Ирыстоны дзыллæйыл æрцыд уæззау зиан. Цардæй ахицæн ахуыргæнæг-легендæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг, Уæрæсейы Феде-рацийы сгуыхт ахуыргæнæг, Ленины ордены кавалер æмæ РХИ-йы уæлдæр хорзæх – Кады ордены хицау Джиоты Мария Федры чызг.

Ацы диссаджы уæздан æмæ куыстуарзаг сылгоймаджы хорзы кой хъуыстгонд у æнæхъæн Ирыстоныл йæ æвæллайгæ хъомыладон архайдæй. Уый уыд йæ радтæг адæмы аккаг чызг, кæцы стыр хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады рæзтмæ. Джиоты чызджы гæнæн ис схонæн Хуссар Ирыстоны райдиан кълæсты ахуыргæнджыты ахуыргæнæг дæр. Йæ уарзон профессийæн – рæзгæ фæлтæры хъомыладæн снывонд кодта 70 азæй фылдæр. Йæ ахуыргæнинæгты  бирæ фæлтæртæн, æппæт Хуссар Ирыстонæн дæр  ссис  ахуыргæнæджы бæрзонд номы фæлгондз. Ныййарджыты ‘хсæн йæ авторитет афтæ тынг сырæзт æмæ сæ алкæцыйы дæр фæндыд йæ сывæллоны Мария Федры чызджы къласмæ бакæнын. Йæ æнтыстджын педагогон куысты тыххæй Джиоты Мария бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд хицауадон бæрзонд хорзæхтæй. 1969 азы йын лæвæрд æрцыд Советон Гуырдзыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном. 1976 азы та хорзæхджын æрцыд Советон Цæдисы иууыл стырдæр хорзæх – Ленины орденæй.

Мария Федры чызг йæ æвæллайгæ хъомыладон архайдæй йæхицæн ахæм ном скодта, æмæ йын  саккаг кодтой ахæм кадджын хорзæх дæр. 1977 азы йын аттестацион къамисы уынаффæмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд ахуыргæнæг-методисты ном. Мария Федры чызг у ирон скъолайæн уырыссаг æвзагыл ахуыргæнæн чиныг-дамгъуаты автор.

Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ, уымæн йæ фæллойадон архайд райдыдта 50-60-æм азты. Æмæ уæдæй фæстæмæ Горæт Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъола йæ хъомылгæнинæгтимæ ссис йæ дыккаг хæдзар. Цыдысты азтæ, мæйтæ, фæлæ Марияйы йæ уарзон коллективæй йæ къах никуыдæм уал ахаста, кæд йæ хорзы кой айхъуыст нæ горæты иннæ скъолатыл æмæ йæ бирæтæ хуыдтой сæхимæ кусынмæ уæддæр.

Джиоты Мария уыд амондджын адæймаг уымæн – 70 азы дæргъы фæллой кодта йæ уарзон куысты æмæ дзы фæллайын нæ зыдта. Уый æрмæст Ахуыргæнæг нæ уыд, фæлæ ма йе ‘взонг коллегæты хъомылгæнæг дæр.  Йæ цард нæ уыдта æнæ йæ уарзон архайдæй. Уал азы дæргъы  цал сывæллоны æрбахъæбыс кодта, мады рæвдыд  цал скъоладзауы бакодта, цал ахуырдзауы батавта йæ уды хъармæй, цал рæзгæ уды  бафтыдта царды раст фæндагыл, цал ахуырдзауæн бацамыдта кæсын æмæ фыссын, уыдон зын банымайæн сты, уымæн сæ нымæц ахызт мингæйттæй. Йæ ахуыргæнинæгтæй алкæмæ дæр дардта иугъуызон уарзæгой ахаст, уарзта æмæ сæ рæвдыдта хи мадау.  Æвæдза, цас йæ бон уыд уарзын, лæггад кæнын, быхсын…

Амондджыныл сæхи нымайынц йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ дæр. Бузныг зæгъынц  хъысмæтæн  ахæм диссаджы ахуыргæнæг, Стыр адæймагимæ сæ кæй сбаста, йæ зонындзинæдтæ сын рæдауæй кæй амыдта, уый тыххæй. Уый йæ уарзон ахуырдзауты зæрдæты ахæм хъарм мыси-нæгтæ ныууагъта æмæ йæ нæ рох кæнынц кæд скъолайы къæсæрæй раджы рахызтысты, кæд сæхæдæг абон ныййарджытæ, Дадатæ æмæ Нанатæ сты, уæддæр. Цахæм стыр кад хъуамæ скæнай дæхицæн дæ ахуыргæнинæгты цæсты æмæ дæм æрвылаз дæр 1-æм сентябры  дидинджытимæ цæуой æмæ дын афтæмæй арфæ кæной ног ахуыры азы цытæн. Йæ интервьютæй сæ иуы Мария Федры чызг афтæ загъта: «Рацыд бирæ азтæ, мæ ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг систы мæдтæ æмæ фыдтæ, Нанатæ æмæ Дадатæ, фæлæ сыл куы амбæлын, уæд сæ базонын сæ хъæлæсæй. Уыдон мæ сæхæдæг дæр базонынц, тынг мыл бацин кæнынц æмæ мын уый радты ног тыхтæ кусынæн. Мæ раздæры ахуырдзаутæй сæ фылдæримæ æмбæлын æппынæдзух дæр. Уыдонæй бирæтæ цæрынц не ‘хсæн, бирæтæ дзы сты мæ коллегæтæ, кæцытæ алыхатт дæр цæттæ сты æххуысмæ фæзынынмæ, æмæ куы бахъæуа, уæд та уынаффæ райсынмæ. Тынг æхсызгон мын вæййы мæ ахуырдзаутæй  скъола раджы каст чи фæци æмæ Хуссар Ирыстонæй чи ацыд, уыдон мæм бæрæгбонты куы фæдзурынц æмæ мын арфæйы хъарм ныхæстæ куы фæзæгъынц. Мæ раздæры ахуыргæнинæгтæ тынг бирæ сты, фæлæ сæ хъуыды кæнын алкæйы ном æмæ мыггаг дæр. Хатт мæм афтæ фæкæсы, цыма мын абоны онг дæр мæ раздæры ахуырдзаутимæ цахæмдæр æнæуынгæ бастдзинад ис».

Æрмæст йæ ацы ныхæстæ дæр дзурæг сты уымæн ахуыргæнæджы курдиат Стыр Хуыцауæй лæвæрд кæй уыд, ууыл. Æндæра уал азы фæстæ дæ ахуырдзаутæй алкæйы ном æмæ мыггаг дæр хъуыды кæнай, сæ хъæлæсæй сæ базонай, уый стыр  диссаг у. Иннæмæй та Джиоты чызг райгуырд 1-æм сентябры – Зонындзинæдты боны æмæ уый дæр, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæ уыд. Æрдз ын æгæронæй схæлар кодта Ахуыргæнæг-Хъомылгæнæджы курдиат æмæ дзы рæзгæ фæлтæры хъомылады пайда кодта парахатæй. 1-æм сентябры йыл сæххæст уыдаид 93 азы, фæлæ…

Йæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ систы зынгæ адæймæгтæ, кæцыты ‘хсæн сты Остъаты Джульеттæ, Джиоты Аллæ, Чехойты Анатоли, Кулиджанов Григори, Чилæхсаты Иринæ, Гасситы Натали, Медойты Димитр, Къæбысты Георги, Плиты Алан, Габайты Михаил, (дзæнæттаг), Санахъоты Сергей, Гаглойты Михаил æмæ бирæ æндæр зындгонд адæймæгтæ.

Ацыд а-дунейæ адæймаг-эпохæ, ахуыргæнæг-легендæ, фæлæ йæ ном цæрдзæн йæ радтæг ирон адæмы зæрдæты. Рухсаг у!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.