Якутскы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир «Мемориал Романа Дмитриева – 2022». Ерысты уæлахиздзау ссис хуссарирыстойнаг богал Джиоты Арсений. Уый фыццаг бынат бацахста 79 кг уæзы категорийы. Финалы 11:0 хыгъдæй рамбылдта Бурятийы минæвар Аюр Жигжитовы.

Ерысты ма Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Бугулты Зауырбег (70 кг) æмæ Джиоты Жорик (97 кг). Æвзист призертæ та систы Гобаты Артем (57 кг) æмæ Хъотайты Тимур (86 кг). Бронзæйон хорзæх та бафтыд Плиты Аланы къухты (92 кг).

 

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы Фыццаг дивизионы 9-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Грознæйы фысымиуæг кодта чемпионаты лидер Набережные Челныйы «КАМАЗ»-æн. Алайнæгтæ сæ фембæлд ауагътой бæрзонд æмæвæзадыл æмæ сын бантыст 4:2 хыгъдæй рамбулын. Хъазты 11-æм минутыл хыгъд байгом кодта Хосонты Хетæг. Уымæй æртæ минуты фæстæдæр алайнæгты дыккаг пурти бакъуырдта Хъæцмæзты Сослан. Фембæлды дыккаг хайы райдианы хыгъд 3:0 скодта дзæуджыхъæуккæгты размæбырсæг Артур Галоян. Æмæ кæд «Алани»-йы спортуарзджытæ æнхъæл уыдысты æмæ сæ уарзон командæ æнцонтæй фæуæлахиз уыдзæн, уæд афтæ нæ рауад. 64-м минутыл «КАМАЗ»-æн бантыст нырма иу пурти бакъуырын, æмæ уымæй æртæ минут фæстæдæр та бакъуырдтой дыккаг пурти дæр. Уыцы хъуыддаг сæ сразæнгард кодта ноджы стырдæр тыхтæй размæ абырсынмæ. Фæлæ сын алайнæгты размæбырсæг ислам Машуков сæ фæнд фехæлдта. Уымæн 72 минутыл бантыст хыгъд 4:2 скæнын. Хъазт фæцис ахæм хыгъдæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы сезоны «КАМАЗ» фыццаг хатт кæй фæхæрд.

«Алани» радон хъазт акæндзæн 18-æм сентябры Мæскуыйы «Велес»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.