Нӕ чысыл сабитӕ ӕцӕг хуртӕ сты, сӕ бакаст, сӕ бахудт ӕмӕ фезмӕлдӕй адӕймагыл цины базыртӕ басадзынц. Хистӕр фӕлтӕр дӕр сӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ худгӕбылӕй уымӕн ракӕсынц, уымӕн сыл баузӕлынц, сӕ сомбоны ныфсытӕ кӕй сты, уымӕн сын аразынц ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй рӕзой ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитой сыгъдӕг арвы бын. Сабитӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитын,сомбоны рӕсугъд цардмӕ сын фӕндаг байгом кӕныны райдиан уагдӕттӕй сӕ фыццаг у сывӕллӕтты рӕвдауӕндон. Нӕ горӕты рæвдауæндæттæй сӕ иу ӕрбынат кодта Хъайтарты уынджы. Уый сырӕзт 1972 азы ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ дзӕвгар сабитӕн бакодта ныййарджыты лӕггад. Раст у, иурӕстӕджы йӕ уавӕртӕ мӕгуырау уыдысты, хӕсты аххосӕй коллектив дзӕвгар фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уыцы рӕстӕгӕн ӕрцыд кӕрон. Бӕстыхай ӕрцыд бӕстон цалцӕг ӕмӕ дзы кусынӕн ныр ис ӕмбӕлон уавӕртӕ. Рӕвдауӕндоны рӕстӕгмӕ сӕргълæууӕг Цхуырбаты Гульнарӕ куыд загъта, афтӕмӕй ма кӕрт бахъӕудзӕн æмбонд кӕнын. Уымӕй сын ныфс бавӕрдта горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан, уыдзӕн дзы, сабитӕ хорз боныгъӕдты сӕхи кӕм ирхӕфсой, ахӕм хъазӕн бынӕттӕ дӕр.

Мидӕмӕ бахизгӕйӕ, адӕймаг фӕхатдзӕн, ам алцы дӕр ӕмбӕлон уагыл кӕй у, уый. Рӕвдауӕндон 2008-ӕм азы августы хӕсты рӕстӕджы тынг кæй бахъыгдард, уымæ гæсгæ йӕм республикӕйы разамынд ӕркаст ӕмӕ дзы аразджытӕ арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакодтой гъӕдджынӕй. Уый фӕстиуӕгӕн ӕххӕстӕй кусын райдыдта ивгъуыд аз апрелы мӕйӕ. Рӕвдауӕндон у 140 сывӕллоны фаг. Кӕд сӕм хӕсты фӕстӕ уыд цыппар къорды, уӕд ныр та сты ӕхсӕз. Сабитӕн боны дӕргъы хӕрын кӕнынц ӕртӕ хатты, фынгыл сын ӕрӕвӕрынц хӕрзад хӕринӕгтӕ, дыргътӕ, адджинӕгтӕ.

Сабитимӕ ӕдзухдӕр сты сӕ хъомылгӕнджытӕ, цайдагъ ӕмӕ сӕ фӕлтӕрынц алыгъуызон хъӕзтытыл. Цхуырбаты чызг куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ коллективы алчи дӕр йӕ куыстмӕ кӕсы бӕрндзинады цӕстӕй, ӕмӕ йӕ ӕххӕст дӕр кӕнынц ӕнӕзӕрдӕхудтӕй. Ацы уагдоны ис, рагӕй дзы чи фӕллой кӕны, сабитӕм уарзӕгой хъарм ахаст чи дары, ахӕм хъомылгӕнджытӕ. Уыдоны нымӕцы сты Джиоты Алинӕ, Бестауты Таня, Бӕззаты Л. ӕмӕ ӕндӕртӕ. Алы хатт дӕр зӕрдиагӕй сӕхи бацӕттӕ кӕнынц бӕрӕгбонон мадзӕлттӕм ӕмӕ ацӕуынц хорз ӕмвӕзадыл. Тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ рауад, Ног азы сӕрап-понд цы мадзал бацӕттӕ кодтой, уый, ныр та цӕттӕ кӕнынц Сылгоймӕгты дунеон бон-8-ӕм марты цытӕн. Нӕ чысыл рӕзинӕгты музыкӕйыл цайдагъ кæны Гӕджиты Лейлӕ. Сабитӕ хъуамӕ рӕзой ӕнӕниз ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй, ууыл у ӕдзухдӕр йӕ куыст ӕмӕ архайд медицинон хо Дзӕгъиаты Алинӕйӕн. Иудзырдӕй, ацы рӕвдауӕндоны алцы дӕр кӕнынц сабиты хӕрзиуӕгӕн ӕмӕ ӕппӕт коллективӕй райгонд сты ныййарджытӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.