Алы паддзахадæн дæр йæ размæцыд баст у йæ экономикæйыл. Экономикæйы æнтыст та æнгом баст у чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадыл.  Уымæ гæсгæ нæ республикæйы разамынад сæйра-джыдæр æнцой кæны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадыл. Фæстаг азты уыцы фæдыздæхæны ис бæлвырд размæцыд. Паддзахадон бюджетмæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады куыст чи кæны, уыдонæй хъалонты хуызы цæуы зынгæ æхцайы фæрæзтæ. Экономикон райрæзты, амалиуæгады фарстаты, чысыл æмæ астæуккаг бизнесы управленийы къухдариуæггæнæг Мамытаты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй ацы азы æмбисы, чысыл æмæ астæуккаг бизнесы амалиуæггæнджытæй бюджетмæ æфтиæгтæ æрбацыд 62 милуан сомы. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ уыцы æфтиæгтæ фæфылдæр сты 24 милуан сомы бæрц. Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй планмæ гæсгæ афæдзы кæрон уыдон хъуамæ суой 120 милуан сомы.

Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады куыст чи кæны, уыдон сæ фылдæр архайынц базарады фадыджы. Дыккаг бынаты ис æхсæнадон лæггæдты къабаз, æртыккаг бынаты та сты арæзтадон фирмæтæ æмæ æхсæнадон хæлцады амалиуæг-гæнджытæ.

Хъæууон хæдзарады фæдыл куы дзурæм, уæд республикæйы районты ис, фосдарды куыст чи кæны, ахæмтæ дæр, фæлæ уæддæр, республикæйы цы зæххытæ ис, уыдонæн сæ фылдæр хай у æгуыст. Зæхх куы кусæм, уæд нæ æххормагæй нæ ныууадздзæн. Адæймаг йæхи продукттæ куы æркæна, уæддæр уый пайда хæсдзæнис æндæрæн дæр. Чизоны абон ахæм уавæры нæ уаиккам, кæддæр Уæрæсе цы æхцайы фæрæзтæ æрвыста, уыдонæй раст пайда куы æрцыдаид, уæд. Æхцатæ кредиты хуызы лæвæрд æрцы-дысты бирæтæн. Уыдон сæ хъуамæ спайда кодтаиккой æмæ пайда хастаиккой æрмæст сæхицæн нæ, фæлæ ма паддзахадæн, стæй адæмæн дæр. Фæлæ сæ зынгæ хайæ пайда не ‘рцыд, чи сæ райста, уыдон сæхи куыд фæндыд, афтæ сæ æндæр нысæнт-тæн бахардз кодтой, фæстæмæ сæ раз-дахыны фæнд дæр нал кодтой. Ныр куыд зонæм, афтæмæй Президенты амындмæ гæсгæ арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцы архайы фæстæмæ уыцы æхцатæ æрбаздахыныл.

Раст у, хъæууон хæдзарад йæ къахыл куы лæууид, уæд республикæйы эконо-микæ дæр тагъддæр сæндидзид. Фæлæ афтæ зæгъæм, æмæ нæ уым стыр æхцайы фæрæзтæ бахардз кæнын бахъæудзæнис, уый дæр тынг раст нæу. Зæгъæм, нæхи пъамидортæ æмæ джитъритæ æркæ-ныныл афтæ бирæ хæрдзтæ дæр нæ хъæуы. Нæхи æркæнгæ хæрзгъæд тыллæг нæм куы уа, уæд ма цæмæн хъæуынц æндæр рæттæй æрласгæ продукттæ.

Ацы управленийы специалисттæ ма нын куыд загътой, афтæмæй 2019 азæн арæзт цæуы сæрмагонд программæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзты тыххæй, кæцыйы фæрцы уыдонæн бæрæг æххуыс цæудзæнис Хицауады æрдыгæй.

Разæнгарды хуызы амалиуæггæн-джытæн сæ бизнес-пълантæ бавдисыны рæстæджы лæвæрд цæудзæнис хатырон кредиттæ.

Ныридæгæн сæм цы цалдæр проект æрбалæвæрдтой, уыдоныл куыст фæуыдзæн октябры мæйы æмбисы, уый фæстæ æрвыст æрцæудзысты Хицауадмæ. Уыдон дæр сæ сахуыр кæндзысты æмæ уый фæстæ та лæвæрд æрцæудзысты Парламентмæ æркæсынмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.