Поэт, ахуыргонд Гобозты Валери æнæрæстæджы не ‘хсæнæй фæхъуыд 2012 азы. Разæй йæм бирæ бакæнинаг хъуыддæгтæ каст, фæлæ йын сæ сæххæст кæныны фадат æгъатыр мæлæт нæ радта. Уый бирæ азты фæкуыста нæ газеты редакцийы дæр, объективонæй æвдыста ивгъуыд æнусы кæрон – ног æнусы райдианы Хуссар Ирыстоны цы трагикон цаутæ цыдис, уыдоны. Æвдыста сæ куыд йæ газетон уацты, афтæ йæ поэтикон уацмысты дæр.

Рауад  афтæ æмæ Валерийæн йæ фæстаг поэтикон уацмысты æмбырдгонд «Зæрдæйы цæссыгтæ», зæгъгæ, мыхуыры рацыд, куы фæзиан, уыцы бонты. Нал ын бантыст йæ къухмæ йæ райсын, бацин ыл кæнын. Йæ æвæрæн боны ма йæм æй бæргæ ныххастой, фæлæ… чиныджы радтой йæ хо Лялямæ… дарддæр мыхуыр кæнæм чиныг «Зæрдæйы цæссыгтæ»-йæ цалдæр æмдзæвгæйы.

Ӕнусты æмбæлццон

        Цикл

1. Къостайы бӕллиц

Дӕ зӕрдӕ ‘нус дыууӕ дихӕй дзыназы,

Мӕ Ир, куыд тынг дыл рахӕтыд хъысмӕт,

Тымыгътӕ, уадтӕ се ‘хсӕн хъалӕй хъазынц,

Дӕ рухс удыл дын уадзынц тарӕй фæд.

Зӕрин зӕрдæйы дихтӕгӕнӕг арӕн,

Нӕ удтӕй нын дӕ тарӕй сурыс рухс,

 Дыууӕ хицӕнӕй амонд нӕй ыссарӕн,

Дӕ фӕлм дын тагъд куы айсафид рӕухур.

Дӕ бархъомысӕй Иры фарн ыстъӕлы,

Йӕ хъӕбулты ‘хсӕн у гӕрӕн дӕ уад,

 Ыстъалымӕ тырны раст афтӕ стъалы,

 Кӕрӕдзийӕ сӕ фехсы дард тыгъдад.

Ӕрмӕст тыхсынц кӕрӕдзийыл сӕ тынтæ,

Фӕнычы норст зынгау вӕййы сӕ уарзт.

 Ӕнус-ӕнус вӕййынц ӕрхуым сӕ фынтӕ,

Ӕнус-ӕнус сӕ бӕллицтӕ та – мард.

Къоста дӕр дын, Ир, уымӕн тарстис дихтӕй,

Кӕй нал вӕййы ӕмудӕй уӕд цӕрӕн,

 Кӕй сырӕзынц уӕд удты ӕхсӕн ихтӕ,

Йӕ катай ‘рхуымӕй ахаста мӕрдтӕм.

Ирон адӕм, уӕд-иу уӕ цин, уӕ рыст дӕр,

Ыстыр хуыцау, бӕрзондӕй нӕм ӕркӕс,

 Цӕмӕй ӕнусмӕ баиу уа Ирыстон,

 Цӕмӕй Хъӕриумӕ стӕха Ир-цӕргӕс!!!

БӔЛЛИЦТӔ

Ӕнусмӕ ды хӕрзбон дæ уаз бæллицтӕн загътай,

Цъӕх арвы тыгъдады ӕрбайсӕфти сӕ фӕд.

Дӕ бӕсты сыл ныр уым фӕузӕлы рӕузӕд.

Фӕлӕ дӕ ингӕныл сӕ рухс цӕссыгты саха

Фӕуары тынг арӕх, дӕ фарнаей сын ныууагътай,

О, уыдон ма ныр дӕр дӕуыл фӕкӕнынц мӕт.

ФАЗЗОН

Бӕллыдысты дӕуӕн дӕ сӕфтмӕ знӕгтӕ,

Дӕ фӕдыл-иу дын бафтыдтой адзал,

Дӕ бӕллицтыл-иу атылдис йӕ цалх,

 Ыскодтой-иу сӕ буц ӕуымӕн стӕгӕй

Куыдзау, ӕрцыдысты-иу ‘фхӕрд фӕстагмӕ,

Сӕ хурхыл-иу сын рӕстӕг скодта цасм,

Ӕвӕдӕй-иу фӕтары ис сӕ цард,

Ивгъуыдмӕ сӕ ыскъӕфта уый фӕздӕгау.

Дӕуыл та руагъта ‘нусондзинад й ‘арм,

Рӕвдаугӕ дӕ йӕ хъӕбысы нытыхта,

Дӕ уаз ном дын цырагъау уый ыссыгъта.

Ӕмӕ ӕнусмӕ таудзӕн Ирыл хъарм,

О, рӕстӕджы фӕцис ӕрмӕст дӕ аууон,

     Зӕххон цардӕн ды басгуыхтӕ йӕ фаззон!!!

УДЫ УӔХ

Ды адӕмы сагъӕс дӕ зӕрдӕмӕ арф истай,

 Сӕ судзгӕ мастыл сын фӕзарыдтӕ дзӕбӕх.

Хӕстон уад-тымыгъты нӕ бафӕллад дӕ бӕх,

Дӕ бонтӕ ивгъуыдмӕ фӕлладӕй ‘рмӕст ӕрвыстай.

Фӕлӕ сын ды сӕ хъыг дӕ зарджыты ӕвдыстай

Куыд хорз сӕ разындис дӕ зӕрин уды уӕх!

КЪОСТАЙӔН

Цымӕ дӕ зӕрдӕйы цы пиллон сыгъд, Къоста?

Йӕ базыртӕ дӕ арвы риумӕ скъӕфтой,

Цӕргӕсау дын лӕвӕрдта тых тӕрккъӕвда,

Тымыгъты гуылфӕнмӕ дӕхи ӕдзух ӕхстай.

Дӕуӕн дӕ мады ‘нусмӕ баивта цъӕх арв,

Дӕ удӕн ссис йӕ рухс тыгъдад йӕ хӕтӕн,

 Сӕ цъуппытыл-иу хъазгӕ ‘рбадт нӕ хӕхтӕн,

Дӕ сагъӕстӕ дын арв йӕ риумӕ айста тарф. 

Дӕ цӕссыгтӕ-иу дын сӕрфта йӕ тынтӕй хур,

О, байгом-иу цъӕх арвы дуар рӕдауӕй,

 Ӕмӕ-иу хур ӕркаст дӕумӕ рӕвдаугӕ,

Дӕ сидзӕр зӕрдӕйӕ-иу ахауд уадид дур.

О, сонт сабийӕ ды ӕсхастай Нары рӕз,

Нӕрынӕввонг дӕ зонд, дӕ уд ныммӕстӕг,

Дӕу сӕрыдта йӕ ызнӕт фурды рӕстӕг,

Ӕмӕ ды фестадтӕ тӕхынӕввонг цӕргӕс.

Нӕртон Батрадзау ды ӕрымбӕрстай дæхи,

Дӕуӕн ныррызтис карз цардӕй дӕ зӕрдӕ, –

Дӕ дзыллӕ тары нал уыдис йӕ сӕрӕн,

Хъуыдис ын саразын алдзӕн бӕстӕмӕ хид.

Цӕхӕртӕ акалдта ӕрвӕрттывдау дӕ уд,

Хъуыд адӕмы хъӕдгӕмттӕн ссарын хостӕ,

Тымыгъимӕ дӕ зарӕг систы хотӕ,

Фӕсидтис адӕммӕ ыстыр тохмӕ йӕ футт.

Дӕ уды пиллонӕй фыдгулыл сирвӕзт арт

Ӕмӕ хъысмӕты сусӕггаг тӕрӕзтӕ

Фӕзылдтай рухсмӕ, амондӕн фӕрӕзтӕ

Ыссарынӕн ӕххӕст нывонд ӕрцыд дӕ цард.

Мӕгуыр адӕмы хурау тавта ‘дзух дӕ зард,

Цыдтӕ-иу ды тымыгъты дӕр рӕувадӕй,

 Йӕ нысанмӕ-иу тахт дӕ дзырд рӕуфатау,

Ӕмӕ-иу сау ӕрдонгыл бафтыдта ӕнкъард.

Къоста, дӕ ацыдыл ныр сӕххӕст ис ӕнус,

Фӕлӕ нӕрынц «Ирон фӕндыр»-ы тӕгтӕ,

Сты уыдон конд дӕ туг ӕмӕ ыстӕгӕй,

У Иры развӕндаг сӕ зӕрин мыртӕй рухс.

Ӕмӕ ныртӕккӕ ног куы ‘ртыхстис Ирыл тар,

Куы халы знаг Ирыстоны мӕсгуытӕ,

Уӕд та нын ног нӕ тугамӕхст уӕзгуытӕ

Дӕ зарӕг хъахъхъӕны, о, ног дзы суры cap!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.