Зæххыл цы бирæ професситæ ис, уыдонæн сæ сæрæвæрæн куыдфæндыйæ дæр у ахуыргæнæджы професси. Æцæгдæр ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы куыстыл чи æрлæууы, уый æвзонг фæлтæры, сомбоны цардаразджыты, фыццаджыдæр, бафтауы царды раст фæндагыл, зонындзинæдтæй йæ хайджын кæнгæйæ. Уæрæх фæндаг сын радты дарддæры дæсныйад райсынæн.

Ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы дæсныйад райсынмæ нæ хъавыд къуыдаргоймаг зæрдæргъæвд лæппу Зассеты Иван. Куыддæр æнтысгæйæ каст фæци астæуккаг скъола, афтæ ахуыр кæнын райдыдта инженерон техникумы. Йæ хъуыддæгтæ хорз цыдысты, фæлæ дзы иу афæдз йедтæмæ нæ сахуыр кодта, стæй йæ ныууагъта. Æнæмæнг ын æрдзæй лæвæрд уыд хъомылгæнæджы арфæйаг професси æмæ уымæ гæсгæ сси Хуссар Ирыстоны паддзахадон  пединституты физикæ æмæ математикæйы факультеты студент. Æвзыгъд уыд ахуырмæ Зассейы фырт æмæ дзы райгонд æмæ буц уыдысты йæ лектортæ. Уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ кусын райдыдта Къуайсайы астæуккаг скъолайы. Иван йæ ахуыргæнинæгтæн уарзын кодта йæ предмет æмæ дзы бирæтæ систы геологтæ, инженертæ, инженер-механиктæ. Уыдон-иу ахуыр каст фæуыны фæстæ, фæллой кодтой куыд нæхи республикæйы, афтæ Мæскуы, Ленинград, Киев, Ташкент æмæ Советон Цæдисы æндæр горæтты. Зассейы фырт ма куыста æмæ йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй хæлар кодта æндæр æмæ æндæр скъолаты, уыцы нымæцы Дзауы скъола-интернаты, уыд Знауыры районы адæмон ахуырады методист, поселочы астæуккаг скъолайы директор. Фæстаг азты та куыста Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады метод-кабинеты хистæрæй.

Ахуыргæнæджы профессийы фæндагыл чи фæцыд, йæ зæрдæ йыл чи нæ сивта, фæлæ æппæт йе ‘мбаргæ цард рæзгæ фæлтæры хъомыладæн чи радта, уыдонæй уыд Зассеты Иван. Æцæгдæр, 50 азы ахуыргæнæджы куыст æнцон кæм уыд, бирæ тых æмæ хъару хардз кæнын æй хъуыд, фæлæ уыцы зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ дардта. Уый нæ, фæлæ цас зындзинæдтыл æмбæлд, уый бæрц йæ тых та кодта фылдæр. Уый та нысан кодта: уарзта йæ дæсныйад, æнувыд уыд кæстæрты хъомылады куыстыл. Уымæн æмæ зыдта, йæ фыдæбон æнæхъуаджы кæй нæ уыдзæн, сомбон хорз фæстиуджытæм кæй ис æнхъæлмæ кæсæн.

Æрæджы ацы дунейæ йе ‘нусон бынатмæ ацыд Иван. Ахæм адæймагæн йæ ном мысинаг вæййы кæддæриддæр æмæ йæ мысдзысты йæ бирæ ахуыргæнинæгтæ, йæ хиуæттæ, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.