Беслæны трагеди

1-æм сентябрь  Зонындзинæдты бон. Хъæлдзæг æмæ райдзаст бæрæгбон.

Афтæ нымадтой Беслæны 1-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр, æмæ уыцы бон тырныдтой кæрæдзийы фенынмæ, фæлæ сыл рахæтыд сæ хъысмæт… 2004 азæй фæстæмæ 1-æм сентябрь Ирыстоны нымад у куыд сабиты иууыл райдзастдæр бæрæгбон, Зонындзинæдты бон, афтæ ма историйы фыст æрцыд фыдохы бонæй… 2004 азы 1-æм сентябрь ацы скъолайы ахуырдзаутæй бирæтæн ссис сæ царды фæстаг бон. Бакодтой та адæймагады цыфыддæр знæгтæ сæ радон, уæды онг адæймагады уæвынады чи никуы ма æрцыд, ахæм æбуалгъ хъуыддаг! Систой æгъатырæй милмæ æнахъом сабиты чысыл зæрдæтæ. Сæ цардмондаг æнæхин цæстытæм сын кæсгæйæ сæ фæмардтой фыдудæй æртæ боны дæргъы æмæ сæ стæй бакодтой сау сыджыты хай…

Фæзæгъынц, зæгъгæ рæстæг алцæмæн дæр хос кæны, фæлæ ахæм тæригъæддаг хъуыддаг æнустæм риссаг хъæдгомæй баззайдзæн нæ зæрдæты. Ныр æртындæс азы дæргъы Ирыстоны цæгаты дæр æмæ хуссары дæр сентябры фыццаг æртæ боны æнæмæнг ссарæм æвирхъау теракты амæттæгты нæмттæ цæстысыг æмæ фыдохы ныхæстæй, бирæ адæм фæцæуы Беслæны сæ иумиаг уæлмæрдмæ æмæ сын фæзæгъынц рухс сыгъдæг нуазыны донæй…

О, Беслæны иумиаг уæлмæрд… Ацы æрмæг фысгæйæ мæ цæстыты раз сæвзæрдысты уыйæппæт æнахъом сабиты цыртытæй мæм цы бирæ æнæхин æмæ цардмондаг цæстытæ кастысты, уыдон… Фæтоны зæ-рдæ… Цæмæн барвыста Ирыстон уыйбæрц цардмондаг хъæбулты бинонтыдзæгтæй сау мæрмæ иу бон, цæмæн та ныл сæмбæлд ахæм уæззау цæф… Сæры зонд хæццæ кæ-ны уыцы уæлмæрды бацæуæны «Хъынцъымгæнæг бæлас»-ы алварс чысыл зæдты цыртдзæвæны уындæй дæр…

Æмæ кæд махæн, хуымæтæджы зæххон адæмæн, ныр нæ бон фæивын ницыуал у æмæ уыдæттæ уынгæйæ фæриссынц нæ зæрдæтæ уæззау рыстæй, уæд уыцы æбуалгъы хъуыддаг бакæнджытæн нæдæр зæрдæтæ уыд,  нæдæр сæ мад ныййардта?  Сырд дæр ма хъæбулы рыстæн куы нæ фæразы, уæд уыдонæн се уæнгты цавæр туг зылди цымæ?

Рацыд æртындæс азы, фæлæ уыцы теракты чи бахауд æмæ ма сæрæгасæй чи раирвæзт,  æмæ се ‘ввахс адæмы уым чи фесæфта, уыдонæн сæ зæрдæты хъæдгæмттæ гомæй баззадысты æмæ никуы дæр байгас уыдзысты,  стæй æрмæст уыдоны нæ – судзгæ рыстæй рисдзæн Ирыстон æнус-тæм…

«Æвæццæгæн раздæр чысылдæр кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ ме ‘нкъарынад дæр афтæ арф нæ уыд æмæ мын уыцы бонты æрцæугæ цаутæ афтæ тынг нæ агайттой мæ зæрдæ. Фæлæ ныр азтæ куыд цæуынц, афтæ мын у зындæр. Æрындæвтой мыл, амынæты бадгæйæ нын террористтæ цы хъизæмæрттæ æвзарын кодтой, уыдон. Фæстæмæ, уыцы бонтæм акæсгæйæ мæнмæ афтæ фæкæсы, кæд уæд чысылдæр уыдыстæм, уæддæр уыдыстæм фидар. Уымæн æмæ мах нæ зыдтам цы у лæг марын, нæ зыдтам, а-зæххыл ахæм æгъатыр адæймæгтæ дæр кæй ис æмæ нæ фæстаг уысмы онг дæр уыд ныфс,  æппæт дæр хорз кæй уыдзæн, афтæ мæм каст æмæ æвзæр фын уыдтон. Ныр æппæт уыдæттæ мæхи удæй банкъаргæйæ, æвæццæгæн дыккаг хатт нал сфæразин, уымæн æмæ ахæм уды фидардзинад, ахæм хъару нæу æрдзæй лæвæрд зæххон адæймагæн,  радзырдта йæ мысинæгты, теракты чи бахауд æмæ сæрæгасæй чи раирвæзт, уыдонæй сæ иу Гаитова Лена.  Ныр мах арæх æрæмбырд вæййæм ме ‘мкъласонтимæ æмæ фæныхас кæнæм уыцы бонтыл. Æрымысæм, не ‘мкъласонтæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Уæлдай зæрдæмæ хъаргæдæр нын вæййы райдайæн кълæсты нын ахуыргæнджытæ цы хæслæвæрд радтой «Фыстæг нæ фидæнмæ»- зæгъгæ, уый æрымысын.  Скъола каст куы фестæм, уæд нын бакастысты уыцы фыстæджытæ. Не ‘мкъласонтæй теракты чи фæмард ис, уыдоны фыстæджытæ та бакастыстæм кæугæйæ… теракты размæ уыды-стæм цыппар параллелон класы, теракты фæстæ та ма нæ чи баззад, уыдон уыдыстæм æрмæстдæр иу класы бæрц æмæ нæ æрбаиу кодтой. Махæй алчи дæр уыд амынæты æмæ цардмæ кастыстæм ног цæстæй. Зыдтам, цы у цард æмæ мæлæты ‘хсæн лæууын…»

Фæзæгъынц, зæгъгæ, адæймагмæ фыдбылыз куы фенхъæлмæ кæсы, уæд ма йæ хъахъхъæнæг зæд дæр йæ алвæрсты фæзилы æмæ йæ фæкъуылымпы кæны, фæлæ уæддæр хъысмæт у æнæфæивгæ, æрцæуи-наг цы вæййы, уый æнæмæнгæй æрцæуы. Ахæм уыд уыцы бон Цырыхаты Заринæйы хъуыддаг дæр. «Уыцы бон кæд хур бон уыд, уæддæр цæмæдæр гæсгæ уыдтæн æрхæн-дæг. Мæ мад цавæрдæр æнахуыр уагахастæй рæвдз кодта мах скъоламæ æмæ ныл цалдæр хатты бахъуыр хъуыр кодта, зæгъгæ æнæмæнг хъуыддаг нæу, абон дæр ацæуат. Мæхæдæг, дæр кæд бæрæгбонтæ бирæ уарзтон, уæддæр мæ цавæрдæр тыхтæ фæстæмæ æлвæстой, фæлæ…

Ацыдыстæм мæ кæстæр хоимæ скъоламæ, райдыдта цытджын линейкæ. Уалынмæ мæ хæдфæстæйæ райхъуыстысты æнахуыр хъæртæ, куы сæм акастæн, уæд мæ нæ ба-уырныдта, цы уыдтон, уый. Цавæрдæр æнæ-даст адæм æрхъула кодтой скъолайы раз адæмыл æмæ сыл хъæр кодтой, зæгъгæ стут амынæты, мачи уæ æрхъавæт алидзын, науæд уæ амардзыстæм. Махмæ фыццаг афтæ фæкаст, киноныв аразынц, науæд та ца-вæрдæр цæттæгæнæн ахуыртæ сты. Уымæ гæсгæ мæм райдайæны нæ фæзындысты  тасы æнкъарæнтæ, фæлæ уалынмæ æнæ-даст нæлгоймаг йæ хæцæнгарзы хъæдæй кæйдæр куы ныррæхуыста, уæд æппæт дæр бамбæрстон, фæлæ цы чындæуа… Уайтагъд мæм фæзынд алидзыны хъуыды æмæ дуармæ æввахс кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ мын æнтысгæ дæр бакодта. Фæлæ мæ кæстæр хо уым кæй баззад, ууыл ахъуыды кæнгæйæ, фæстæмæ фездæхтæн. Æмæ нæ дыууæ дæр баззадыстæм амынæты.

Уым цы федтон, уыдон цæргæ цæрæн-бонтæм дæр мæнæй никуы ферох уыдзысты. Бандæвтой мын ме ‘нæниздзинадыл дæр æмæ мæ хойы æнæниздзинадыл дæр. Немæ ма уыд ме’мкъласоны фыд дæр, уый нæ æрбамбырд кодта æмæ нæ сабыр кодта. Уæдмæ йæ йæхимæ æрбалвæста иу боцъо-джын нæлгоймаг æмæ махæн  загъта, зæгъгæ сæ коммæ куы нæ кæсæм, уæд ныл цы æрцæудзæн, уымæ кæсут æмæ йын фехста йæ къæмисæн. Фæстæдæр ын йæ дыууæ фыртæн сæ сарочкæтæй ныссæрфын кодтой йæ туджы лæсæнтæ æмæ йæ сæвæрдтой хатæны астæу.  Уый фæстæ йын фехстой йæ фыртты дæр.

Уыдæттæм кæсын нæ бауыдаит æнæниз адæймаджы бон дæр. Не ‘хсæн та уыд ме ‘мкъласоны чысыл хо, сæкæрниз кæмæн уыд æмæ дыккаг бон ахицæн йæ цардæй.

Нæй радзурæн æппæт уыдæттæн, фæлæ сыл æз тынг арæх фæхъуыды кæнын. Махæй алчидæр фæрæзта уыцы зындзинæдтæ йæхи ‘рдыгонау, фæлæ нæ иумиаг рыст æмæ тасы æнкъарæнтæ иу кодтой.  Абоны онг дæр стæм уыцы æртæ боны цаутæй кæрæдзийыл баст. Ис мын бинонтæ, æввахс хиуæттæ, фæлæ уыцы бонтæ кæимæ арвыстон, уыдон мын систы мæ цардæн æндæр, вазыгдзжындæр хай. Арæх фæзæгъæм кæрæдзийæн, зæгъгæ райгуырдыстæм дыккаг хатт æмæ уый уыд уыцы иумиаг ирвæзæн бон. Афтæ ма уыцы бон æз фесæфтон ме ‘ввахсдæр æмгæртты, уый у бонæй бонмæ мын арфæй арфдæр чи кæны ахæм хъæдгом».

«Адæймаджы удыхъæд рис куы бавзары, уæд ын, мæнмæ гæсгæ йæ зындзинæдтæй иучысыл ссæрибар кæнынæн баххуыс кæны йæ зынтæ йе ‘ввахс адæмæн радзурын, уымæй йæ зæрдæйы рыст чысыл фæрогдæр вæййы. Уыцы трагикон бонтæ мысгæйæ мæнæн та мæ зæрдæ ногæй сриссы, ногæй банкъарын мæлæты  раз æргомæй, æдыхæй  куыд лæууыдысты  уыйæппæт æнахъом сабитæ, уыдонимæ æз дæр. Цы хъуамæ сарæзтаин 7 аздзыд саби уæвгæйæ, йæхимæ уæз хотыхтæ йæ уæлæ чи æрцауыгъта, уыцы æнæдаст, йе ‘ддаг бакастæй дæр адæйма-джы улæфт кæмæй æхгæдта, уыцы нæлгоймаджы ныхмæ? Ахæмтæ та уыдысты иу нæ, фæлæ цалдæр. Уæд, æвæццæгæн æххæстæй не ‘мбæрстон, цы у цард æмæ цы у мæлæт, фæлæ цы тасы æнкъарæнтæ бавзæрстон, уыдон мæ зæрдæйæ ныронг дæр нæ рох кæнынц. Мæ цæстыты раз сæ мæлæт ссардтой сæдæгай адæймæгтæ, лæдæрст туг… адæймаджы туг… Уыцы райсом афтæ хъæлдзæгæй цы бæрæгбоныл цин кодтон, уый мын æнустæм ссис æнæуынон. Уæдæй фæстæмæ нал бацин кæнын ног ахуыры азы æрбалæудыл дæр, ногазон циндзинадхæссæг фейерверктæ фехъусгæйæ дæр æрымысын уыцы бонтæ. Уæд амынæты бадæг адæмы сæрмæ, ногазон рухсытау ауыгъд уыдысты мæлæтхæссæг бомбæтæ, æхсæнгарзы алы къæр къæр дæр йемæ хаста кæйдæр мæлæт…

Рацыд 13 азы, ныр мыл цæуы 20 азы, фæлæ уыцы бонтæ махæй алкæуыл дæр ныууагътой сау фæд, не ‘хсæн нæй ахæмтæ, кæмæн нæ фæмардысты йæ хæстæджытæ, йе ‘мгæрттæ, науæд бинонтæй цал-дæргæйттæй. Хъысмæты ахæм цæфтæн та нæй ферохгæнæн. Æмæ цæрдзысты нæ зæрдæты. Уымæн æмæ уырдыгæй чи раирвæзт, уыдон дæр фесты сахъатджын, бирæтæ дзы систы инвалидтæ. Æмæ чи у аххосджын? Кæуыл кæнæм тæрхон?» – фæрсы Хъæцмæзты Аминæ.

Адæймагады сфæлдыста æрдз, цæрæн-бонтæ дæр уымæй ратгæ сты æмæ карз тæрхон скæнын дæр æрмæсттæр нæ радтæг Хуыцау хъуамæ кæнид. Ныр дæр та чи сты аххосджын, уый нырма мах кæд бæлвырдæй нæ зонæм, уæддæр  Хуыцау сын тæрхон-гæнæг…

Æрмæгыл бакуыста 

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.