УФ-йы Федералон æдасдзинады сæрмагонд нысаниуæджы центры «В» («Вымпел») хайады управленийы хистæр, дæлбулкъон Дмитри Разумовскийæн горæт Зеленограды сæвæрдтой монумент. Уый фæмард Беслæны теракты амынæттæ сæрибар кæныны рæстæджы

УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы æдзухон минæварады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй монумент байгом кæныны цытджын церемонийы хайад райста Цæгат Ирыстоны делегаци. Уымæй уæлдай ма, Уæрæсейы Хъайтары рухс ном æрымысынмæ æрæмбырд сты, сæрмагонд дæлхæйтты хæстонтæй сæ службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны хиуæттæ, Беслæны теракты уæды амынæттæ, тыхон структурæты, къорд «Вымпел»- ы ассоциацийы минæвæрттæ, мæскуыйаг ирон æхсæнады уæнгтæ æмæ æндæртæ.

РЦИ-Аланийы æдзухон минæварады минæвар Гулаты Хъамболаты ныхæстæм гæсгæ, Дмитри Разумовскийы æнæмæлгæ хъæбатырдзинад бирæ сывæллæтты фервæзын кодта.

«Ирыстоны адæмы зæрдыл лæууынц сентябры уыцы сау бонтæ, уыцы хъайтартæ, кæцытæ сæ цард нывондгæнгæйæ ирвæзын кодтой амынæтты. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын æппæт уыдонæн, ацы цырт байгом кæныны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахаста. Ныфс мæ ис, ацы бынат кæй суыдзæн иумæйаг бузныджы æмæ мысыны символ. Дмитри Разумовскийы æнæмæлгæ хъæбатырдзинад бирæ сывæллæтты фервæзын кодта. Уый цæвиттоныл хъомыл кæндзысты нæ сывæллæттæ. Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Дмитри Александры фырты бинонтæн. Бузныг уын ахæм фырт, æфсымæр, фыд, царды æмбалы тыххæй. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын», – банысан кодта Гулайы фырт.

Делегаци ма бабæрæг кодта №2045 скъола, кæцы хауы Дмитри Разумовскийы номæй цы ахуырадон комплекс схуыдтой, уый скондмæ. Скъолайы арæзт æрцыд æфсæд-дон уæлахизы музей, цыран æмбырд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æфсæддон архайдтытимæ баст сæдæ экспонатæй фылдæр.

Тагъд рæстæджы ам байгом уыдзæн ноджы иу музей, кæцы уыдзæн къорд «Вымпел» æмæ «Альфа»-йы æфсæддонты æфсымæртæ Дмитри æмæ Максим Разумовскийы номарæн зал.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.