ХУРЫСКӔСӔН ӔМӔ ХУРНЫГУЫЛӔН ӔЛДАРЫ АРГЪАУ

 Ӕмӕ хурныгуылӕн ӕлдарӕн ныззади йӕ ефс. Ногзад байраг разынди ӕфсургь. Æфсургъы кой сабыргай-сабыргай айхъуысти, фыццаг хӕстӕг хъӕутыл, стӕй дардыл дӕр. Цингӕнӕг уыдысты ӕфсургъыл хурныгуылӕн æлдар йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр. Ӕмӕ цин дӕр куыд нӕ кодтаиккой: ныфс сæ бацыди – ногзад ӕфсургъӕй аивдзысты сӕ бӕхты мыггаг, ӕфсургъ сарӕх уыдзӕн сӕ бӕсты.

Ӕлдар ӕмӕ дзыллӕйы цин бирӕ нӕ ахаста. Ногзад ӕфсургъы кой байхъуыст хурыскӕсӕн ӕлдармӕ. Ӕлдар ӕнцад нал кодта, – рагӕй бӕллыди уый дӕр æфсургъмӕ, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кодта. Уӕд минӕвӕрттӕ арвыста хурныгуылӕн æлдармӕ. Минӕвӕрттӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йын загътой:

– Хурыскӕсӕн ӕлдар нӕ рарвыста дӕумӕ.

– Цӕмӕн? – бафарста минӕвӕртты ӕлдар.

– Хурыскӕсӕны хизгӕйӕ не ‘лдары уырс ныууасыди, хурыскӕсӕн уырсы уасын дӕ ефсы хъустыл ӕрцыди. Ефс уыйадыл фӕзаинаг и ӕмӕ дын ӕфсургъ ныззади. Ныр дӕм не ‘лдар ӕрвиты, – ӕфсургъ ӕмбӕлы ууыл, йӕ уырсӕй кӕм рацыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ дӕ куры, дзӕбӕхӕй йын ӕй ӕгъдауыл, ӕнӕ хъау-гъайӕ, ӕнӕ загъдӕй куыд барвитай, афтӕ. Намӕ дӕм ӕфсад ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ ӕфсургъ дӕр акӕндзӕн, стӕй дӕ ууыл дӕр хъуамӕ ма ныууадза, йӕ дзырды сӕрты кӕй ахызтӕ, уый тыххӕй.

Ӕлдар загъта минӕвӕрттӕн:

– Табуафси уын кӕнын ӕмӕ мын ӕлдарӕй ракурут, цӕмӕй мын ӕмгъуыд скӕна байраг баласынмӕ иукъорд мӕйы.

– Фехъусын кӕндзыстӕм ӕлдарӕн, бахатдзыстӕм, цӕмӕй дын фӕлӕууа ӕмгъуыдмӕ, дӕхицӕй бӕрӕгмӕ. – Ӕмӕ минӕвӕрттӕ хӕрзбон загътой хурныгуылӕн ӕлдарӕн ӕмӕ аздӕхтысты сӕ бӕстӕм.

Хурныгуылӕны ӕлдар ӕрсидти йӕ адӕммӕ, цы сӕрӕн сӕм ӕрсидти, уый сын радзырдта.

Фӕтӕрхон кодтой ӕлдар ӕмӕ дзыллӕ. Равзӕрстой, ӕлдар сын тых кӕй кӕны, сӕ байраг сын байсын кӕй сфӕнд кодта.

– Ницы гӕнӕн ис, – загътой фӕнды лӕгтӕ ӕмӕ ӕлдар, – кӕй нӕ ӕфхӕры, уый ӕмбарӕм, фӕлӕ амал нӕй; хӕцын нӕ бон нӕ бауыдзӕн, – фӕтыхджындӕр уыдзӕн, фылдӕр ӕфсӕдтӕ ис уымӕ. Фӕлӕ сӕвзарӕм лӕгтӕ ӕмӕ сӕ арвитӕм, кӕд нын хурыскӕсӕн ӕлдар бахатыр кӕнид.

Ничи куымдта ӕлдармӕ минӕварæй, бирӕ фӕракӕ-бакӕ кодтой. Фӕстагмӕ ӕртӕ лӕджы тых ӕмӕ фыдӕй ӕнӕбары сразы кодтой.

Минӕвӕрттӕ бацӕттӕ кодтой сӕхи балцмӕ, сбадтысты сӕ бӕхтыл ӕмӕ араст сты хурыскӕсӕн ӕлдармӕ курӕг. Цыма сӕ зындонмӕ ӕрвыстӕуыд, уыйау уыди сӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ хурыскӕсӕн ӕлдар куыд карз адӕймаг уыди, уый сын ӕнӕ зынд нӕ уыди.

Цӕуынц, цӕуынц ӕмӕ иу хъӕумӕ бахӕццӕ сты. Уыцы ран ӕртӕ уынджы астӕу кӕсынц, ӕмӕ иу лӕппу къӕцӕлтӕ, бырӕттӕ рамбырд кӕны ӕмӕ сӕ арт скӕны, стӕй хъӕр кӕны алырдӕм:

– Арт! Арт! Арт! Ардӕм, ардӕм, тавгӕут уӕхи!

Фӕдис кодтой минӕвӕрттӕ, ӕнахуыр хъуыддаг сӕм фӕзын-ди лӕппуйы хъуыддаг.

Куы йӕм бахӕццӕ сты, уӕд фӕурӕдтой сӕ бӕхтӕ, ӕмӕ йӕ фӕрсы сӕ иу:

– Цы ми кӕныс ай ӕртӕ уынджы астӕу? Хъӕубӕстӕ куы су-дзыс.

– Хъӕубӕстӕн ма тӕрсут, – загъта лӕппу ӕмӕ та ноджыдӕр ныззӕлланг кодта:

– Арт! Арт! Тавгӕут уӕхи!

– Ӕмӕ ай ӕппӕт судзгӕ куы кӕны хуры тӕвдӕй, уӕд ма дӕ арты сӕр та кӕй хъӕуы?

– Арт! Арт! – хъӕр кӕны лӕппу ӕмӕ та бырӕттӕ рамбырд кӕны ӕмӕ та сӕ бакалы артмӕ.

– Цавӕр диссаг у ай? – дзурынц сӕ кӕрӕдзимӕ минӕвӕрттӕ, сӕ бӕхтыл бадгӕйӕ. – Йӕ зонд йӕхимӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм ма разынӕд, уӕд хъӕуыл ӕндзары.

Ӕмӕ та йӕ фӕрсынц:

– Фыд дын ис?

– Ис.

– Ӕмӕ кӕм ис?

– Абон саударӕй загъд агурынмӕ ацыди.

– Дӕ мад та?

– Мӕ мад ӕфстау мӕрддзыгойы.

– Кӕд дын ӕфсымӕр, мыййаг, ис?

– Иу ӕфсымӕр мын ис ӕмӕ дӕлӕ уым нӕ хӕдзары фӕскъул гӕмӕх быдыры цуан кӕны.

Кӕрӕдзимӕ бакастысты барджытӕ, ницы бамбӕрстой лӕп-пуйы дзырдтӕй ӕмӕ араст сты сӕ фӕндагыл.

Лӕппу та байдыдта хъӕр кӕнын:

– Арт! Арт! Арт!

Минӕвӕрттӕ цанӕбӕрӕджы ауадаиккой, афтӕ дзурын байдыдтой:

– Лӕппу арт цӕмӕн кодта, уый нӕ бамбӕрстам.

– Уый ницы у, фӕлӕ «Арт! Арт!» цӕмӕн хъӕр кодта, уый у диссагӕн дзуринаг.

– Уӕдӕ йын, мӕнмӕ гӕсгӕйӕ, йӕ дзуаппытӕй мах иу дӕр нӕ бамбӕрстам: – Фыд – загъдагур, мад – ӕфстау мӕрддзыгойы, ӕфсымӕр та гӕмӕх быдыры цуан кӕны. Цомут фӕстӕмӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнӕм, цы ныхӕстӕ йын сты уыдон.

Фездӕхтысты фӕстӕмӕ ӕмӕ йӕ фӕрсынц:

– Дӕ фыд загъд агурӕг цы ‘гъдауӕй ацыд?

– Авд фӕндаджы астӕу нын ис иу нӕууы гӕппӕл ӕмӕ бон нӕма фӕцъӕх, афтӕ йӕм фӕлдахынмӕ ацыди. Бахатыр кӕнут, фӕлӕ авд фӕндаджы астӕу цы хуым бакӕнай, уый цӕуджытӕ ӕнӕ хъыгдард кӕм ныууадздзысты? Авд фӕндагыл цал цӕуӕджы уа, уал хатты йӕ хыл кӕнын хъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын зиан кӕндзысты йӕ фӕллойæн.

Кӕрӕдзимӕ бакастысты минӕвӕрттӕ.

– Ӕмӕ уӕд ӕфстау мӕрддзыгой та цы хоныс?

– Иу лӕппу амарди, ӕмӕ мӕ мад уырдӕм фӕцыди, райсом ӕз куы амӕлон, уӕд та мӕ мадмӕ ӕрцӕудзысты хъыгтӕ кӕнынмӕ. Уый ӕфстау у, уӕдӕ йӕ цы схондзыстут?

– Гӕмӕх быдыры цуан кӕны де ‘фсымӕр, уый та уӕд куыд ӕмбарын хъӕуы?

– Дӕлӕ нӕ хӕдзары фӕскъул йӕ хӕдон раласта ӕмӕ дзы змӕлджытӕ агуры.

Минӕвӕрттӕ ӕрхызтысты сӕ бӕхтӕй ӕмӕ йын радзырдтой, кӕдӕм цӕуынц, цӕй фӕдыл цӕуынц, ныфс сӕ кӕй нӕ ис хурыскӕсӕн ӕлдарӕй дӕр, стӕй сӕхицӕй дӕр: куы ницы сарӕхсой, стӕй сын исты фыдбылыз дӕр ма куы скӕна, уымӕй дӕр ӕдас не сты – стыр фыдбылызы адӕймаг у ӕлдар.

– Лӕппу, чи зоны ӕмӕ ды исты бакӕнис?

– Хъуыддаг саразынмӕ мӕ ныфс хӕссын, мӕн ӕм сминӕвар кӕнут.

– Хорз, уӕдӕ, цом фӕстӕмӕ хурныгуылӕн ӕлдармӕ.

Æлдар ӕркаст лӕппуйы ӕууӕлтӕм, хъуаг ӕй ницӕмӕй уагъта, буц ӕй дардта, хорз уазӕджы куыд дарай, афтӕ.

Уӕд иуахӕмы лӕппу раиртӕста, цыма ӕлдар стыр сагъӕсы бацыди, уыйау, ӕмӕ йӕ фӕрсы:

– Бахатыр кӕн, ӕлдар, фӕлӕ мӕм афтӕ зыны, цыма цӕуылдӕр ӕрӕнкъард дӕ.

– Раст у, – загъта ӕлдар, – хурыскӕсӕны ӕлдарӕн ӕмгъуыд скодтон, цӕмӕй мӕ уӕдмӕ бауагътаид мӕхи бар ногзад ӕфсургъы тыххӕй; ныр ӕмгъуыд ивгъуыйы, ӕз та ницы хуыздӕр ӕрхъуыды кодтон байраг баззайынӕн. Тӕрсын, куы мӕм ныббырса, уымӕй: уӕд – байраг дӕр ӕлдары, стӕй ма мын ӕнӕ уый дӕр цы хъом бауыдзӕн, уымӕн дӕр бӕрӕг нӕй. Катайыл сдӕн.

– Уый тыххӕй дӕр мӕты бацыдтӕ! Хъуыддаг мӕ бар кӕнын. Мӕнӕн уыйбӕрц бантысдзӕн ӕмӕ байраг дӕр дӕхи бауыдзӕн, Хурыскӕсӕн ӕлдар дӕр дын дӕ зӕххы кӕрӕтты дӕр нал ауайдзӕн. Ӕрмӕст ӕм мӕн сминӕвар кӕн.

– Ӕндӕр хорз ницы ракурин Хуыцауӕй: мӕ ис-мӕ бисӕн дын йе ‘мбис раттин, – загъта ӕлдар.

– Уӕдӕ цӕуын ӕз хурыскӕсӕн ӕлдармӕ минӕвар. Фӕлӕ дӕуӕй дӕр цы курон, уый мын сараз мӕ балцӕн.

– Цыдӕриддӕр зӕгъай, цӕттӕ дын уыдзысты, кӕдмӕ зӕгъай, уӕдмӕ, – загъта ӕлдар.

– Хорз, уӕдӕ. Иу стыр теуа ӕмӕ иу, стыр боцъотӕ кӕмӕн уа, ахӕм цӕу мын ссар, ноджы мын фондзыссӕдз барӕджы бафтау мемӕ, – уыдон дын, мӕ балцӕн чи хъӕуы, уыдон.

Араст кодта лӕппу хурыскӕсӕн ӕлдармӕ. Фондзыссӕдз барӕджы йӕ фӕдыл, теуа ӕмӕ зачъеджын цӕу. Цӕуынц, цӕуынц, чи зоны, цӕйбӕрц фӕцыдаиккой. Фӕстагмӕ хурыскӕсӕн ӕл-дары хъӕумӕ баввахс вӕййынц.

– Хъӕугӕрон дыууӕ дихы фӕуыдзыстӕм. Не ‘мбис тӕргӕ бӕхтыл хъӕууынгты ӕруайдзысты; хъӕуы куыйтӕ сӕ фӕдыл фӕуыдзысты, цы сты, уымӕй; уӕд сымахӕн уӕ аннӕ ӕмбис куыйты айсдзыстут фӕстейӕ; куыйтӕ уӕ астӕуӕй куыд фӕуой, афтӕ. Кӕсут, ӕвӕдза куыйтӕ уӕ астӕуӕй фесты, афтӕ сыл ралӕуут, иу дӕр дзы удӕгасӕй куыд нӕуал аирвӕза, афтӕ. Уый фӕстӕ ӕрхиздзыстӕм ӕлдары уазӕгдоны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзыллӕ уӕм смӕсты уыдзысты, дзуапп уӕ агурдзысты, фӕлӕ уӕ мачи мацы срӕдиа! Цасдӕриддӕр уӕм нӕ дзурой, мачи уӕ срӕдийӕд.

Куыд сфӕнд кодтой, афтӕ кӕнгӕ дӕр бакодтой. Хъӕуы уынг тъыбар-тъыбур, куыйты рӕйын фестади ӕваст. Хъӕуы куыйтӕ ӕваст барджыты астӕу фесты; барджытӕ сæ хӕрз цагъд ныккодтой, сӕхуыдтӕг ницы ракӕноны хуыз райстой ӕмӕ хурыскӕсӕн ӕлдары уазӕгдоны ‘рхызтысты.

Дзыллӕ фӕфӕдис сты, уазӕгдоны раз рамбырд сты, ӕмӕ бӕстӕ ӕппӕт сдзолгъо-молгъо. Хъӕубӕстӕй чи афтӕ: «Марын сӕ хъӕуы, нӕ куыйты маст сӕ райсӕм», чи та афтӕ: «Ӕлдары ӕвастӕй сӕм куы бавналӕм, уӕд, йӕ ахаст ын зонут – куы смӕсты уа. Бауырнӕд уӕ, нӕ куыйтӕ куыд нӕ уыдысты, фӕлӕ нӕ уыдон маст дӕр нал бандавдзӕн: нӕ хъӕуы ‘мбис нын цӕгъдгӕ дӕр ныккӕндзӕн, арт дӕр ыл бандзардзӕн. Зонут, зиан скӕнӕг уазӕг бакодтой сӕхи». «Уӕдӕ куыд?» «Уӕдӕмӕ сисӕм лӕгтӕ нӕ астӕуӕй ӕмӕ сӕ барвитӕм ӕлдармӕ. Уыдон ын хъуыддаг бамбарын кӕндзысты ӕмӕ уӕд сбӕрӕг уыдзӕн, цы кӕнын хъӕуа, уый».

Минӕвӕрттӕ бацыдысты ӕлдармӕ, хъуыддаг ын фехъусын кодтой. Ӕлдар сын загъта:

– Ацӕут ӕмӕ сӕ бафӕрсут – цӕмӕн фӕцагътой хъӕубӕсты куыйты? Цы сын ракодтой?

Уазӕгдонмӕ бацыдысты ӕмӕ фӕрсынц. Уазджытӕй ничи ницы дзуры. Минӕвӕрттӕ кӕрӕдзимӕ бакӕсынц. Уӕд лӕппу ныхас кӕнын байдыдта, ахӕцыд ӕмӕ ахӕцыд, ахӕм койтӕ сын ракодта ӕмӕ хъуыддагмӕ ‘ввахс дӕр нӕ бацыдысты.

Минӕвӕрттӕ дзуапп ӕнхъӕлмӕ фӕкастысты, стӕй баздӕхтысты ӕлдармӕ ӕмӕ йын радзырдтой:

– Уазджытӕ сты иу лӕппу ӕмӕ фондзыссӕдз лӕджы. Фарстам сӕ ӕмӕ фондзыссӕдз лӕгӕй иу ныхас дӕр ничи скодта, цавддурты лӕуд кодтой. Фӕлӕ лӕппу, стъӕлды фӕуа, зӕххӕй уӕлӕмӕ тыххӕй зыны, – дзурынтӕ байдыдта и, – цу, цу! Кӕуылты нӕ ахӕцыди. Дзуапмӕ фенхъӕлмӕ кастыстӕм, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.

– Цӕугӕут ӕмӕ сын зӕгъут: дзуапп уын стыр гуыр ӕмӕ чысыл сӕр кӕмӕн уа, ахӕм лӕг куыд радта, афтӕ.

Уымӕ сын лӕппу теуа ӕрбаласын кодта ӕмӕ сын загъта:

– Ай хуызӕн стыр гуыр кӕмӕн разына, стӕй ай сӕры йас чысыл сӕр не ссардзыстут иу лӕгӕн дӕр ӕгас дунейыл дӕр. Фӕлӕ уын йӕ гуырмӕ гӕсгӕ дзуапп дӕр радта, уый у гуырысхойаг.

Ӕлдар йӕ сӕр акъахта, лӕппуйы дзуапп ын куы фехъусын кодтой, уӕд.

– Зӕгъут сын, цӕмӕй уын дзуапп радта зачъеджын лӕг.

Ӕмӕ уӕд лӕппу ‘рбахонын кодта минӕвӕртты размӕ цӕуы.

– Бауырнӕд дӕ, мӕнӕ ацы цӕуы зачъетӕй стырдӕр ӕмӕ аивдӕр зачъетӕ бирӕ не ссардзыстут, иу афӕдз куы фӕцагурат, уӕддӕр. Фӕлӕ ‘нхъӕл дӕн, ӕмӕ йӕ дзуаппыл уыйбӕрц нӕ бадомдзыстут.

Бахастой та ӕрвыст лӕгтӕ лӕппуйы дзырдтӕ хурыскӕсӕн ӕлдармӕ. Ныттылдта ӕлдар йӕ сӕр ӕмӕ загъта: «Хуымӕтӕджы уазӕджы ахӕсты нӕ фӕдӕн. Цон сӕм мӕхӕдӕг».

Ӕгасцуай загъта уазджытӕн ӕлдар, ӕрбадт, кӕм ыл ӕмбӕлд, уыцы ран, стӕй фӕрсы:

– Цӕмӕ гӕсгӕ ныццагътат хъӕубӕсты куыйты?

Фондзыссӕдзӕй ӕнцад лӕууынц, лӕппу дзырд айста йӕхимӕ:

– Ӕмӕ уӕдӕ куыд бакодтаиккам, дӕ хорзӕхӕй, ӕлдар? Кӕсыс нӕм, айбӕрцӕй цуаны рацыдыстӕм, иу ран иу хъӕдмӕ баввахс стӕм, хурныгуылӕнырдыгӕй. Кӕсӕм ӕмӕ хъӕдгӕрон хур йӕхи ӕрцауыгъта, афтӕ фондзыссӕдз саджы астӕумӕ кӕрдӕгыл хизынц, сагтӕ, сӕрджын сагтӕ се’ппӕт дӕр. Нӕхи бацӕттӕ кодтам, фӕйнӕ сагмӕ бахъавыдыстӕм ӕмӕ сӕ ныр рафӕлдахӕм, зӕгъгӕ, афтӕ уӕ хъӕуы куыйтӕ срӕйдтой; сагтӕ фӕтарстысты ‘мӕ сӕ нӕ цӕст дӕр нал ауыдта. Цы бакодтаис, ӕлдар, ды мах бӕсты? Цӕгъдын сыл не ‘мбӕлди, мах утӕппӕт сагтӕй ӕнӕхай чи фӕкодта?

Ӕлдар иуцъусдуг ахъуыды кодта, стӕй загъта:

– Фӕуӕд афтӕ дӕр; фондзыссӕдз саджы ссардтат хъӕдгӕрон, дард кӕмдӕр, хурныгуылӕны, фӕлӕ ма уӕ бафӕрсон – куыйты рӕйын та уый бӕрц дард ранмӕ куыд байхъуыстаид, бӕхджын ӕм къуыри куынӕ фӕхӕццӕ уыдзӕн, уӕд?

– Ӕлдар, уый фӕдыл дын ӕз иучысыл ӕмбисонд ӕрхӕсдзынӕн, байхъусын мӕм дӕхицӕн аккаг куы скӕнай, уӕд, – загъта лӕппу.

– Хъусын дӕм, байдай дзурын, мӕ уазӕджыхай, – дзуапп ын радта ӕлдар.

– Кӕмдӕр, дард, арвӕн йӕ иу кӕрон, хурныгуылӕнырдыгӕй ӕвзӕр байраг ныззади ӕлдары ефс. Уыцы хабар байхъуыст ӕндӕр ӕлдармӕ, уый та царди арвӕн иннӕ кӕрон, хурыскӕсӕнырдыгӕй. Фӕстаг ӕлдар ӕрдау кодта байрагыл, ӕмӕ йыл дау дӕр цӕмӕ гӕсгӕ ӕркодта, уый дын куы радзурин. Баздӕхт ӕмӕ барвыста, байраг кӕй уыди, уыцы ӕлдармӕ: «Мӕ уырс ныууасыди денджызы былыл, хурыскӕсӕны, хурныгуылӕны йӕ дӕ ефс фехъуыста ӕмӕ дын байраг ныззади. Байраг мӕ уырсӕй кӕм у, уым мӕныл ӕмбӕлы ӕмӕ мыл ӕй тагъд сӕмбӕлын кӕн». Ныр дӕм, ӕлдар, ӕз дӕр бауӕнддзынӕн, кӕд фӕстаг таурӕгь бауырнинаг у, уӕд раззаг таурӕгъ цӕмӕ гӕсгӕ нӕу бауырнинаг? Ӕви ӕгас хъӕубӕсты куыйты хъӕр иу уырсы хъӕры хуызӕн нӕ айхъуыса?

Ӕлдар хорзау нал фӕци. Стӕй ӕрӕджиау загъта:

– Иунӕг чызг буцӕн фӕхастон ацал-ауал азы, мӕ зӕрдӕмӕ чи бацыдаид, ахӕм лӕппуйыл никуы фӕхӕст дӕн ныры онг. Фӕлӕ ӕнхъӕл дӕн, ды мын хӕстӕгӕн сбӕздзынӕ. Мӕ иунӕг буц чызджы дын аккаг кӕнын. Хурныгуылӕн ӕлдарӕн дӕр амӕттаг уӕд йӕ байраг.

Лӕппу хурыскӕсӕн ӕлдары чызджы рахаста ӕмӕ ӕлдары бынтыл ӕрӕнцад. Хурныгуылӕн ӕлдар чындзӕхсӕв скодта. Адӕм дзы хъӕлдзӕгӕй минас фӕкодтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.