УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ цыппар майданы рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй Пятигорскы уагъдцæуæг æппæтуæрæсейон турниры. Ерысты уæлахиздзау ссис Бекъойты Валери. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 55 кг уæзы категорийы. 46 кг уæзы категорийы та æвзист призер ссис Бесаты Алан. Бронзæйон призертæ та систы Галуанты Арсæмæг æмæ Пухаты Алан. Арсæмæг хæцыд 34 кг, Алан та  – 46 кг уæзы категорийы.

Спортсменты тренертæ сты Гæджиты Артур, Джиголаты Артур æмæ Гæззаты Андрей.

***

Найфонты Артур æмæ Тусхъаты Азæмæт систы æфсддонты ‘хсæн дунейы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Ерысты æвзист майдантæ та бафтыдысты Джиоты Эрик æмæ Бадтиаты Артуры къухты.

Ерыстæ уагъд цыдысты Ираны столицæ Тегераны. 86 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Найфонты Артурæн. Тусхъаты Азæмæт та фыццаг ссис 57 кг уæзы категорийы. Баджтиаты Артур дыккаг бынатыл ацыд 65 кг, Джиоты Эрик та – 97 кг уæзы категорийы.

 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» фæстаг æртæ хъазты æрæмбырд кодта æрмæстдæр иу очко. Уыцы хабар мæгуырауæй бандæвта турнирон таблицæйы командæйы уавæрыл.

Дзæуджыхъæуккæгтæ 24-æм туры Грознæйы фысымиуæг кодтой Мæскуыйы «Спартак-2»-йæн. Хъыгагæн, 23-æм туры «Кубань»-имæ хъазтимæ абаргæйæ (уæд хъазт фæцис 5:5) алайнаг хъахъхъæнджытæ ныр дæр бирæ хузыдæр нæ архайдтой. Ныр та сæ кулдуары бауагътой æртæ пуртийы. Хъазты 8-æм минутыл хыгъд байгом кæнынæн хорз уавæр уыд «Алани»-йæн. Йæ размæбырсæг Ислам Машуков лæгæй-лæгмæ рахызт мæскуыйæгты кулдуаргæсимæ, пурти йын аппæрста йæ цурты, фæлæ уый Машуковы сфæлдæхта æмæ тæрхонгæнæг снысан кодта пенальти. Хъыгагæн, уый æвзæр сæххæст кодта Хæдæрцаты Батраз. 10-æм минут фæстæдæр «Спартак-2»-йы размæбырсæгæн бантыст пурти бакъуырын æмæ хыгъд ссис 0:1. 32-æм минутыл уазджыты хъахъхъæнæг йæ иварон фæзуаты ахъазыд къухæй æмæ та тæрхонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Ацы хатт Хæдæрцаты Батраз архайдта хуыздæр æмæ хыгъд сæмхуызон кодта.  Фæлæ та 41-æм минутыл спартакæгтæ рацыдысты размæ. «Алани»-йы спортуарзджытæ та æнхълæмæ кастысты цыбыр рæстæгмæ та сæ уарзон командæйæн кæй бантысдзæн хыгъд сæмхуызон кæнын. Фæлæ та радон хатт расгуыхтысты уазджытæ. 47-æм минутыл уыдонæн бантыст хыгъд 3:1 скæнын. Алайнæгтæн сæ бон ссис æрмæстдæр иу дзуаппон пурти бакъуырын. 77-æм минутыл та мæскуыйæгты хъазджытæй сæ иу йæ иварон фæзуаты ахъазыд къухæй æмæ та тæрхонæгæнæг снысан кодта пенальти. Ныр та 11-метрон цæфæй расгуыхт Гуырцъыты Батраз. Фембæлды кæронмæ хыгъд нал фæивта æмæ 2:3 хыгъдæй уæлахиз бафтыд «Спартак-2»-йы къухты.

Ныр «Алани» 40 очкоимæ турнирон таблицæйы ахсы 6-æм бынат. Дыккаг бынатыл цæуæг «Факел»-æй йын ис 6 очкойы къаддæр. Чемпионат лидер «Оренбург»-æн та ис 50 очкойы.  27-æм ноябры «Алани» хъаздзæн «Велес»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.