12 азы размæ æгъатыр лæгмартæ-террористтæ  Беслæны фыццаг астæуккаг скъолайы  цы сырдон ми сарæзтой, уымæн абарæн ницæимæ ис, уый æрмæст Беслæны трагеди – æнамонддзинад нæ уыд, фæлæ – æппæт ирон адæмы æнамонддзинад. Ацы æнамонддзинад Иры дзыллæйы зæрдæйæ никуы сæфтдзæн, уыцы æнамонддзинады амæттæгты рухс нæмттæ æнустæм цæрдзысты нæ зæрдæты.

23 сентябры Цхинвалмæ фæуазæг сты Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организаци, террористон акты амæттæгты ассоциаци, комитет «Беслæны мæдтæ»-йы минæвæрттæ. Цытджын уазджытыл  Медиа-центр «Ир»-ы фембæлдысты Геологи, экологи æмæ  æрдзон ресурстæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнджытæ Санахъоты Давид æмæ Хуыбиаты Соня, Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ, æхсæнадон архайæг, Орден Уацамонгæйы кавалер Уалыты Зарæ, РХИ-йы æхсæнады минæвæрттæ.

Фембæлды нысан уыд, Беслæны трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтты ном сæнусон кæныны тыххæй Хъелы æфцæгы цæдтæй сæ иуæн ном «Мады Цæссыг» радтын.

Бестауты Бала йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй 2004 азы Беслæны цы трагеди æрцыд, уый фæстæ фæмардуæвæг сывæллæтты мæдтæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ, реабилитацимæ.

«2005 азы фæмардуæвæг сывæллæтты мæдтæ реабилитацимæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыдысты, уæд сæ æз æмæ ме ‘мбæлттæ ахуыр кодтам æхсæнгарзимæ архайын, акодтам сæ Эрманмæ дæр, уым дæр сæ ахуыр кодтам æхсын. Уæд сылгоймæгтæ нæ зыдтой, Хъелы цадæй уæлдæр цы æнæном цад ис, уый тыххæй мæнмæ цы план сæвзæрд. Уый размæ уал мах лæппутимæ цады цур сæвæрдтам фæмардуæвæг сывæллæтты номыл фæйнæг, сæвæрдтам дзы иконатæ æмæ, цырæгътæ кæм ссыгътаиккой, ахæм бынат. Мæдты акодтам Хъелы цадмæ. Цадмæ æввахс ис чысыл цадтæ. Кæд уырдæм зындзæуæн уыд, уæддæр ахæм æнцонтæй цыдысты, æмæ сæ иу дæр фæллады кой не скодта», – загъта Бестауты Бала.

Мæдтæ цадмæ куы бахæццæ сты, уæд сын радзырдта, цад фæмардуæвæг сывæллæттæн кæй ныффæлдыстой æмæ йæ «Мады цæссыг» кæй схуыдтой, уый тыххæй. Беслæйнаг мæдтæй сæ иу –  Сидæхъаты Ритæ йæхи нал баурæдта æмæ цæссыгкалгæ систа æмæ цады баппæрста йæ фæмардуæвæг  сывæллоны дзуар.

Бестауты Бала куыд радзырдта, афтæмæй уый  ацы цад уымæн равзæрста, æмæ цад у Европæйы бæрзонд хæххон цадтæй иу. Уый никуы басур вæййы æмæ цæстысыгау у сыгъдæг.  Йæ бынат дæр у тынг рæсугъд.

«Беслæны мæдты» организацийы минæвар Сидæхъаты Ритæ бузныг загъта, фыдохы рæстæджы сæ фарсмæ чи балæууыд æмæ сын сæ хъыгыл чи фæмаст кодта, æппæт уыдонæн.

«Фæдзурынц, зæгъгæ, ахæм æнамонд цаутæ кæуыл æрцæуы, уыдон цæмæй сæхимæ æрцæуой, уый тыххæй семæ фæкаусынц психологтæ. Сымах нæ хотæ æмæ æфсымæртæ стут, нæ трагедийы фæстæ сымах уыдыстут нæ психологтæ, сымах нын тынг баххуыс кодтат, уыцы æххуыс мах цæрæнбонтæм нæ зæрдыл дардзыстæм. Уыимæ ма нæ сывæллæтты нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй уыцы цадæн «Мады Цæссыг»-ы ном кæй равзæрстат уый мах никуы ферох кæндзыстæм. Уыцы трагедийы фæстæ ма куыд удæгас дæн, уый диссаг у. Уый, æвæццæгæн, сымах фæрцы, уе ‘ххуысы фæрцы лæууын мæ къæхтыл. Мæ рыст мын уæ зæрдæтæм айстат æмæ мæнæн дæр фенцондæр», – загъта Сидæхъаты Ритæ.

Уый радзырдта сæ организацийы тыххæй дæр. «Нæ комитет арæзт æрцыд 2005 азы æмæ уæдæй нырмæ, ныр 11 азы мах кусæм нæ æдзард сабиты хъуыддæгтыл, цæмæй мачи ферох кæна уыцы трагеди, уый тыххæй. Ацы трагедийы тыхæй уголовон хъуыддаг нæма æхгæд нæу, алы æртæ мæйы фæстæ дæр æй адарддæр кæнынц, ныр 147 хатты. Нырма бæрæг нæу кæд æй сæхгæндзысты», – банысан кодта Сидæхъаты Ритæ.

Сидæхъаты Ритæ куыд радзырдта, афтæмæй семæ æрхастой, йæ цардæй чи ахицæн, уыцы журналист Кобайты Мураты чингуытæ «Огненный шар» æмæ «Беслан годы спустя». Уыдон фыст сты Беслæны цауты тыххæй. Кобайты Мурат уый размæ та ныффыста «Плакал дождь холодными слезами». Уый ма радзырдта арæзт кæй æрцыд цонгдарæнтæ ахæм фыстимæ: «Беслан, æз æй хъуыды кæнын». Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм цонгдарæнтæ æрхъуыды кодта Беслæны скъолайы ахуыргæнинаг Гайтаты Ленæ. Уый йæхæдæг дæр уыд амынæты æмæ Беслæны трагедийы фæмардуæвджыты мысынæн бирæ хæттыты фæуадзы алыгъуызон мадзæлттæ. Цонгдарæнтыл фыст ис æртæ æвзагыл-иронау, уырыссагау æмæ англисагау.

Сидæхъаты Ленæ бузныг загъта Бестауты Балайæн йæ фарсхæцынады æмæ цады тыххæй, загъта йын æнтыстыты æмæ æнæниз уæвыны фæндиæгтæ æмæ йын Беслæны Мæдты комитеты номæй радта бузныджы фыстæг, цыран дзырдæуы: «Мах тыххæй цы цад ссардтад, уый у нæ масты æмæ нæ цæссыгты æнæбын цад, уыцы-иу рæстæджы ма æввахс у арвмæ дæр æмæ, цыма нæ сывæллæтты удтæм æввахс у, афтæ нæм кæсы. Мах уырны, нæ чысыл зæдтæ арвæй кæсынц рæсугъд  хæххон цадмæ æмæ райгонд сты».

Йæ рады «Беслæны мæдты» комитеты сæрдар Дудиаты Сусанæ дæр бузныджы ныхæстæ загъта Бестауты Балайæн æмæ йæ  Беслæны мæдты номæй схорзæхджын кодта «Древо скорби и древо жизни»-йы майданæй.

Уый куыд загъта, афтæмæй фыдох æмæ цард иумæ цæуынц.

«Мах хъынцъым æмæ цин кæнæм, мах хуыздæр цард æнхъæл стæм. Ацы бæлас, кæцы хъахъхъæны мысынад, ацы зæдтæ дæ хъахъхъæнæд фыдбылызæй æмæ дын раттæд тыхтæ дарддæр цæрынæн», – банысан кодта Дудиаты Сусанæ.

Æрæмбырдуæвджытæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, æрæджы ссардæуыд ног стъалы, кæцыйæн радтой Беслæны сывæллæтты ном.

Беслæны мæдтæ бахæс кодтой Бестауты Балайæн, цæмæй «Беслæны мæдты» комитеты номæй уый бахата Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидмæ, цæмæй официалонæй сфидар кæна Беслæны трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтты нæмттæ сæнусон кæныны цытæн цады ном.

Мадзалы хайадисджытæ РХИ-йы Геологи, экологи æмæ  æрдзон ресурстæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала, Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнджытæ Санахъоты Давид æмæ Хуыбиаты Соня, Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ, æхсæнадон архайæг, орден Уацамонгæйы кавалер Уалыты Зарæ, РХИ-йы æхсæнады минæвæрттæ сразы сты Беслæны мæдты фæндоныл æмæ сын баныфс æвæрдтой, зæгъгæ, фыстæг барвитдзыстæм РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидмæ æмæ цад «Мады Цæссыг» фæзындзæн Хуссар Ирыстоны картæйыл.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.