Нæ  нывæфтыд дзырдаивадыл та æрцыд уæззау зиан. Цардæй ахицæн нæ фысджыты хуыздæртæй иу – поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг Хъодзаты Æхсар. Йе сфæлдыстадон фæндаджы тæккæ  райдианы фæлгонцон хъуыдыйæ загъта йæ равзаргæ балцы тыххæй: “Иры зæххæн райгуырдтæн фыртæн, Уарзын æз ныййарæгау нæ бæстæ Æмæ-иу мæ ингæныл цыртæн Сæвæрут цъæх айнæг дур æрмæстдæр”.

Нæ фарнæн райгуырд Хъодзаты Мæхæмæты фырт Æхсар Ирыстоны цæгат хайы Бруты хъæуы 1937 азы, хурхæтæны мæйы 30-æм бон.  Бруты хъæуы йæ сабибонтæ арвыста нæ фыццаг профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат. Уым райгуырд æмæ цард таурæгъгæнæг Санаты Уари. Не скæнæджы комулæфт зæрдæзæгъгæйæ фæхæццæ Хъодзайы-фыртмæ дæр.

Кæд уыд ирон поэтæн йæ зарæг йæ дарæг?! Фæлæ нæм, мæгуыргурæй дæр зæрдæ зарæгыл сивын алы хатт дæр нымад уыд æгадыл, æгуыдзæг хъуыддагыл. Уæлдайдæр, разагъды поэтæн. Алцæмæ цымыдис, зæрдæргъæвд æмæ фæндвидар Æхсарыл йæ сабибонтæ куыд тагъд аивгъуыдтой, уый йæхæдæг дæр рæстмæ нæ базыдта.

Поэты зæрдæйы мысинагæй баззадысты, йæ сабибонты цы диссаджы нывтæ федта, уыдон. Уæрдон ын уыд къæс-къæсгæнаг, цæлхытæ – тæссарвад, бæлæстæ – дæргъæлвæст, æрхытæ – къæвдахæрд… Æмæ нæ уыдон æркæнынц,  куыд «ныгъуылдысты обæуттæ асæст-фæздæджы», куыд «тæлфыди тыппыр æртæх уазал кæрдæджы…» – æппæт уыдæттæ фенынмæ. Стæй æрмæст фенынмæ нæ, фæлæ сын сæ нысаниуæгыл ныссагъæс кæнынмæ. Афтæмæй-иу цæстуынгæ нывты фæрцы поэтæн раудæгас сты, йæ уындыл, йæ кондыл æнувыд кæмæн уыд, уыцы алæмæтон æрдзы диссаджы рæсугъд хъæбыс. Нæ разы сысты фæлгонцонæй, фенддагæй. Фæлæ лирикон хъайтары сабибонтæ кæй атæхынц, раздахæн сын кæй нал ис, ууыл уыд йæ катай. «Фæлварæн хид» ын ссис сабикарæй тыхбыны куыстмæ хизыны рæстæг. Фæлæ рагуалдзæгæн нал дæр лæгъстæтæй ис раздахæн, нал дæр: «…Мæ рагуал-дзæг, раздæх!» – хъæлæсыдзаг си-дын…»-æй. Ис ын æнустæм æрмæстдæр мысæн. Æмæ поэт уыцы мысинæгтæй, ирон проблемæтæй фæлдыста поэтикон уацмыстæ. Афтæмæй, цард йæхирды-гонау, фæлгонцонæй уынгæйæ. Йæ рай-гуырæн хъæуы скъолайы фæцис каст авд къласы. Фæцалх æппæтзонæг чиныджы æвзагыл. Фæлæ йæ, æппæты фыццаг хур цы уæзæгыл федта, уыимæ бахъуыд уым, Бруты, йæ ахуыр ныууадзын. Нæ фидæны поэтæн, йæ цардвæндаг бæрæг нæма уыд, афтæ йæ ныййарджытæ 1952-æм азы хуыздæр цардæнхъæл алыгъдысты Кæсæг-Балхъары автономон республи-кæйы Терчы сахармæ, æмæ зæрдæргъæвд лæппу астæуккаг ахуырад райста уым. Æвзонг лæппуйы дуджы фыд фехста царды хъæбысмæ – «Куыст – цардæн фæрæз!» Æхсары бахъуыд Назраны станцæйы поездты вагæттыиугæнæгæй ку-сын.

1956-æм азы æнтысгæйæ фæлварæнтæ радта æмæ ахуыр кæнын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультеты. Фæлæ 1959-æм азы Цæгат Ирыстоны æвзонг поэттæн цы иумæйаг æмбырдгонд рацыд, уый райдыдта Хъодзаты Æхсары уацмыстæй.

1967-æм азы 30-аздзыд лæппу-лæг йæ куыстæй, йæ бинонтæй йæхи атыдта, ацыд Мæскуымæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта, ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы М. Горькийы номыл Литературон институты цы дыууæазон уæлдæр литературон курсытæ уыдис, уым.

Хъодзайы-фырты ном уæдмæ æнæхъæн Ирыстоныл айхъуыстис. Дзæвгар рæстæджы, йæ адзалæй æртæ азы размæйы онг сæйраг редакторæй куыста æмæ йæ къахыл слæууын кодта журнал “Мах дуг”-ы. Уыимæ бацис дзæвгар зæрдæмæдзæугæ чингуыты автор: “Æхсар” (1965), “Адæмы хъæр” (1969), “Ӕрттигъ” (1983). “Рухс” (1987),”Къостайы хæдзар” (1991), “Дыууæизæрастæу” (1994), “Хуыцауы бон” (1998), “Зынджы бардуаг”     (2003) æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон ын йæ ном мæлын никуы бауадздзысты.

Ӕхсар, рухс дзæнæты бад.

Ирыстоны Фысджыты цӕдис

 

ТӔФӔРФӔСЫ ТЕЛ

Ӕхсарæй дæр бацарæфтыд стæм.

Стыр Хуыцау нын æй ирон нывæфтыд дзырды фарнæн, ирон лæджы ном æрвон бæрзæндмæ исынæн радта, фæлæ фыдлæгты ардыдæй фыдвæндæгтыл цыд фæцис.

Ныр та дæ фæстаг фæндаг, дзæнæты фæндагыл цæуыс, нæ иузæрдион хæлар, æмæ дæм фыдлæджы æфхæрæн дзырд макуы фæхæццæ уæд.

Хатыр, дæ фæстаг фæндагыл дын мæ бон мæ арм дæ табæтыл авæрын кæй нæу, уый тыххæй.

Рухсаг у.

14.11.2021

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.