Президент Бибылты Анатоли хайад исы Петербургаг дунеон экономикон форумы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, Фи-нансты министр Хæбæлаты Азæ, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг хайад исы Петербургаг дунеон экономикон форумы пленарон рабадты, афтæ ма йын форумы фæлгæтты фембæлдтытæ уыд политиктæ æмæ бизнесментимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны делегацитæ, афтæ ма ирон æхсæнады минæвæрттæ дидинджытæ сæвæрдтой Санкт-Петербургы Мады Майрæмы аргъуаны цур Беслæны трагедийы амæттæгты монументыл.

Малоохотинскы проспекты Мады Майрæмы аргъуаны дидинджытæ сæвæрыны фæстæ, кæцыйы цур арæзт æрцыд цырт Беслæны трагедийы амæттæгтæн, æнæаххосæй фæмардуæвджыты мысынады тыххæй ссыгътой цырæгътæ.

Хуссар Ирыстоны делегаци Санкт-Петербургмæ æрцыд Петербургаг дунеон экономикон форумы хайад райсыны тыххæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.