Фынддæс азы дæргъы нæ сур кæнынц ирон дзыллæйы судзгæ цæссыгтæ.  Куыд Ирыстоны, афтæ æгас дунейы дæр хъынцъым кæнынц Беслæны æрцæугæ трагедийыл. Уый уыдис, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау диссаг. Абон дæр ма уый тыххæй ирон адæм цæхгæр æвæрынц фарст, зæгъгæ, цæмæн, цæй тыххæй æрцыд уыцы трагеди? Уыцы фарстатæн не ссарынц дзуапп æмæ та байгом вæййынц сæ зæрдæты хъæдгæмттæ.

Фыццæгæм сентябрь 2004-æм азæй фæстæмæ ирон адæмæн, дыууæ Ирыстоны дæр канд Зонындзинæдты бон нæу, фæлæ ма стыр æмæ хъыджы бон дæр. Уæд æрцыд, дунейыл уайтагъд чи айхъуыст, ахæм цыфыддæр теракт. Уæд бакодтой адæймагады цыфыддæр знæгтæ сæ радон, уæды онг чи никуыма æрцыд, ахæм æбуалгъ хъуыддаг. Тугмондаг æнæа-дæймæгтæ 2004-æм азы фыццæгæм сентябры райсомы 9 сахат æмæ 30 минутмæ æввахс бацахстой горæт Беслæны 1-æм скъола æмæ æртæ боны дæргъы ам сывæллæтты дардтой амынæтты, ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты. Теракты фæстиуæгæн бабын сты 334 æнæаххос цардбæллон адæймаджы, уыдон фылдæрбæрцæй уыдысты ахуыргæнинæгтæ. Беслæны æрцæугæ диссаг дунейы растхъуыдыгæнæг адæмы зæрдæтæ нынкъуысын кодта æмæ Ирыстон та уыд фыдохы, бæстæ йыл бамыр. Ныр рацыд фынддæс азы, фæлæ уыцы теракты чи бахауд æмæ сæрæгасæй чи раивæрзт, фæлæ се ‘ввахс адæмы чи фесæфта, уыдонæн сæ зæрдæты хъæдгæмттæ риссагæй баззадысты æмæ сын, æвæццæгæн, никуыдæр байгас уыдзысты. Стæй канд уыдон нæ, фæлæ судзгæ рыстæй рисдзæн Ирыстон æнустæм. Терроризм Ирыстонæн скæнын кодта саутæ æмæ уый æнцон ферохгæнæн нæу.

Сентябры мæйы фыццаг æртæ боны фыдохы бонтыл нымад кæй цæуынц, уый тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны ног ахуыры аз официалонæй хаст æрцыд 5-æм сентябрмæ. Уый уыдис нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы фæндон æмæ йыл иузæрдионæй сразы сты педагогон коллектив æмæ ныййарджытæ дæр.

Дыццæджы та, 3-æм сентябры, фыдохы боны, республикæйы цæрджытæ ардтой Беслæны æрцæугæ теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Цхинвалы Мады Майрæмы аргъуаны фæзуаты, сæ къухты дидинджытæ, афтæмæй æмбырд кодтой адæм, уыдонимæ скъоладзау фæсивæд дæр. Алчи дæр хъынцъым кодта уыцы 334 фæмардуæвæг æнæаххос удтыл æмæ сæргуыбырæй лæууыдысты фæзуаты. Ам уагъд цыдис акци «Ангелы поневоле»  Культурæйы министрады хъæппæрисæй.

Мысæн мадзал райдыдта боны 2 сахатыл. Байгом ис фыдохы музыкæйы зæлтæй. Æрæмбырдуæвджытæ æрхæндæгæй, зæрдæрисгæйæ, цæссыгкалгæ хъынцъым кодтой Беслæны трагедийы амæттæгтыл. Адæм дидинджытæ æвæрдтой аргъуаны хъынцъымгæнæг зæды цырты раз.

Республикæйы ацы фæзуаты дидинджытæ æвæ-рыны церемони аххæссыдис изæры 6 сахатмæ, адæм хъынцъымгæнгæ цыдысты æмæ ардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.