Булкъаты Михалы райгуырдыл сæххæст 95 азы

 

Фыртæн не `мбæлы йæ фыдыл фыссын. О, ирон литературæйы классик у мæ фыд, йæ романтæ ахъаззаг айхъуыстысты Ирыстоны, уæддæр не ‘мбæлы. Цæмæн? Уымæн æмæ хаттæй-хатт тугхæстæгдзинад логикæйæн йæ къубал сыз-духы æмæ рæстдзинадæн йæ уæз йæ бынатæй фенкъуысын кæны. Æмæ уæд нæ ныхасыл райдайæм, лæгыл цы нæ фидауы, ахæм удгоймагон миниуджытæ ‘фтауын. Æвæццæгæн, уый æнæныббаргæ нæу, уæлдайдæр, кæд азымджын æнкъарыс дæхи, фæсмон дæ нæ уадзы, уæд.

Гуырдзиаг националисттæ сæ куы расырдтой Самтредиайæ, æмæ Булкъаты Михал йæ бинойнагимæ дыууæ азы дæргъы Дзæуджыхъæуы æхсæвиуат агурæг куы разил-базил кодтой, уæд фыссæг иунæгдзинадæй бынтон стыхстис. Йæ иузæрдион адæмæй та, йæ лæгдзинад фæныллæг кæныны тасæй, иу хатт дæр йæ фарсмæ ничи æрбадт æмæ зæрдиаг ныхас нæ акодта йемæ, нæ разынд, Михалы хъуыдыты, йæ зæрдæхсайды иу чысыл хай йе `ккой чи скодтаид, ахæм. Зæрдæрыст фыссæгæн фенцондæр уыдаид уæд йæ цард. Æниу, чи зоны, ахæм адæймагыл уæлæмхас джелбетт æфтауын стыр тæригъæд нæу. Æгæрыстæмæй, йæ хъысмæт Ирыстоны хъысмæтыл куы бара, уæд.

Цæмæн афтæ æрцыдис? Уый геополитикон фарст у æви ирон фыссæджы трагеди?

Ирыстон йæ алы хъæбулы мæлæтыл фæкæуы. Фæлæ йын йæ хъарæг, дунейы цы цаутæ `рцæуынц, уыдон æвиппайды скæнынц сæ быны. Юбилейтæ дзы аразæм, æрмæст номы кадæн нæ, фæлæ – цæмæй басгарæм: цард фæхуыздæр ис, чи ацыд, уый фæстæ – æви, куыд уыдис, афтæмæй баззад, кæнæ, чи зоны, уымæй фыддæр фæци? Аивта фыссæджы æрмиад йæ уæлæдарæс æви, раздæр куыд уыдис, афтæмæй та цъæл кæнынц йæ фыссæн систæ дунейы срасткæныны сæрраппонд? Исты аргъ ма сты йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæ цæуыл рыстис æмæ цæй тыххæй снывонд кодта йæ цард, уыдон, кæд ын æндæр гæнæн нæ уыдис, уæддæр? Уый аккаг ма стæм æмæ нæ Фыдыбæстыл хъынцъым кæнæм?

Булкъаты Михал райгуырдис 1928-æм азы 14 ноябры Ахметъайы районы Чарекаулы хъæуы. 1932-æм йæ фыд Габойы скулак кодтой, «тройкæ»  уайтагъд рахаста уынаффæ, йæ мулк ын байстой, æд бинонтæ йæ сбадын кодтой, «теплушкæ» кæй хонынц, ахæм вагоны æмæ сæ арвыстой Цæгат Казахстаны Шортандыйы станцæ, Три-Четырейы хъæумæ. Уым Габо йæ сабитæй дыууæимæ фæрынчын сты тифæй æмæ амардысты. Михал, йæ хотæ Таликъо, Нинуцæ æмæ йе `фсымæр Бегоимæ фервæзтысты мæлæтæй. Габойы кæстæр æфсымæр Иорамыл цыдис 18 азы. 1936-æм азы зымæджы райста зылын дамгъæтæй фыст фыстæг Бегойæ, æмæ уырдыгæй базыдта, Габо йæ дыууæ хъæбулимæ кæй фæзиан сты, æрзылдис ирон хъæутыл, æрæмбырд кодта фæндаггæгтæ, ацыдис Казахстанмæ æмæ сусæгæй æркодта, удæгас чи баззад, йæ уыцы чындз æмæ сывæллæтты. Ууыл 1985 азы Михал ныффыста уацау «Уый æз дæн, Хуыцау!».

Михал ахуыр кодта Дуисы гуырдзиаг астæуккаг скъолайы, – Чарекаулы хъæуы уæд нæ уыдис скъола æмæ алы райсом иннæ сывæллæттимæ фистæгæй цыдысты авд километры. Уыцы хабæртты кой Михал кæны, 1961 азы цы уацау «Нæмыгдзæф фæндыр» ныффыста, уым. Уацау мыхуыр æрцыдис журнал «Фидиуæг»-ы.

Фыццаг поэмæ Лениныл Михал ныффыста гуырдзиагау, æвдæм къласы куы ахуыр кодта, уæд. «Шен чемтвис мосулхар ам квехънад, дзиа Ленин! – Ды мæн тыххæй куы ‘рбацыдтæ а-дунемæ, Ленин!» – ацы рæнхъытæ Михалы фыдыфсымæры  лæппу Геджур арæх кодта декламаци æмæ афтæ дзырдта, ома, уыцы поэмæ Чарекаулы хъæуы алчидæр зыдта зæрдæвæрдæй. Михал иронау куыд фыста, афтæ сæрибарæй фыста гуырдзиагау дæр, скæсæн Гуырдзыстоны диалекты æрдзы тых æмбаргæйæ. Æмæ йæ прозæ кæнæ Къостайы æмдзæвгæтæ куы тæлмац кодта гуырдзиагау, уæд сæ цæвиттон ногæй фыста, йæ былтæй оригиналы хæдуæвындзинады æфсæйнаг згъæллагком æнкъаргæйæ. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ Набоков Владимир, Сэмюэль Беккет, Шолом Алейхем æмæ Чепайтис Томасимæ Булкъаты Михал уыдис, æцæгæй дыууæ æвзагыл чи фыста, йæ бон кæмæн уыдис æнæфæкъахырæй иу æвзагæй иннæ æвзагмæ ахизын, дзырды ахæм дæсны. О, тæлмацгæнгæйæ уый ногæй фыста уацмыс, уымæн æмæ, куыд ирон æвзагæн, афтæ гуырдзиаг æвзагæн дæр йæхи рельеф ис, æмæ аивады бæхуæрдонæн аккаг цæлхытæ куы нæ уа, уæд ыл нæ атулдзæн. Раст куы зæгъæм, нырыккон тæлмацгæнджытæн нæ фаг кæнынц ахæм миниуджытæ.

Скъолайы фæстæ Михал бацыди ахуыр кæнынмæ ТБИЖТ-мæ (Æфсæнвæндаджы инженерты институт) Калачы æмæ йæ каст куы фæцис уæд æй арвыстой кусынмæ Донецкы областмæ, станцæ Никитовкæйы хистæрæй. Уый фæстæ йæ куысты бынат аивта, ныгуылæн Гуырдзыстонмæ йæ ра-кодтой, Фæскавказы æфсæнфæндаджы æлхынцъ Самтредиамæ – диспетчерæй. Самтредиа уыдис провинциалон горæт, алчидæр кæрæдзи кæм зыдта, ахæм гыццыл горæт. Цард цыдис йæхи гъæдæй, никæй хъыгдардта, фыссæг Булкъаты Михалы бинонтæ гуырдзиаг æвзагæй даддæр уырыссагау æмæ иронау кæй дзырдтой, уый. Уыцы горæты Михал фæцарди 30 азæй фылдæр, цалынмæ звиадисттæ нæ бацыдысты æмæ йæ нæ расырдтой йæ хæдзарæй, уæдмæ. Æз сæ тынг хорз хъуыды кæнын – чидæртæ сæ мемæ ахуыр кодтой скъолайы, иннæтимæ та уæдмæ хæлæрттæ уыдыстæм. Фæлæ митингты сæ къухмæ мегафон куы бафтыди, уæд, сæ тыппыр гуыбынтæ тилгæйæ, тæнæг хъæлæсæй хъæр кæнын райдыдтой, ома, Михал, кæнæ ирæтты ныхмæ рацу, кæнæ ахъуытты у ардыгæй.

Михалы бирæ нæ бахъуыд йæ хъуыды аскъуыддзаг кæнынæн.

Йæ мулк, йæ фæллой ныууагъта иууылдæр, йæ бинойнагимæ сбадтис плацкъарт вагоны æмæ рафардæг ис Бакойыл Дзæуджыхъæумæ. Уым та дыууæ азы дæргъы йæ туг сур кодта фысымуат агурæг, цалынмæ 1993-æм азы цыппурсы фыццаг бон æхсæвы йæ фыдыфсымæры лæппу Илайы хæдзары полыл хуысгæйæ, йæ зæрдæ нæ аскъуыд.

Булкъаты Михал уыдис, Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны `хсæн хид авæрыныл чи архайдта, ахæм фыссæг. Адæм æнæфсæрмæй пайда кодтой уыцы хидæй, дыууæрдæм ыл цыдысты сæрибарæй, æнæмæтæй, æмæ сæ хъуыдыйы дæр нæ уыд базонын, цавæр тыхæмхасæны фæрцы æрцыд йæ амайын рохдзинады цæугæ доны уæлæ, цалдæр азы фæстæ йæ былтæй чи аивылд æмæ æрыхсадта адæмæн кæрæдзийы цытлæвæрд. Диссагæй дзы ницы ис – нæ цард афтæ у, æмæ иуæй-иутæ хид аразынц, иннæтæ йыл рацу-бацу кæнынц, æмæ зылынмæзонд адæмы рæстæг куы ралæууы, уæд æй уыдон ныппырх кæнынц, змисын галуанау. Фæлæ уымæй сагъæссагдæр уый у, йæ хæлар Хъазиты Мелитон куыд фыссы йæ монографийы («Историйы азхынцæг», 2019), Михалæн царды фæстаг азы уавæртæ байстой фыссыны амал, урс фыссæн гæххæттимæ йæ хъизæмæрттæ дих кæнын, æмæ уыцы æууæлтæ, чи зоны, фæтагъддæр кодтой йæ мæлæт.

Ирон литературæйы, сæйраджыдæр Булкъаты Михалы роман «Нарты Сосланы æвдæм балц”-ы, Джусойты Нафийы «Сырдоны цæссыгты» æмæ Хуыгаты Сергейы «Нарты Фарнæджы», культурон хæзнаты хизонындзинады арæзт цæуы мифологон æнкъарæнты, а-фæстаг рæстæджы уæнгдыхæй æппæтиумæйаг культурæйы сывæлдæджы бынæй чи æрцæуы æвзæрст, æмæ Спинозæйы загъдау, этносы хиидентификацийы инструмент чи свæййы, ахæм архетипты фæрцы. Литературæиртасæг Мамиаты Изетæ куыд фыссы («Ирон роман-мифы антиутопи», 2008), афтæмæй рæстæг у быд уæвынады метафизикон проблемæтæ æмæ Нарты конкретон, зæххон цардæвзарæнтæ кæрæдзийыл цы сбаста, ахæм мæцъæл æндахæй, æмæ сæ дунейы фæдæлдзæх кæнынынмæ иу къахдзæф йедтæмæ нæ баззади.

Булкъаты Михалы антиутопи æнæхъæнæй у амад Нарты эпосыл. Уыцы дунейы фæрсæй-фæрстæм архайынц мифологон персонажтæ – Сослан, Уырызмæг, Хæмыц, Батрадз æмæ историон хъайтартæ – Тлаттаты Чермен, Алыккаты Хазби æмæ æнд. Мамиаты Изетæ цы рæстæджы кой кодта, уый æрбалæууы чиныгкæсæджы размæ æрмæст историон цаутыл чи дары йæ цæст нæ, фæлæ четарон аргъад чи амайы, ахæм бардуаджы хуызы. Хорздзинады æмæ Фыддзинады проблемæтæ æххæст кæнынц, мифологон æмæ историон æнкъарæнтæ кæм иу кæнынц, уым, æмæ иудзинад, кæрæдзийæн хатырдзинад тых æмæ хъæбатырдзинадæй ахсджиагдæр кæм сты, уым. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ «Нарты Сосланы æвдæм балц» актуалон у нырыккон политикон хабæртты фоныл. Уæлдайдæр романы тохгæнджыты иу фарс – дæлимонтæ, сæ раздзог Дзæцъу æмæ Челæхсæртæгимæ æхсыры цады фæрцы дæлбар скодтой хиæмбарынад. Куыддæриддæр адæймаджы ныннайынц æхсыры цады, афтæ уайтагъд ферох кæны йæ раздæры цард æмæ сæрхъипп, коммæгæс уæвæг свæййы.

Романы аивады миниуджытыл, гæнæн ис, бирæ хъаугъа кæнæм. Фæлæ ахæм ирон дзырды дæснытæ – Плиты Грис, Джыккайты Шамил, Хъодзаты Æхсар рахицæн кодтой, фыццаджыдæр, лексикæйы хъæздыгдзинад. Бирæ дзырдтæн нæй ссарæн ирон дзырдуæтты. Æниу, дзы диссагæй ницы уал ис, кæд ирæттæн сæ ныхас къуындæгдæр кæны нæхи аххосæй. Не `взæртæй бирæтæ иронау дзурын сæ сæрмæ нал хæссынц. Проблемæ райхалын зын нæу – аххосаг æрмæст, ирон чингуытæ кæй нал кæсынц нæ фæсивæд, уый мидæг нæй, фæлæ сæ абоны царды домæнтæ нæ уадзынц сæ мадæлон æвзагыл хъуыды кæнын. Æниу, амалхъом рабафысты, алæбоны куысты арæх райдыдтой ласын æндæр æвзæгты терминтæ æмæ дзырдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый ахъаз у информацийы цырд алæвæрдæн, фæлæ æвзагæн та ницы пайда у. Булкаты Михалы романтæ та – «Нарты Сосланы æвдæм балц», «Теркæй Туркмæ», «Дæ фыдæлтæ рухсаг» – хонынц лингвистикон сфæлдыстадмæ чиныгкæсæджы, цæмæй сабыргай ахуыр кæна ног ирон дзырдтæ, хата, этимологийæн йæ механизм куыд кусы, уый. Чи зоны, фыццаг хатт фæлгасы йæ мадæлон æвзаджы сæндидзæн æмæ æмбары, ирон æвзаг ног ныхæсты хъуаг кæй нæу, фæлæ хъусдарды æмæ уарзондзинады хъуаг кæй у, уый. Нæ фыдæлтæ нын сфæлдыстой алцы дæр, æрмæст ма дзы баззади нæ хъуыды æмæ нæ туг ссæрибар кæнын, æхгæнæн байгом кæнын нæ уды мидæг æмæ бар радтын ивгъуыд заманæн, цæмæй æнæфенкъуысгæйæ бакæла абоны бонмæ.

Мæскуыйы рауагъдад «Советский писатель» ныммыхуыр кодта Булкъаты Михалы дыууæ чиныджы – «Живой обелиск» (1981 аз) æмæ «Седьмой поход Сослана Нарты» (1989 аз). Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы рауагъдад «Ир”-ы цæттæ кæнынц «Литературон портреттæ», зынгæ ирон фыссджытыл æмбырдгонд.

       БУЛКЪАТЫ Игорь

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.