратдзæн фæндагон-транспортон цауты рæстæджы зиан кæмæн рачындæуыд, уымæн æй бафидын.

«Ныртæккæ куыст цæуы тарифтæ сфидар кæныныл. Æргътæ уыдзысты, Уæрæсейы цас сты, уымæй къаддæр, максималон бæрц та уыдзæн 40 мин сомы. Уставон капитал куыд фылдæр кæна, афтæ фылдæр кæндзæнис æххуысы бæрц», – загъта вице-премьер.

Рабадты дзырд цыдис, Республикæйы чи апарахат, уыцы гриппы тыххæй дæр.

Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æмæ адæймаджы фæрныгады къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ рабадты хайадисджытæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цхинвалы 1,2,5,10-æм астæуккаг скъолаты, скъола-интернаты, Аивæдты лицейы, сывæллæтты 14, 17, 18-æм рæвдауæндæтты, Дменисы астæуккаг скъолайы, Къостайыхъæуы сы-вæллæтты рæвдауæндоны, Дзауы поселочы æмæ Гуфтайы хъæуы, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ Знауыры районы Терегуаны астæуккаг скъолайы  баконд æрцыд кар-антин.

Коцты чызджы ныхæстæм гæсгæ, уыдон æдзух сæ хъус дарынц ситуацимæ, исынц лæмбынæг информаци ахуырадон æмæ хосгæнæн уагдæттæй.

«Къорд ахуырадон уагдæтты ахуырмæ цы скъоладзаутæ нæ цæуынц, уыдоны нымæц 20 процентæй фæфылдæр. Афтæ кæй у, уый тыххæй уынаффæ райст æрцыд, цæмæй ахуыры процесс урæд æрцæуа 22 январæй 1 февралмæ. Ивгъуыд азты ацы рæстæджы зонæнтæн анализ аразгæйæ, бæрæг у, гриппæй рынчын кæнын куыд фæтк, афтæ кæй райдайы азы æртыккаг къуырийæ æмæ ах-хæссы февралы мæйы кæронмæ. Афтæ у ныр дæр», – радзырдта  комитеты сæргълæууæг.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ахуырадон уагдæттæ цы зонæнтæ бавдыстой, уыдонмæ гæсгæ гриппæй фылдæр рынчынтæ ис ахæм ахуырадон уагдæтты, кæцыты гриппы ныхмæ сывæллæттæн са-рæзтой иууыл къаддæр судзинтæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ гриппы ныхмæ прививкæтæ аразыны фарстмæ фидæны хъæуы бæрнон-дæр ахаст равдисын. Цæвиттонæн æрхаста горæты 1-æм скъолайы, цыран гриппы ныхмæ прививкæтæ арæзт æрцыд æрмæстдæр 7 процентæн ахуыргæнинæгтæн сæ иумæйаг нымæцæй æмæ уыцы скъолайы ис иууыл фылдæр рынчынтæ.

Ахæм уавæр кæй сæвзæрыд, уымæ гæсгæ ведомство рахызт, ахуырадон уагдæттæм ахуыргæнинæгтæ куыд цæуынц æмæ медицинон уагдæттæм цас цæуы, уыдоны фæдыл æрвылбонон мониторингмæ æмæ сæ фæстиуджытæм гæсгæ мадзæлттæ исдзысты карантин бакæныны фæдыл.

3 январæй 9 январмæ Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæттæм медицинон æххуысы тыххæй чи бацыдысты, уыдоны нымæц уыд 409 адæймаджы. Уыдонæй 330 уыдысты, 15 азы онг кæуыл цыдис, ахæм сывæллæттæ.

Рабадты ивындзинæдтæ бахастæуыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты цæрæнуат хынцыны æмæ дæттыны къабазы цæрæнуатон политикæйы тыххæй» закъонмæ. Уый баст у, 80-æм азты æхцайы фæрæзтæ чи бахастой, уыцы æртæ цæрæнуатон кооперативы уæнгтæй сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыдоны хицæн категоримæ бахæссынимæ.

Цæрæнуатон-арæзтадон кооперативтæ аразын райдыдтой 1987 азы, фæлæ гуырдзиаг-ирон конфликт кæй райдыдта, уымæ гæсгæ финанскæнынад урæд æрцыд.

Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй цæрæнуатон политикæйы тыххæй закъоны 17-æм статьяйы 4-æм пункты бæрæг цæуынц æмбæстæгты категоритæ, кæцытæн цавæрдæр уавæртæм гæсгæ бар ис паддзахадон цæрæнуатон фондæй цæрæнуат райсын. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй паддзахад кæй разы уа хæсджын, уыцы æмбæс-тæгты цæрæнуатæй сифтонг кæнын у карз проблемæ, барадон нормæтæ кæй нæй, уымæ гæсгæ.

Рабадты ма æмхъæлæсæй рахæцыдысты, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты, уыдонæн Хицауады резервон фондæй фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй уынаффæйы æвварс.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.