Бирæ фысджытæн нæ бантысы фаг рацæрын. Уыцы ирон фысджытæм æнæмæнг хауы зындгонд ирон прозаик, дзæвгар аивадон уацмысты, (цыппар историон романы) автор Булкъаты Михал.

Михал бæрцæй 65 азы фæцард. Гуырдзиаг лæгмартæ йæ йæ куыст æмæ йæ хæдзарæй ХХ-æм æнусы кæрон хауæггаг фæкодтой æд бинонтæ Цæгат Ирыстонмæ. Михал уæдмæ зындгонд фыссæг уыдис, фæлæ физикон æгъдауæй цæрынæн нæдæр йæхицæн, нæдæр йæ хъарм бинонтæн аккаг бынат не ссардта йæ фыдæлты зæххыл, йæ зæрдæ фырмæстæй аскъуыд кæйдæр къуымы. Хъазиты Мелитон дзы афтæ зæгъы: “Нæ быхста, мæгуыр, йæ удæн нæ фыдæлты рæдыдтытæ дæр. Йæ удæн сæ, йæхи рæдыдтытау, фиддоныл нымадта. Гъе, æмæ йæ низæфхæрд æмæ куыствæллад зæрдæ нал баурæдта уытæппæт тыхстытæ»…

Михал ахицæн йæ бинонтæ, йе ‘мгæрттæ, йæ адæмæй æмæ Ирыстоны арæнгæрон «хуыссы» иунæгæй… Йæ удæгасæй дæр дард уыд нæ литературон æх-сæнадмæ æмæ йæ мæлæты фæстæ дæр иу хъæууон уæлмæрды фæдджийыл æрхуыссыд иунæг æмæ иппæр-дæй…

Фæстаг дæсгай азты Хъазиты Мелитон ирон литературæйы историйы цы куыст кодта, цы дæсгай монографитæ сфæлдисын ын бантыст, уыдон зындгонд сты. Аив литературон уацмысæн æмбæлон аргъ скæнын, зонадон æгъдауæй йæ равзарын, литературæйы йын бæстон бынат ссарын, куыд зонæм, афтæмæй æнцон хъуыддаг нæу. Уæдæ, æнæхъæн литературон процессмæ зонадон æгъдауæй æркæсын, кæцыдæр зынгæ фыссæджы бынтæн æмбæлон бынат равзарын та ноджы зындæр у. Уæлдайдæр, литературæйы историйы йæ бынат чи фæагуры, ахæм классикы сфæлдыстад.

Ирон зындгонд фыссæг Булкъаты Михалы сфæлдыстад йæ удæгасæй бахаудта ахуыргæнæн чингуытæм. Фæлæ йæ бирæ фæллæйттæ кæронмæ иртæст не сты зонадон литературæйы. Иууыл бæстондæр æмæ сыл зæрдæбынæйдæр чи бакуыста нырмæ, уый у Хъазиты Мелитон. Йæ монографи “Историйы азхынцæг” (“Письма боли”-йыл)  уырыссаг журнал “Дружба народов”-ыл æнæнхъæлæджы не ‘рæвæрдта йæ цæст. Михалы сфæлдыстадыл Мелитоны зонадон куыст нырыккон ирон аив литературæйы историйæ, номхуындæй, йæ монографи «Историйы азхынцæг», бакастæн тынг зæрдиагæй. Автор ахæм цымыдисон монографитæ ныффыста Къоста æмæ Секъа, Нигер, Гафез, Дзугаты Георги, Мæргъиты Къоста, Джусойты Нафи, Ходы Камал, Æлборты Хадзы-Умар, Кокайты Тотрадз æмæ бирæтыл.

Æрæвнæлдта Булкъаты Михалы цард æмæ сфæлдыстад ирон чиныгкæсджытæн, уæлдайдæр, ирон скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн, ахуыргæнджытæн, стæй ирон аив литературæ зæрдæбынæй чи уарзы, уыдонæн, куыд æмбæлы, афтæ рафæлгъауынмæ.

Булкъайы-фырты сфæлдыстадыл зонадон литературæ нæй уæлæнгай ре-цензитæ æмæ иугъæдон уацтæй дард-дæр. Фыссæджы сфæлдыстад зонадон æгъдауæй бындуронæй равзарыны хæс сæ разы не ‘вæрдтой. Ныр уыцы хæс райста Мелитон æмæ йæ куысты разныхасы Букуылты Алыксийы номæй зæгъы: «Булкъаты Михалы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц, нæ фыдæлтæ – аланты цардуаг æмæ уæззау историон хъысмæт кæм æвдисы, уыцы уацмыстæ… Фыссæджы цард, йæ курдиат, æппæт йæ тыхтæ лæвæрд уыдысты Ирыстонæн, йæ радтæг адæмæн лæггад кæнынæн».

Михалæн йæ аив дзырды тых æххæстæй рæстæгыл раргом кæныны фæрæз нæ фæцис. Джыккайты Шамил раст загъта, ирон фысджытæн цæргæ-цæрæнбонты сæ хъару равдисыны фадат никуы вæййы, зæгъгæ. Адæймаг æп-пынæдзух цы хъуыддаджы сæргъ нæ лæууа, уым диссæгтæ куыд хъуамæ фæуа? Адæм ыл æвиппайд сæ цæст куыд хъуамæ æрæвæрой? Ирон фысджытæ, зæгъгæ, се ‘вæрæзæй, фылдæр хатт фердæхыны фыдæй æппынæдзух сæ къухтæм æмхасæнтæ фæкæнынц. Ахæм кæуинаггаг, æнæ сæрмæхæссинаг уавæры стыр аивадыл куыд ис дзурæн. Æмæ ахæм чингуытæ талф-тулфæй раскъæфгæ нæ вæййынц. Уыдоныл хъуыды кæнын хъæуы æппынæдзух. Хъуамæ фыцой сæры магъзы, уадзой рухс æвзартæ, иунæг уысм дæр рохуаты ма зайой, афтæмæй.

Нæ фыссæджы романтæ райдыдтой, ирон адæмæй минтæ Туркмæ сæ тыхрайсгæ дины фæдыл куы фæлыгъдысты, уыцы æнамонд дугæй («Теркæй-Туркмæ”), йæ цæст æрæвæрдта нæ адæмы историйы дзæвгар цаутыл æмæ ахæццæ “Нарты Сосланы æвдæм Балц”-мæ.

Булкъаты Михалы роман «Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы,  Мамиаты Изетæйы хъуыдымæ гæсгæ, уацмысты «мифты дунейæ сырæзт хид ныры рæстæгмæ. Цæсты раз сыстынц фидæнæвдисæг кинофрагменттæ: тæригъæддаг, цæнкуыл адæм – цагъды уæлдæйттæ – иугæйттæ æмæ къордтæй куырмæджы змæлынц зæххы бын ныккæндты. Кæдæм у, дзойтæ кæнгæ, сæ фæндаг, цы ма у сæ сомбон?». Фæлæ сын нæй басæттæн. Сæ уыцы удыхъæдимæ райгуырдысты. Сæ уыцы удыхъæды ис сæ цард æмæ йыл никуы сисдзысты сæ къух. Афтæ куынæ уой, уæд сæ нæдæр айсдзæнис чиныгкæсæг…

Мелитон фыссæг æмæ йе сфæлдыстады тыххæй монографийы дзуры: “Кæй кой нæм ис, роман «Нарты Сосланы æвдæм балц» – уый архайд сæрæй кæронмæ удæгас кæй у, æппынæдзух кæй змæлы, чиныгкæсæгæн хъуыды кæнын кæй амоны, уымæй æрмæст уацмыс нæ, фæлæ йæ автор дæр, хъуамæ йæ æргом дзурæм, бирæ бæрцæй æмбулы. Рæстæджы цыдимæ ирон литературон критикæйы, стæй литературон зонады цъус ныхæстæ æмæ хъуыдытæ нæ сайы йæ фæдыл æмæ уымæй кæны зындгондæй-зындгонддæр. Фæлæ сæйраг у – нацийы нывæфтыд литературæ фæхъæздыгдæр вæййы Булкъаты Михалы роман «Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы хуызæн æппæтæй æххæст аивадон чингуытæй. Уыцы хъуыддаг нæ хъуамæ, йæ адæм, йæ Фыдыбæстæ æгæрон уарзтæй чи уарзы, чи сын аргъ кæны, уыдонæй алкæмæн дæр уа сæрыстыры хос”. Уырны мæ фидарæй, нæ зындгонд фыссæг Булкъаты Михалы цард æмæ сфæлдыстадыл фыссæг æмæ литературæиртасæг Хъазиты Мелитоны монографи  кæй уыдзæнис йæ авторы æнтыстыл дзурæг.

Литературæиртасæджы «Историйы азхынцæг» композицион æгъдауæй дæр, зонадон авналæнтæй дæр у бæстон арæзт æмæ æлхæны чиныгкæсæджы зæрдæ. Авторы ныхас йæ уарзон фыссæджы тыххæй сæрæй кæронмæ у бæрнон æмæ зæрдæрисгæйæ. Уымæн зæгъы: “Михалы, – цыма, фæскъæсæр кæй авæрдтаиккам, ахæм уыд: «дуджы фыдæвзарæнтæ йын йæ зæрдæ фаты бырынкъыл систой æмæ, сæрыстыр бæгъатырау, зæрдæскъуыдæй бацыд, нæ фыдæлтæ незамантæй нырмæ цы дæлзæхх дунейы сты, уырдæм», – дзырдта Нафи. Рахастам æй кæйдæр къуымæй. Бавæрдтам æй кæйдæр уæлмæрды.

Мелитоны монографийыл «Дружба народов» æрæвæрдта йе ‘ппæтуынæг цæст.

Автор чиныджы кæрон зæгъы: “Иунæг тохы быдыры хæстон нæу. Къоста дæр æй загъта: «Цæй мæгуыр дæ, иунæг, Дæ мад амæла!» Фæлæ дунейы иууыл стырдæр куыстытæ иугай адæймæгты æвзыгъдæй æрцæуынц арæзт. Æрмæст ын хъуамæ зонай рæстæг æмæ афон. Брытъиаты Елбыздыхъо уымæн загъта: «Дон Кихот воевал с ветряными мельницами и он поступал благородно, но неумело». Æнæмæнг афон у паддзахады æмвæзадыл Ирыстоны æцæг аив цæсгом нæ литературæйы фæрцы дунейæн равдисынæн. Уæд æрмæст Булкъаты Михалы хуызæн фысджытæн нæ сæ-вæрдзыстæм сæхи аивады фæрцы цыртытæ, фæлæ нæхæдæг дæр фенын кæндзыстæм, цæмæ арæхсæм, уый, нæхи раз уыдзыстæм æхсадцæсгом. Нæ адæмæн, нæ Фыдыбæстæн – æнусон лæггадгæнджытæ. Аивады уымæй стыр-дæр æнтыст нæй. Æмæ æфтыд Михалы къухты. Алы хатт дæр æй цымыдис кодтой стыр цауты стыр дзуринæгтæ. Булкъаты Михал искæмæ нæ каст – кæд фыццаг ирон историон романы автор нæу, уæддæр уыцы жанры иунæг удæй архайдта ирон историон роман бæрзонд сисыныл, йæ авналæнтæ йын ауæрæх кæныныл æмæ йын æнтыст. Йæ лæг-гæдтæ сты бирæ æмæ, адæймаг кæй иувæрсты нæ ахиздзæн, ахæм ахадæн.

Булкъаты Михал иууыл цæсгомджындæр азхынцæгау агуырдта æмæ хыгъта Иры рох истори, ирон нывæфтыд литературæйы уыдис зындгонд историон романист æмæ йæ историйы баззад афтæмæй.

Хъазиты Мелитоны монографи «Историйы азхынцæг» æнæмæнг у тынг хорзыл банымаинаг. Зæгъын хъæуы уый дæр, нырмæ ирон литературæиртасджытæй ирон фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл йæ монографи Къостайы номыл литературон премийы лауреат, профессор Хъазиты Мелитонæй дарддæр уырыссаг æвзагыл “Дружба народов”-ы хуызæн æнæхъæн дунейы зындгонд журналы кæй никуы федта рухс.

Уый дæр у раппæлыны аккаг. Фæлæ махæн фылдæр хатт хæлæг æмæ æнæцæстуарзоны тыххæй нæ дзурæнтæ дæр, нæ фæндæгтæ дæр, нæ информацион фæрæзтæ дæр разынынц æхгæд. Уый та мах хуызæн зындгонд адæмæн худинаг у.

ПЛИТЫ Мæдинæ,

ХИПУ-йы ирон литературæйы

хистæр ахуыргæнæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.