8-æм июны Цхинвал-Дзæуджыхъæуы фæндагыл трагиконæй йæ цард аскъуыд нæ коллегæ, диссаджы адæймаг æмæ хорз хæлар Кокойты Элеонорæйæн. Нырма хæрзæрæджы  уый цæттæ кодта æрмæджытæ, куыста æмæ худтис немæ, абон та нæ фарсмæ нал ис, бынтон æнæнхъæлæджы фæмард трагикон æгъдауæй. Уый уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæйы хуыздæр кусджытæй сæ иу. Йæ профессионалон миниуджытæн иу æмæ дыууæ хатты не саргъ кодта  Республикæйы къухдариуæгад.

Элеонорæйы цард уыд цыбыр. Райгуырд 1992 азы 25 июлы. Йæ ахуыргæнджытæ æмæ йе ‘мкъурсонтæ куыд банысан кодтой, афтæмæй уый ахуыр кодта тынг хорз, уыд зондджын æмæ активон хайадисæг æхсæнадон царды.

2018 азы октябры мæйы Эля кусын райдыдта Президенты пресс-службæйы. Уыцы азты уый фæндаг ссардта йе ‘мкусджытæй алкæй зæрдæмæ дæр. Уыд хæрзæгъдау, куыстуарзаг æмæ тынг зæрдæхæлар адæймаг.

Зын ссарæн сты ахæм ныхæстæн, цæмæй равдисæм ацы ирд адæймаджы миниуджытæ. Уый алыхатт дæр уыд худæндзаст, байхъуыстаид дæм æмæ дын баххуыс кодтаид. Йæ хæлæртты æмæ коллегæты нырма дæр нæ уырны Элийы амæлæт… Ныхæстæй равдисæн нæй нæ рыстæн… Мах, хъынцъым кæнæм йæ нана æмæ йе ‘ввахс хиуæттимæ.

Йæ рухс ном æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты.

Æмбæлтты къорд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.