Дæ цыртæй мæм æнкъардгъуызæй кæсыс,

Дæ бакаст мæ дывæр мæты æппары,

Уæззау зынтæ мæ зæрдæйæн хæссыс,

Мæ фæлмæст уд сæ аппарын нæ ары.

Дæ ацыдæй мæ уд хъæрахст кæны,

Дæ рæвдыд мын нæй ницæмæй ис ивæн

Хъысмæт мæныл æргом, сусæг кæуы,

Æнæ дæу мын у хурбоны дæр ихæн.

– «Хъæбул, дæ амонд афоныл æссар» –

Зæрдæрисгæ та калыс уым дæ цæссыг.

Миййаг мæ мæтæй ‘ртыхсы дæуыл сар.

Куыд нæ уон уæд дæ разы æз къæмдзæстыг.

Дæ цыртмæ кæсгæ ‘рцахсы мæн æрхуым.

Мæхи нæуæгæй банкъарын æдыхæй,

Кæд та, зæгъын, мæныл фæриссыс уым,

Хæрыс дæ уд, о, уыцыран, мæн тыххæй.

Æнцой нæ зоны зæрдæйæн йæ рис,

Нæ хицæн кæны цæстытæй дæ сурæт.

Уæлæуыл ма нын фембæлæн кæм ис,

Уæззау катай мын фехгæны мæ сулæфт.

Æрыздæхæн дын тарбæстæйæ нæй,

Кæм дыл кæндзæни уыцы ран хæрзæбон.

Дæ цыртæн та уæззау кад нæу йæ къæй,

Дæ бархъомыс ын у æдых, æнæбон.

Дæ уæвынад дæ хъæбулæй фæдих

Æмæ йыл марой бафтыдис дæ фæстæ

Фæуары мыл дæ ацыдæй фыд их,

Куыд ма фидон дæ разы æз мæ хæстæ.

Зындзинæдтæй дæ хъуырмæ ды уыдтæ,

Фæлæ нæ райхъуыст, никуы нæ, дæ хъæрзын.

Мæ кары дæр мæ сабийау хъуыддæ,

Æнæ дæу мын æнæад у мæ кæрдзын.

Ды ма банхъæл,  фæуыдзынæ мæ рох.

Дæ фæлмæн дзырд, дæ рæвдыд дын æнкъарын.

Нæ фæхицæн – мæ зæрдæйæн фыдох,

Мæ рохст уд дыл мæрдты бæстæмæ хъарын.

Мæ ивгъуыды дæ рухс цæсгом уынын,

Фæлæ фыдрыстæн, уый мæнæй хæрз дард у.

Дæу мысгæйæ мæ фыны дæр зæгъын:

Зынаргъ цы ис нæ царды, уый, – нæ мад у.

Ирон æмбисæндтæ сылгоймаджы тыххæй

*Чындзы чи ацыд, чындзы митæ уый зоны

*Ног чындз æнæзивæг вæййы

*Ног чындзы митæ акодта, стæй йæ зивæг равдыста

*Æнæхæсгард, æнæсудзин æмæ æнæнгуырстуан чындз – худинаггæнæг

*Ног чындз æмæ чындздзон чызгмæ хæйрæг

æмхиц у

*Хæйрæг ног чындзы фæсайдта

*Ног чындзы маст æвзæр æфсинæн – худæг

*Чидæр йæ чындзы хуымы куы лæууын кодта, уыйау

*Хицау йæ куыдзы куы ныццæва, уæд æй чындз хъуамæ йæхимæ бамбара

*Дæ чындзмæ куыд уайсадай, уый дæр дæм афтæ уайсаддзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.