ТÆХУДЫ…

Тæхудиаг, буц хъæбулæй

Йæ уалдзæджы царды хурæй

Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!

Тæхуды, æрæгвæззæджы,

Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы

Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!

Тæхуды, йæ фыды зæххыл,

Йæ уарзон æмгарты рæгъыл

Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!

Тæхуды, йæ гутонимæ,

Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ

Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг!

Тæхуды, йæ дзыллæйы раз

Чи ракæны барджын ныхас,

Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!

Тæхуды, йæ уарзондзинад,

Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,

Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

ХÆРЗБОН!

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,

Скодтон уæрдæхæй дзыхъхъыннæуæг рон,

Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…

Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,

Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;

Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,

Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…

Гъеныр, хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,

Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!

Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,

Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл

Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, –

Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл –

Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, –

Ма-иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ

Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, –

Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,

Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, –

Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон

Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ…

Ма фæфæсмон кæн!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..

               ДОДОЙ

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!

Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ, –

Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,

Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,

Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,

Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,

Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц,

Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,

Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…

Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ бæстæ,

Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд, –

Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,

Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!..

Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, –

Кадмæ бæлгæйæ, æгадæй мæлæм…

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, –

Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.