Хуссар Ирыстоны территорийыл хъæдтæ бирæ фæзуат ахсынц æмæ нæм рагæй фæстæмæ хъæдæрмæг цæттæгæнæн пункттæ дзæвгар уыд, кæцытæ уæвынад кодтой Советон Цæдисы дуджы дæр. Кæд нæ алыварс бæлæстæй фылдæр ницы ис, уæддæр нæ адæм советон дуджы зындзинæдтæ æвзæрстой зымæгмæ сæхицæн суг æрæфтауц кæныны хъуыддаджы. Уымæн æмæ уыд ахæм фыдвæтк, афтæ тынг хъыгдардтой бынæттон цæрджыты, æмæ сæ æдзух ивар кодтой бæлас ралыг кæныны тыххæй. Диссаг нæу, кæм райгуырдтæ, уым дын дæ хъæдмæ бавналæн нæй, фæлæ йæ хицауад дæ фындзы бын цæгъды æмæ йæ ласы æндæр рæттæм, – фыццаджыдæр та – Гуырдзыстонмæ. Мæ дада уæды рæстæджы хъæдгæсæй бирæ фæкуыста æмæ афтæмæй иу зымæг дæр йæ кæрты фаг суг никуы уыд, æмæ уæд хуымæтæджы цæрджытæ та куыд кодтой. Уый та дын рæстдзинад.

90-æм азтæй фæстæмæ адæм уыцы проблемæйæ фервæзтысты – сæрибарæй сæхицæн ластой зымæгмæ суг. Фæлæ уæддæр республикæйæ æддæмæ дæр бирæ хъæдæрмæг цыд æмæ йæ фылдæр хай уыд арæзтадон хъæдæрмæг. Скъоламæ ма цыдтæн, уыдаид 1995-1998 азты, æмæ йæ хорз хъуыды кæнын, Знауыры районы Нагутнийы æмæ Цъорбисы хъæутæм æввахс хъæдтæй-иу фæд-фæдыл куыд цыдысты хъæдласæн машинæтæ Гуырдзыстоны ‘рдæм. Уыцы рæстæджы кæцыдæр бынæтты æцæгæйдæр хъæд тынг ныццагътой, – бирæ бынæтты бынтондæр нал ныууагътой тала бæлас дæр.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æрмæст бынæттон цæр-джыты цы арæзтадон хъæдæрмæг æмæ зымæгон суг хъæуы, уыцы хæрдзтæ нæ хъæдтыл нæ фæзындзыс-ты. Тæссаг уыдзæнис уæд, кæд æмæ  республикæйæн æддæмæ ласын райдайой хъæдæрмæг. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр, ома йæ нæхæдæг дæр æгæр цæгъдæм, фæлæ уæд куыд цæрой нæ адæм, – ис хъæдæй уазал хæдзæртты бадой? Стæй нырма алкæй хæдзары æрдзон газ нæй, кæцы горæты цæрджытæн стыр æххуыс у æмæ ма йæ фæрцы бæлæстæ дæр къаддæр лыг цæуынц.

Ныридæгæн нæ Хъæды хæдзарады управленийы раз ис æрмæстдæр иу хæс – ма уадзой иу бынаты бирæ бæлæстæ лыг кæнын. Æнæуый та рæстæг куыд цæуы, афтæ та æрдз йæхæдæг йæхи ног кæндзæнис, ома, кæм ралыг кæной бæлæстæ, уым та цыдæр рæстæджы фæстæ ногæй сырæздзысты бæлæстæ. Æнæуый дæр арæх æрцæуынц сагъд алыгъуызон бæ-лæсты мыггæгтæ æмæ уый дæр стыр ахъаз у нæ хъæдты хъæздыгдзинад фæфылдæр кæнынæн. Ӕрæджы дæр та нæ республикæмæ æрластой сыбыраг кедрты мыггаг æмæ сæ ныссагътой алы районты. Уымæй размæ дæр ма-иу арæх уыдис ахæм акцитæ æмæ дарддæр дæр архайын хъæуы, цæмæй æндæр рæттæй стæм бæлæсты мыггæгтæ ласой æмæ сагъд цæуой нæ республикæйы.

Дзауы районы фылдæр хайы иууылдæр хъæдтæ кæй ис, уый фæстиуæгæн ам хъæдфадæн хырхтæ бирæ ис – æдæппæт сты 12 бæрц. Кæд æмæ сын сæ архайдмæ æдзух сæ хъус дарынц бынæттон хъæдгæстæ, уæддæр милицийы экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленийы кусджытæ дæр рæстæгæй-рæстæгмæ ауадзынц профилактикон-рейдон мадзæлттæ, цæмæй сбæлвырд кæной, æцæгæйдæр закъоны фæлгæтты архайынц хъæдфадæн хырхыты хицæуттæ, уый. Рейдон мадзæлтты ма хайад райстой Хъæды хæдзарады управленийы минæвæрттæ, Дзауы районы милицийы управленийы кусджытæ æмæ сæм бынаты та бамбал сты хъæдгæстæ. Азылдысты æмæ бабæрæг кодтой хъæдфадæн объекттæ, басгæрстой сын сæ бары гæххæттытæ, сæхи цæстæй федтой, цахæм хъæдæрмæгæй кусынц, уый.

Басгæрстыты рæстæджы милицийы кусджытæ не сбæрæг кодтой фæткхалæн цаутæ, не ссардтой ахæм хъæдæрмæг, кæцыйæн ралыг кæныны бар нæй закъонмæ гæсгæ. Милицийы экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленийы хистæры хæдивæг Дудайты Дмитри куыд зæгъы, афтæмæй ацы рейдон мадзæлттæ нысанмæздæхт уыдысты, цæмæй сбæлвырд кæной, æцæгæйдæр исчи ралыг кæны зынаргъ бæлæсты мыггæгтæ, ралыг кæныны бар кæмæн нæй, ахæм бæлæстæ, уый. Ахæм рейдон мадзæлттæ регуляронæй уагъд фæцæуынц æгас республикæйы, кæмдæриддæр хъæдфадæн хырхытæ ис, уыцы объектты.

Дзауы районы хъæдгæс Тедеты Хсары ныхæстæм гæсгæ Дзауы районы цæрджытæ зымæгон пайда кæнынц сугæй æмæ уымæ гæсгæ Хъæды хæдзарады управлени æппынæдзух йæ хъус дары, цæмæй бæлæстæ лыг кæной æмбæлон бынæтты.

«Ӕрдзон газ нæм кæй нæй, уый фæстиуæгæн цæрджыты бар-æнæбары фæхъæуы зымæгмæ суг æрæфтауц кæнын. Мах сын радтæм билеттæ, равдисæм сын, кæм хъæуы ралыг кæнын, цахæм бæлæстæ, æмæ сæм стæй нæ хъус фæдарæм. Фылдæр ралыг кæнын кæнæм низджын æмæ зæронд бæлæсты, кæцытæ æрдзæн зианы йеддæмæ ницыуал фæхæс-сынц. Нæ уадзæм лыг кæнын зынаргъ бæлæсты мыггæгтæ æмæ ралыг кæныны бар кæмæн нæй, ахæмтæ. Районы ма уæвынад кæны цалдæр хъæдфадæн хырхы, кæцыты хицæуттæ сæ фиддонтæ куы бафидынц, уæд хицауад хæсджын вæй-йы, цæмæй сын рахицæн кæна фæйнæ 50 кубометры бæрц хъæдæрмæг иу азы дæргъы. Мах сын рагацау бацамонæм, кæм хъуамæ ралыг кæной бæлæстæ æмæ стæй уыдонмæ дæр нæ хъус фæдарæм», – банысан кодта хъæдгæс.

Фæлæ бынтон нывыл нæу, æвæццæгæн, Дзауы районы суг ралыг кæныны тыххæй билет райсыны хъуыддаг дæр. Хъæд хъахъхъæныны æмæ сæндидзын кæныны хайады сæргълæууæг Мамиты Владислав куыд зæгъы, афтæмæй бынæттон цæрджытæй бирæтæ суг ласынц æнæ билетæй. Афтæмæй та билеты аргъ бирæ нæу – рог автомашинæ – 300 сомы æмæ уæзласæн та – 1 мин сомы бæрц. Фæлæ уæддæр арæх бамбæлынц фæткхалджытыл æмæ сын рауайы хъаугъа. Бамбарын хъæуы уый, æмæ алчи дæр кæй æххæст кæны йæ хæстæ æмæ бар никæмæн ис за-къоны сæрты ахизынæн. Алчи дæр  хъуамæ æмбара ацы хъуыддаг, кæрæдзийæ хъуамæ æфсæрмы кæнæм æмæ нын уæд уыдзæнис æнгомдзинад æмæ хъæрмуддзинад.

Рейдты рæстæджы ма бабæрæг кодтой Дзауы районы хæрæндæттæ дæр, уымæн æмæ чидæр интернеты тыгъдады ныффыста, зæгъгæ, хæрæндæтты пайда кæнынц зынаргъ хъæдæрмæгæй, цæмæй, зæгъгæ, сæ физонæг хæрзаддæр уа. Фæлæ уый разынд дезинформаци. Хæрæндæтты кæртыты милицийы кусджытæ баййæфтой, хъæдфадæн хырхытæй цы уæлдæйттæ рахауы, ахæм æхсныфтæ, ома, гарбилтæ кæй фæхонынц, уый. Ӕмæ уыдон та басудзыны йеддæмæ ницæмæн уал фæбæззынц. Хæлæгдзинад иуæй-иу адæймаджы разæнгард кæны уæлдæр бæрзæндтæм схизынмæ, иннæты та æдзух фыдми ракæныныл ардауы. Кæд æмæ зынаргъ хъæдæрмæг федтай, уæд æй интернеты цæмæн фыссыс? Цæмæй йæ уайтагъд бамбæхса? Кæд дæ рæстдзинад хъæуы, уæд фæдзур æмбæлон органтæм æмæ фæткхалæджы бæрндзинадмæ æркæной. Фæлæ ахæмты рæстдзинад нæ фæхъæуы, фæхъæуы сæ æрмæстдæр сызмæнтын, искæй фæазымджын кæнын, искæуыл цъыф бакалын. Ӕмæ нæ уый та хорзмæ не ‘ркæндзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.