Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы президенты бынатмæ кандидат Ксения Собчак йæ æвзæрстыты агъоммæйы компанийы фæлгæтты фæуазæг Цæгат Кавказмæ.   Уыд Цæцæны республикæйы дæр æмæ йæ цæцæйнæгтæ райстой, цы аккаг у, ахæм æгъдауæй, растдæр зæгъгæйæ, йемæ фембæлынмæ цæугæ дæр иу стæмтæй дарддæр ничи æрбакодта, чи йæм бацыд, уыдон дæр æй «хъарм» ныхæстимæ «рафæндараст» кодтой.

Хъыгагæн, ахæм адæймагдзинад нæ разынд нæ «хæлар» сыхæгтæ – хъулгъамæ.

Назраны Собчакимæ фембæлды хайад райстой мæхъæлон æхсæнады минæвæрттæй 70 адæймаджы бæрц. Кандидат фембæлд хицæн адæймæгтимæ дæр. Иу мæхъæлон бахатыд Собчакмæ, цæмæй дебатты рæстæджы федералон æмвæзадыл раразмæ кæна Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы «проблемæ» æмæ мæхъæлæтты сæ «закъонон» бынæтты æрцæрын кæныны фарст.

– Дæ домæн дын куы сæххæст кæнон, уæд мæнæн схъæлæс кæндзыстут?  афарста йæ худгæйæ Собчак.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, схъæлæс дын кæндзыстæм, – дзуапп ын радта мæхъæлон.

– Уæдæ бадзырдтам, – ныфс ын радта Ксения дæр.

Собчак ма фембæлд мæхъæлæтты «куырыхæттæй» иу – Баматгирей Манкиевимæ. Собчакимæ ныхас кæнгæйæ, «куырыхон» экстремист бахъавыд, ирæттæ æмæ мæхъæлæтты ‘хсæн цы сæртæг сабырдзинад ис, уый фехалынмæ, дыууæ адæмы ‘хсæн националон фарст сцырын кæнынмæ. Уый Цæгат Ирыстоны территори рахуыдта мæхъæлæтты зæхх, уымæй дарддæр ма бавнæлдта Хуссар Ирыстоны ныры территоримæ дæр. Цалынмæ, дам, уыцы зæххмæ ирæттæ не ‘рцыдысты, уæдмæ, дам, уыцы территори дæр хъулгъайы уыд. Диссаг у, Мцхетайæ ацырдæм территорийы мæхъæлæтты зæхх кæй не схуыдта, уый. Æвæццæгæн, уыцы зæххытæ та сæ хæлар Гуырдзыстонæн балæвар кодта.

Диссаг нæу, мæхъæлæтты ‘хсæн экстремисттæ-провокатортæ кæй ис, уый, фæлæ дæ быцъынæг бирæнацион, бирæконфессионалон  стыр паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ скъуынай æмæ, ма ахъуыды кæнай, дæ ныхæсты фæстæ цы уыдзæн, уыдон цæмæ æркæндзысты, ууыл.

Баматгирей Манкиевæн дæр æмæ Ксения Собчакæн дæр фаг нæу, 1992 Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы цы хæст уыд, уый, цыран иумæ цардысты ирæттæ æмæ мæхъæлæттæ. Уыцы конфликты рæстæджы ирæттæ æмæ мæхъæлæттæй фæмард 583 адæймаджы, 939 адæймаджы цæфтæ фесты æмæ 261 адæймаджы та æбæрæгæй фесæфтысты.

Президент хъуамæ йæ паддзахады адæмты ‘хсæн сабырдзинад тауа, Собчак та «хи-хи» æмæ «ха-ха»-йæ президенты бынатмæ бæлгæйæ, адæмты ‘хсæн фыдæхдзинад парахат кæны. Æниу уымæн цы уæлдай у, Ксенияйæн таран дæр дзидза у, уымæн йæ бæллиц сæххæст уæд, уый йедтæмæ цæттæ у Кавказы адæмты кæрæдзийыл бафтауынмæ, кæрæдзийæн сæ фæцæгъдын кæнынмæ. Уый цæттæ у туджы зæйтыл дæр йæ бæлиццаг къæлæтджынмæ баленк кæнынмæ.

Хорз у, æмæ Ксения равдыста йе бирæгъы цæсгом, растдæр зæгъгæйæ та – йæ кентавры цæсгом, æмæ йæ Кавказы адæм базыдтой, Ксения Собчак Уæрæсейы Федерацийы адæмтæн сæ хæлар у æви се знаг.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.