КОЗАТЫ Павел

ФÆСМОН

 «Тæхуды хъарм бæстæм фæтæх!

Фæлæ куыд ныууадзон мæ зæхх?..

Къадзаты Ст.

Тæхуды æз фæкæнын мæргътæм,

Æрвылаз хъарм бæстæм кæй тæхынц.

Фæлæ куы акæсын æз нæ хæхтæм,

Мæ уæнгтæ удрæбын ныкæрзынц.

Зæгъын, цы хъуыды мæм æрцыди,

Мæ удæн стыр зынтæ цы исон.

Мæ зæххæй хъармдæр ма кæд уыди,

Мæ къух ыл уарзгæйæ куыд сисон?

Кæдæмдæр уый хъармæй куыд тæхон,

Мæнау æй чи уарздзæн мæ фæстæ?

Йæ уарзтæй кæд нæ дæн æвдæлон,

Кæд мын зынаргъ ысты нæ хæхтæ!

 

 

 

 

 

МЫСЫН МÆ САБИ ДУГ

«Куы ма ‘рзилин Бехъмары кæмттыл,

Кæм хызтон батъитæ сæрд»

ЧЕХОЙТЫ Оля

Уарзон райгуырæн кæд нæу,

Уымæн уарзын дæу мæ хъæу.

Схастай де ‘хсырæй ды мæн,

Æз дæ хæрзтæй хайджын дæн.

У дæуыл мæнæн мæ мæт,

… Мысын – дæлхæдзары скъæт,

Сабийæн цы вæййы маст,

Уыд-иу дзрохатæм мæ каст.

Ам-иу батъитæ хызтон,

Ам-иу джукъитæ хызтон,

Ам-иу гочъитæ хызтон,

Стæй дыл стихтæ дæр фыстон…

… Мысын ме ‘взонг дуг бæргæ,

Фæлæ нал мæм у цæугæ.

 

УÆДДÆР

«Рæсугъд,

Дæуæн зæхмæ

Кувгæ-кувын,

Мæ ныхæй

Асфальт

Æртæ хатты фæкъахыр»

БИАЗЫРТЫ Кр.

Дæу фæндæй нал дæн æз хæдзайраг,

Дæ уарзтæй ‘нæсæрфат ысдæн.

Мæ сæр дæу тыххæй фæци сæйраг,

Иппæрд мæ хъуыдытæй фæдæн.

 

Куы зонис æз дæуæн куыд кувын –

Æмбæлы асфалтыл мæ сæр.

Мæ ных æсныуæстæ ис дурыл,

Фæлæ нæ уырны дæу уæддæр.

 

Æнæ дæу нæй мæнæн фæцæрæн,

Æргомæй дзурын уый, хъæрæй.

Нæ хæссыс, зонын, мæн дæ сæрмæ,

Уæддæр дын кувдзынæн сæрæй.

 

Уадз асфальт фехæлæт мæ ныхæй,

‘Мæ зоной, уый кæй у дæу тыххæй.

 

 

 

ТЕРКМÆ КУЫРДИАТ

«Терк! Мæн дæр ма иу хатт алас,

Ратт дæ цъæх улæнтæн мæн…»

Чеджемты Геор

Лæууын та Терчы былыл райгæ

Æмæ мæ бафтыдта уый дисы.

Кæны арандзаг бæхау уайгæ,

Йæ тыхдзæнхъа дуртыл æвдисы.

 

Йæ былтæм ‘знæт сырдау лæбуры,

Йæ урс фынк къæдзæхтыл фæкалы.

Цыма кæйдæр мæстыйæ суры,

Йæхицæн удæнцой нæ ары.

 

Кæцæйдæр ставд бæлæстæ ласы,

Миййаг æй ма хъæуой фæйнæгæн?

Æппары йе знæгтæй мæн тасы,

Фæлæ йын тæрсæгтæй нæ фæдæн.

 

– Мæн дæр ма, хъал Терк, иу хатт алас,

Дæуау кæд Денджызмæ ныххауин.

Мæ бæллицц уый куы вæййы ал ‘аз,

Мæхи йæ улæнты фæнаин.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.