Къуайса – Ирыстоны нæргæдæр къуымтæй иу. Часавал – йæ дурынвидар æмзæрдæ.  Кæмæй фидауы, йæ уыцы зынгæдæр хъæбултæй у Зассеты Феликс: удвидар, рæстаг, æртвæдис адæймаг. Ныртæккæ нæм цы зынгæдæр бынæттæ бацахсынмæ цы иронгæнттæ дугъ кæнынц, уыдон сæ сæртæ æмбæхсынмæ куы дугъ кодтой, уæд Республикæ Хуссар Ирыстон куы расидтыстæм, чидæртæ зæрдæхъæрмттæ куы фесты, ныр сæфдзыстæм, зæгъгæ, не знæгтæм куы лыгъдысты, уæд нæ уынаффæйыл Феликс Михаилович, Республикæйы хицау уæвгæйæ, йæ къух, – фæрнæй йæ фæдарæд, – бафыста фидарæй.

Нæ дуджы адæм куыд стырдæр бынæттыл сæхи хæрынц. Уый барвæндæй, мæ Ирыстон, мæ адæм дзæбæх уæнт, æндæр мæ ницы хъæуы, зæгъгæ, барвæндæй ныууагъта хицауады Сæрдары бынат. Ӕндæр бынæтты йæ хайбавæрд хæссы нæ паддзахады рæзтмæ. Уыимæ никуы фехъуыстон, искæмæн цыдæр баххуыс кæнын хъуыд æмæ йæхи бафæсфæд кодта. Ацы поэтикон цикл Зассеты Феликс Михаиловичы номыл Къуайса æмæ къуайсайæгты тыххæй уымæн æрцыд фыст.

Хæлар ын æй кæнын сыгъдæгзæрдæйæ. Хуыцау – йæ фарс.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

К Ъ У А Й С А

(ц и к л)

ЗАССЕТЫ  Феликсæн

Йæ дзырд – лæг-цырт,

къæдзæх-дурæй лæмаргæ,

рæстдзинад ары.

Кæны нын цыт,

ирон æгъдæуттæ таугæ,

цыфæнды сары.

 

Куы бахъуыд сæр

нæ Ирыстоны фарнæн, –

уæд кад-цыт сагæн, –

нæ гом къæсæр

йæ фидар къухфыст-армæй

ныхгæдта знагæн.

 

У тынг бæлвырд,

рæстдзæвиндæр у фатæй

сæрджынты тохы

йæ рæстаг дзырд –

нæ рабаддзæн дзы уатæй

ызнаг фыдохы.

 

Йæ ис, йæ бис –

нæ ирон лæджы фарны

нæ Ирыстон ку’ ары.

Йæ зæрдæ ис

йæ сæрмæ сисгæ армы –

тæмæнтæ калы!

 

Цыма у рухс мæй.

Цу йæ рухсмæ!

 

 

ФЫССÆГ

Нафийæн

Нæ дын ис тæнджыты фæндаг,

Ысдæ кæд сагъæстæ фыссæг –

Дæ кард, дæ уарт тыхы бардуаг

Нæ фарнæн схай кодта æцæг…

 

Фæдисмæ чи вæййы къуырма,

Йæ хъус ныззара. Уа уæндон,

Кæмæн нæ бантысти нырма

Ыскæнын фарны кувæндон.

 

Нæ дæ барæвдаудзæн дæ фын.

Дæ уарзт дæ ызнæгтыл дæр тау.

Æрулæфт ма агур æппын:

Дæ дзырд кæм – кард, кæмæн – мыдау.

 

Зæрин хурæн дæ сæрæй кув.

Рæстадыл тох кæнын – дæ ард.

Фæнды дæ бындзгуытæ рæдув,

Дæ уды ма ˊрнымæг уæд арт.

 

Дæ фæндаг кæд цæуы æмхæрд,

Нæ уадзыс де ˊмгæрон хуыссæг,

Дæ туджджын дын ыссис æрдхорд,

Ысдæ Хуыцауы ˊмсæр, фыссæг.

 

Чырыстийау ныхыдзуар хæсс.

Чырысти у дæ туг-ыстæг.

Хуыцау дæр нˊайсдзæни дæ хæс.

Дæхæдæг дæ Хуыцау, фыссæг!

 

 

 

ЧИАТЫ ИОСИФЫ ЗАРÆГ

Ирзæхх нал уыдис тохæй йæ адыл –

Цыд йæ удæй йæ сусæг æрдиаг.

Иосиф бадзуры: «Ирбæсты кадыл

Схæцæм арвмæ фыдæлты фæндиаг».

 

 

Радта Скæнæг дæу Ирбæсты монæн –

Уый у рагæй дæр махæн нæ дзырддаг.

Ма уа сæфæн, Иосиф, дæ номæн

Фарнæн кæй радта Чиаты мыггаг.

 

 

Басгуыхт Къуайса дын ‘рзæт-цинчы хæндыг –

Слæууыд Къуыдар цы фидар йæ къæхтыл.

Иры зæххæн Къуайса уыд йæ фæрдыг,

Хъуыст йæ зарæг нæ хæхтыл, нæ рæгътыл.

 

Хорз чи нæ зоны, уый у гуыдынхъус –

Тæсчъы фæдарынц, тæсчъы сæ сæртæ.

Ирæй арæзта Иосиф мыды къус,

Уымæн не стæфст хæдмæлхорты зæрдæ.

 

 

Сыгъд Иосиф нæ Ирæн цырагъау.

Ир ысуынддаг йæ уарзгæ кæстытæй.

Аргъау арæзта Ирзæххæй, аргъау,

Фæлæ басыгъд хæлæджы цæстытæй.

 

 

Радта Скæнæг дæу Ирбæсты монæн –

Уый у рагæй дæр махæн нæ дзырддаг.

Ма уа сæфæн, Иосиф, дæ номæн

Фарнæн кæй радта Чиаты мыггаг.

 

 

 

 

ЧЫЗГАЙЫ  ЗАРÆГ

Терчы фалейæ къуыдары бæстæ, ой;

Ой, мæ бон, къуыдары бæстæ, ой!

Чызгайы рæсугъд, мæ зæды ‘нгæс дæ, ой;

Ой, мæ бон, мæ зæды ‘нгæс дæ, ой!

 

Лæппуйы сагъæс рæсугъд чызг суры, ой;

Ой, мæ бон, рæсугъд чызг суры, ой!

Чызгай, мæ зæрдæ дæуимæ дзуры, ой;

Ой, мæ бон, дæуимæ дзуры, ой!

 

Райсомы ирдгæ дзæнгæлтæ кæны, ой;

Ой, мæ бон, дзæнгæлтæ кæны, ой!

Чызгай, дæ мастæй сæрæн нал кæнын, ой;

Ой, мæ бон, сæрæн нал кæнын, ой!

 

Кæрдæджы æфсон мæнтæг кæрддзынæн, ой;

Ой, мæ бон, мæнтæг кæрддзынæн, ой!

Чызгай, дæ фæдыл мæрдтæм цæудзынæн, ой;

Ой, мæ бон, мæрдтæм цæудзынæн, ой!

 

 

КЪУАЙСАЙЫ  ЗАРÆГ

Иры зæххыл уарзт, хурау, гуырæд.

Арвмæ фæндаг нын кад ысуа.

Дуне базыдтой, райгуырд горæт

Хохы дæлбазыр – мах Къуайса!

 

Дидин кал, Къуайса, цард дын – адæн!

Ахæм уарзтæй нæй, нæй æфсис!

У дæ нæргæ ном не стыр кадæн.

Бон сыгъзæрин дæ, ‘хсæв – æвзист!

 

Ахæм стыр амонд – хæс нæ удтæн,

Рагон Къуыдарæй – бæр нæ цин.

Ноггуырд горæтæн нæй фæцудæн.

У йæ арф бындур бирæ цинк.

 

Дидин кал, Къуайса, цард дын – адæн!

Ахæм уарзтæй нæй, нæй æфсис!

У дæ нæргæ ном не стыр кадæн.

Бон сыгъзæрин дæ, ‘хсæв – æвзист!

 

Зарæг – царды цин. Тагъддæр – зарæг!

Зараг удæн, гъей, ис æнтыст!

Чи нæм дара ком, уый бон – сайраг.

Амонд махмæ, ой, фаг æркаст!

 

Дидин кал, Къуайса, цард дын – адæн!

Ахæм уарзтæй нæй, нæй æфсис!

У дæ нæргæ ном не стыр кадæн.

Бон сыгъзæрин дæ, ‘хсæв – æвзист!

 

 

КЪУАЙСА

Радта не скæнæг фæрнджын зæхх –

Хуртæ хохфæхстæй кæсынц.

Джоджора æмæ къуыдарзæхх

Амонд Къуайсайæн хæссынц.

 

Сты нæ чызджытæ бæлæттæ,

Хохаг саг-лæппу – цæргæс.

Теркæй-Туркмæ нын – хæлæрттæ.

О Хуыцау, ды нæм æркæс!

 

У Къуайса æвзист, сыгъзæрин,

Рагон Къуыдарæн – йæ уд.

Цинкъ, ызды æмæ сырх зæрин

Къуайсайы кæнынц тæвд туг.

 

Хæхтæ каубыдæй – Къуайсайыл.

Арв ын дунемæ – кæсæн.

Дугты азарæй у арыд,

Худгæйæ уæддæр кæсæм.

 

Бон нæ хурзæрин рæвдауы,

Мæйы рухсмæ ‘хсæв – нæ цард.

Къуайса фарны мыггаг тауы.

Кад ын уæд, æмæ йын – цыт!

 

Макуы бон æрцу, макуы цъист!

Бон сыгъзæрин дæ, ‘хсæв – æвзист!

2007 –2009

 

 

НАЛ  ХЪÆУЫ  ХÆСТ

Райдай Кæфтæй – Кæсæгмæ

Дуне – мах.

Цы ма нæ хъуыд?!

Хæст бырста нæ уæзæгмæ.

Иртæ зæхмæ – мæрдтæй хуыд.

 

Нал нæ хъæуы иу хæст дæр –

Уарзт нæ риуты ахъардзæн.

Нæй дын,

нæй дын, Ирбæстæ,

Иры зæххæй ауадзæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.