Иры интеллигенцийыл, нæ театрыл, æрцыд уæззау зиан, фæхъуыд йæ цардæй нæ театры активондæр архайджытæй иу, не сценæйы фидауц, арæхстджын комик, нæ театрдзауты уарзон актрисæ Гояты Нателæ Никъалайы чызг.

Нателæ сценæ скъолайы бауарзта. Арцеуы скъолайы ахуыр кæнгæйæ, йæхи æппæрста кæддæриддæр сценæмæ, уарзта кафт, зард, иууыл фылдæр та драмкъорды куыст.

Йæхи амондджыныл нымадта Нателæ, кæй фæцис каст Мæскуыйы Аивадон Академион театры цур Вл. Ив. Немирович-Данченкойы номыл театралон институт 1961 азы.

1961 азæй фæстæмæ, Нателæ йæ цард æмæ куыст сбаста нæ театримæ. Театр йæ хæдзар уыд, сценæ та – йæ авдæн, йæ мад. Уарзта йæ куыст, йæ бæрны уæвæг рольтæ кæддæриддæр уыдысты бакуыстгонд, фæлвых рольтæ никуы рахаста рæгъмæ.

Уыдон та уыдысты: Гафезы «Бæсты фарн»-ы – Онай; Брытъиаты Зариффæ æмæ Салам-ты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæв»-ы Розæ; Мамсыраты Дæбейы «Хæсанæ»-йы Заремæ; Хуыгаты Георы комеди «Мæ усы лæг»-ы  Заретæ.

Арæхстджын уыд Нателæ æндæр нациты цардыл дзурæг пъесæты дæр. Уыдон та сты: Гольдонийы комеди «Худæджы хабар»-ы  Маринæ; Шамхаловы комеди «Æфсин»-ы Садагят; Псафасы комеди «Хъæуы нæ фæлитой»-йы  Кула; Гоголы «Ус курын»-ы Агафия Тихоновна; Розовы «Æнæмсæр тох»-ы  Тамарæ; Мухтаровы «Хъæлдзæг уазæг»-ы – Багты; Шекспиры «Сæрдыгон æхсæв»-ы – Фэя æмæ æндæртæ.

Куыд адæймаг, куыд ирон сылгоймаг, афтæ Нателæйæн æмбал нæ уыд. Уарзта цард, уарзта йæ адæмы, уарзта йæ коллективы. Егъау аргъ кодта йе ‘мзиууæттæн, уыд хъæлдзæг, раст æмæ æнæхин адæймаг царды дæр æмæ куысты дæр.

Уæззау дуджы дæр æнæфæцудгæ уыд Нателæ, никуы систа йæ къух нæ театрыл, йæ ба-сыгъдыл кæугæ дæр бирæ фæкодта.

Хъыгаг у, Нателæ ног театры агъуысты йæ уæнгтæ кæй нал аивæзта, йæ зæрдæбын ныхас æмæ дзы худт кæй нал райхъуыст.

Йæ фыдæбæттæн фаг аргъ не ‘рцыд рæстæг æмæ дуджы аххосæй. Уыд Цæгат Ирыстон – Аланийы сгуыхт актрисæ. Махæн та нымад у, куыд Хуссар Ирыстоны адæмон артист.

Дзæнæты бад Нателæ. Дæ рухс ном никуы уыдзæн рох дæ коллективæй, нæ театрдзаутæй. Дæ рухс фæлгондз æвдисæг нывтæ сты æмæ уы-дзысты нæ театры къултыл.

РУХСАГ У!

          Дæ уарзон коллектив

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.