14 азы рацыд 2004 азы сентябры мæйы Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы цы æврихъау трагеди æрцыд, уыцы бонæй. Фæлæ цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр  зæххы къорийыл иунæг ран дæр чи никуы ма æрцыд, ахæм зæрдæскъуынæн трагеди ирон адæмæй никуы ферох уыдзæн, уыцы сау бонтæ цæрæнбонтæм уæззау хъæдгæмттæй баззайдзысты ирон адæмы зæрдæты.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, а-зæххыл бирæгъæй тугдзыхдæр æмæ æгъатырдæр сырдты ‘хсæн нæй. Фæлæ афтæмæй сырды миниуджытæ чи райсы уыдон æгъатырдæр вæййынц. Ахæм лæгсырдты азарæй 14 азы размæ,  ног ахуыры азы фыццаг бонты сæ туджы мæцгæйæ бабын сты Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы цардбæллон æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ, сæ ныййарджытæ, сæ ахуыр-гæнджытæ, сæ хотæ, се ‘фсымæртæ…

14 азы размæ чысыл горæт Беслæны ном базыдта æнæхъæн дуне, уый ссис æгæрон масштабы трагедийы символ, 21-æм æнусы Вифлеем æмæ уыцы иурæстæджы та – æхсардзинад, быхсындзинад æмæ фæндвидардзинады символ. 2004 аз. 1-æм сентябрь. 9:00. Беслæны 1-æм скъолайы ахуыр-гæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæ æрæмбырд сты цытджын линейкæмæ. Иууылдæр сын уыд бæрæгбонон зæрдæйыуаг. Ахуыргæнинæг-тæ сæрдыгон каникулты фæстæ цинтæ, хъæбыстæ кодтой кæрæдзийыл. Уалынмæ райхъуыстысты гæрзифтонг лæгсырдты командæ-тæ: «Иууылдæр бацæут скъоламæ!», «Тагъддæр!». Æрæмбырдуæвджытæ фергъиау сты, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ базыдтой се ‘намонд… Цыбыр рæстæгмæ скъолайы спортивон зал байдзаг, Зонындзинæдты бон банысан кæнынмæ чи æрбацыд, уыцы адæмæй.

Ацы æвирхъау хабар фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм дæр катайы бахаудтой æмæ исты хабар базоныны æнхъæл æнæхъæн бонты телевизоры раз бадгæйæ, æнхъæлмæ кастысты хабар цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Бирæтæ та сæ æххуысмæ атындзыдтой сæ цæгаттаг æфсымæртæм… Лæгсырдтæ кæд тынг æгъатыр вæййынц ахæм цауты рæстæджы, уæддæр нæ цыдæр ныфс уыд, ома, ахæм чысыл сабитæм сæ къух куыд хъуамæ сисой марыны охыл, фæлæ фыдæнхъæл фестæм, лæгсырдтæ разындысты тынг æлгъаг æмæ æппындæр ницæуыл æлгъ кодтой, афтæмæй фыдудæй мардтой амынæтты. Рацыд иу бон, дыккаг бон, фæлæ амынæтты хъысмæты тыххæй бæстон хабар ничи зыдта, адæм хъуыстой алыгъуызон дам-думтæ. Алчидæр æй бамбæрста, хъуыддаг æнæ удзиæнттæй кæй нæ ахицæн уыдзæн, уый. О, фæлæ уæд афтæ æнхъæл ничи уыд æмæ дзы уыйбæрц цардбæллон удтæ бабын уыдаид. Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой, афтæмæй кæрæдзи фарстой: Цæй тыххæй? Цæмæн æрцыд ахæм хабар? Кæмæн цы ракодтой æнæхин, суинаг кæстæртæ?

2004 азы сентябры фыццаг æртæ боны 52 сахаты зындоны арвыстой минæй фылдæр амынæты, мардысты террористты нæмгуытæй. Сæрæгасæй чи аирвæзт, уыдон та фесты цæфтæ, райстой физикон æмæ психикон травмæтæ. «Фыццаг цæфы нæм æрбаластой срæмыгъдæй авд минуты фæстæ. Сымах æй æмбарут цахæм тагъд цыдæй цыд «Волга»-йы шофыр? Сæ туджы мæцгæ сывæллæтты æппрæстой машинæтæм æмæ сæ ластой, рынчындæттæм. Цæфтæн сæ фылдæр уадзгуытæй хуыссыдысты. Йæхи дзы чи æмбæрста, уыдон та фæлхатт кодтой иу ныхас  «дон, дон…», – дзырдта уацхæссæгæн хирург Хуыгаты Жорес.

Тугдзых лæгсырдтæ хынджылæг кодтой амынæттæй, бакодтой-иу сæ доны цурмæ, зæгъгæ, дзы уæ цæсгæмттæ æрæхсут, фæлæ, дам, дзы иу хуыпп дæр чи акæна, уыдоны фехсдзыстæм. Зыдтой йæ фырдойныйæ сæ бон дзурын кæй нал у, уый æмæ сæ барæй доны цурмæ кодтой. Куыд батасыд сæ къух, тæрсгæ-ризгæйæ, сæ сæртыл сæ гыццыл къухтæй хæцгæйæ судзгæ скъолайы бæстыхайæ сæ удтæ фервæзын кæныны тыххæй удаистæй цы чысыл сабитæ згъордтой, уыдоны фæстæрдыгæй автоматтæй фехсынмæ?!

Бирæ хæдзæртты бахизæны дуæрттæ-иу уыдысты гом. Ардæм-иу Ирыстоны алы къуымтæй цы бирæ мæрддзыгой адæм цыд, уыдоныл цæст не ‘ххæссыд.

Кæсыс 2004 азы сентябры мæйы Беслæны 1-æм скъолайы æрцæугæ трагикон цаутæм æмæ зæрдæ фæцæйтоны уыцы сабиты тæригъæдæй: нæ, ацы нывтæ фыныфенгæ нывтæ сты, æндæра йæхи лæджы фырт чи фæхоны, уый къух сывæллоны марынмæ куыд хъуамæ батаса. Фæлæ та не ‘муд куы æрцæуæм, уæд та йæ бамбарæм, зæххыл чи нæма æрцыд, ахæм стыр бæллæх æцæгæйдæр кæй æрцыд чысыл горæт Беслæны æмæ зæрдæ фырмæстæй ссудзы…

Сывæллæтты æмæ иннæты дойныйæ æмæ фыдмардæй чи мардта, уыцы террористы нымæц уыд 32 адæймаджы. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты мæхъæлæттæ. Ацы æвирхъау трагедийыл Гуырдзыстоны кæй ферадысты, уый дæр нæ макуы хъуа-мæ ферох  уа. «Мæскуы паникæйы!», – æппынæдзух дзырдтой гуырдзиаг журналисттæ цингæнгæйæ. «Æмæ сæ уæдæ куыд фæнды», – цингæнгæйæ дзырдта Георги Хаиндрава дæр. Уæдæ та ацы теракты рæстæджы дæр ирдæй разынд ирон адæмы цæргæ-цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ чи сты, уый. Ирон адæм хъуамæ цæрой æмзонд æмæ æнгомæй, науæд не знæгтæ тынг æлгъаг сты æмæ та спайда кæндзысты цахæмфæнды уавæрæй дæр… Æниу нæ Хуыцау не знæгты фæндиаг макуыуал фæкæнæт!

Амынæты бахауæг адæмы ирæзынгæнгæйæ, стыр хъæбатрдзинад равдыстой сæрмагонд нысаниуæджы къордтæ «Альфа», «Вымпел» спецназонтæ æмæ уæлвæткон уавæрты министрады минæвæрттæ. Хъыгагæн, уыдонæй дыууадæсæй фæмард сты фыдбæллæхы бахауæг адæмы ирвæзынгæнгæйæ. Уыцы зынгхуыст хъайтартæн Беслæны мемориалон уæлмæрды æвæрд æрцыд цыртдзæвæн.

Цард цард у. Иуран æрлæууæн ын нæй. Беслæны цæрджытæм дæр разынд стыр ныфс æмæ хъару. Зынтæн фæразон разындысты. 14 азы дæргъы, Беслæн ногæй райрæзт, арæзт дзы æрцыд æмæ абон дæр цæуы бирæ ног алыгъуызон бæстыхæйттæ. Горæты фæзынд  мингай ног-гуырдтæ, хъуысы дзы чындзæхсæвты хъæр. Æмæ сывæллоны кæуын æмæ худын, чындзхæсджыты фæндыры зæлтæ æмæ зарын кæцæй хъуысой, уым та царды цалх йæ зилынæй никуы æрлæудзæн.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.