Пенсиисæг æмбæстæгтæн иурæстæгон æхцайы бафысты тыххæй

Пенсиисæг æмбæстæгтæн социалон æххуыс бакæнынæн мадзæлттæ сæххæст кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

1.Нысан æрцæуæд иурæстæгон бафыст æмбæстæгтæн 5 000 (фондз мин) сомы, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзухæй чи цæры æмæ 2022 азы 31-æм августы уавæрмæ гæсгæ сты пенсиисджытæ, кæцытæ нысан æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ не сты пенсиисджытæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ.

2.Ацы Барамынд реализаци кæнынимæ баст хæрдзтæн æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцæуæд республикæ Хуссар Ирыстоны социалон фонды æхцайы фæрæзтæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджетæй.

3.Иурæстæгон æхцайы бафыст лæвæрд æрцæуæд пенситæ цы фæтк æмæ уавæрты лæвæрд æрцæуынц, афтæ.

4.Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад сифтонг кæ-нæд фидаргонд фæткмæ гæсгæ хæрдзтæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын, кæцытæ баст сты ацы Бара-мынды реализациимæ.

5.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал, 2022 азы 9 сентябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.