ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ – НОГ  КУЫСТУАТ

Уæрæсейаг сæрмагонд нысаниуæджы æфсæддон техникæ цалцæггæнæн завод, акционерон æхсæнад “Рамдизель”-ы разамынды зæрды ис Дзæуджыхъæуы завод “Бином”-ы территорийыл æфсæддон техникæ цалцæг кæныны центр саразын.  Уый фæдыл республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов фембæлдысты куыстуаты разамындимæ. Битары-фырт куыд загъта, афтæмæй ахæм хъæппæрис стыр пайда æрхæсдзæн республикæйæн: “Завод “Бином” раздæрау хъомысджын нал у. Йæ цехты фылдæр хай æхгæд æрцыд. Тас у, бынтондæр куы ныггаффут уа. Æфсæддон техникæ та цалцæг кæнынмæ дардмæ ласыны бæсты араздзыстæм нæхимæ. Ахæм центр ам саразынæн ма ис ахсджиаг бындур дæр, уымæн æмæ ам сты бирæ æфсæддон объекттæ, стæй 58 -æм æфсады штаб дæр. Ацы куыстуат ма куыстæй сифтонг кæндзæн æпынкъаддæр 300 адæймаджы. Ацы проект царды рауадзыны фæдыл ма æз ныхас кодтон Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан æмæ президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовниковимæ дæр. Се ‘ппæт дæр рахæцыдысты ацы хъæппæрисы фарс. Ног куыстуаты срæвдзæн махæй цыдæриддæр аразгæ у, уыдонæн баххуысмæ цæттæ стæм”, – банысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Ныртæккæ “Рамдизель”-ы специалисттæ бæрæг кæнынц заводы фæзуат, йæ техникæ. Эксперттæ бæлвырд кæнынц бæстыхайы хæрзхъæддзинад. Дыууæ фарс дæр куыд загътой, афтæмæй æнтыстджын æмгуыстадæн ис æппæт фадæттæ дæр æмæ куыстуат скусдзæн октябры райдайæны.

  Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.