Æлборты Хадзы-Умары райгуырдыл сæххæст 85 азы

 

Ирон аив литературæйы поэзийы  ссæдзæм æнусы «æхсайæмазонтæ» кæй хонæм, уыдон  хуыздæртæм хауы поэт Æлборты Хадзы-Умар.  

Фыдыбæстæйон Стыр хæсты басудзæг Кочысаты Мухарбег загъта: «Ацы хæст фесæфта бæстæ». Æмæ ирон фысджытæн кæд 37-æм азты фыдæвзарæнты фæстæ, æнæхъæнæй æгъатыр дæрæн æмæ куынæг куы æрцыдысты, уый фæстæ Гафез, Плиты Грис, Калоты Хазби, Мыртазты Барис, Джусойты Нафи æмæ иу къорд фыссæджы се ‘фсæддон æхсар, сæ хæстон зæрдæ хаста размæ, кæд сын уый уыдис цардмæ реалон цæстæй кæсыны тыхдæттæг, уæддæр «æхсайæмазонты» лæггад ирон литературæйы ахсы сæрмагонд зынгæ бынат.

Ирон литературæмæ Булкъаты Михал, Хуыгаты Сергей, Хъодзаты Æхсар, Малиты Васо, Джыккайты Шамил, Скифирон (Тедеты Рюрик), Æлборты Хадзы-Умар æмæ æндæрты æрбацыд уыдис сусæны мæйы хæххон, сатæг уддзæфы хуызæн. Джусойты Нафи сæ йæ рæстæджы уымæн загъта: «Это – поколение тридцатилетних, поэтическая молодость которых падает на вторую половину пятидесятых годов. Ныне наступила пора их гражданской и художнической зрелости. И литература ждет от них многого».

«Æхсайæмазонтæ» дзырдаивадмæ æрбакъахдзæф кодтой дзырдхъом æмæ ныфсджынæй. Уыдис сæм, цы загътаиккой, уый. Æмæ зыдтой, куыд æй загътаиккой, уый. Мамсыраты Дæбе куыд загъта: «Ныфс æмæ ‘хсар хъуаг не сты н’ адæм», – уыйау ма, курдиат цух дæр не сты. Уыимæ сын хурæргомæй разынд, кæмæн æй загътаиккой, уый дæр – уыцы рæстæджы адæм аив литературæ хъуыдис уæлдæфау. Дзуццаты Хадзы-Мурат загъта: «Дунейы зынгæдæр поэтты æнтыстытæй пайда кæнынмæ басчъил кодтам нæ дыстæ, уæлдайдæр, не ‘рыгон поэттæ. Уыдонæй алкæмæ дæр ссарæн ис хæрзхъæд, хъуыдыйæ арф, формæйæ аив æмдзæвгæтæ». Адæмæн нывæфтыд дзырдæй цыма дойны уыдис, уыйау алы ног чиныгыл дæр æмбæлдысты цинимæ.

Нæ уыцы зынгæ поэттæй иу уыд Æлборты Хадзы-Умар. Æрбацыд æм хæрз æвзонг лæппуйæ, йе ‘нусон дунемæ дзы ацыд 72-аздзыдæй æмæ йыл никуы суæлæхох, фыдыусмæ кæсæджы цæстæнгасæй йæм никуы акаст; стыр бынтæ дзы никуы смарзта, фæлæ йын æнувыдæй фæкодта хъæбулы лæггад. Поэзийы жанры дæр, литературон критикæ æмæ литературæиртасæн куысты дæр. Уыдис йæ иузæрдион, йе ‘нæфæцудгæ фæдисон.

Æлборты Несторы фырт Хадзы-Умар райгуырд 1939-æм азы сусæны мæйы 15-æм бон Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы Сарабучъы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ сабибонтæ бирæ йæхи хуызæн мæгуыр, фæлæ хъæлдзæг сабитимæ æрвыста йæ райгуырæн хъæуы. Беджызаты Чермены загъдау: «Тызмæг къуыбылæйттæй тулы размæ цард», – уæлдай тызмæгдæр та уыдис Фыдыбæстæйон Стыр хæсты фæстæ. Фæлæ йын стонг адæм фæрæзтой, иу уавæры кæй уыдысты, уый тыххæй. Афтæмæй Хаджумар райдайæн скъола каст фæцис сæхи хъæуы, аст къласы та – Уанаты.

Лæппу фыдæй сидзæр кæй уыдис, уый тыххæй цард мæгуыр уавæрты. Фæлæ йæ зæрдæ æппынæдзух дзырдта йæ чингуытимæ. Уымæ гæсгæ æнæххæст астæуккаг скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндоны. 1959 – 1964-æм азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты æвзаг æмæ литературæйы хайады. Уæд ‘рæвнæлдта зæрдæбынæй поэтикон дзырдмæ. Фæлæ йæ дард-дæры цард æмæ куысты уыцы ахуыр дæр фагыл нал банымадта. Аивад, ахуырад цардимæ æппынæдзух размæ цæуынц, æмæ се ‘мдзу куынæ исай дæ къах, уæд дæ фæстейæ куыд фæуадздзысты, уый дæхæдæг дæр нал фæхатдзынæ. Уый тыххæй фæстæдæр фæсаууонмæ каст фæцис аспирантурæ. Диссертаци ныффыста ахæм темæйыл – «Ирон литературон критикæ 30-æм азты» æмæ йын лæвæрд æрцыд филологон зонæдты кандидаты ном.

Хадзы-Умар институты фæстæ куыста дзæвгар бæрнон бынæтты. Фыццаг бацыд Хуссар Ирыстоны «Мыхуырцæдис»-мæ. Уыд газет «Советон Ирыстон»-ы литературон кусæг. Стæй рахызт Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады литконсультанты бынатмæ. Акуыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæгæй. Уыд фысджыты аив-литературон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Фидиуæджы» литературон критикæ æмæ публицистикæйы хайады гæс, стæй æвзæрст æрцыд журналы сæйраг редакторæй æмæ дзы фæкуыста дзæвгар рæстæджы.

Уыцы иурæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты, фæстæдæр университеты лекцитæ каст нырыккон ирон литературæйы историйæ. Уырдыгæй та аивта Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон литературон сфæлдыстады кафедрæмæ.  Акуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады гæсæй дæр. Фæлæ, куыд акæнынц, низ йæ бон калы. Ноджы Хаджумары хъысмæтыл нæ фыдбоны сыхæгтимæ не ссæдзазон туг æмæ рондзкалæн хæст йе ‘гъатыр сау фæд æнæныууадзгæ нæ фæцис. Хъаныхъуаты Иналы загъдау: «…жизнь человека сама по себе – мильный пузырь» («Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ…»).

 

Хадзы-Умар хæсты дуджы фыста:

Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ, –

нæмыгæхст,

арты арыд,

гæмттæ, –

цыма мæ зæрдæйы хъæдгæмттæ…

Адæймаг, куыд акæнынц, хом фыд æмæ стæгæй уæлдай ницы у. Æрвыл уысм цыфыддæр хæстон хотыхты ниуынмæ хъусын, удмарæн хæст æмæ фыдбылызтæм кæсын кæй бон у. Æрвылбон куы хъусай, куы уынай алы æнахъинон фыдтæ: Цхинвалы районы Чере æмæ Къоркъулайы цæрджытæй 12 бæлццоны хъысмæтæн ничи ницы зыдта, æрмæстæр 1993-æм азы рухæны мæйы рабæрæг, хæцæнгарзæй æхстытæй, бæстытæй, тыхмарды бæрæггæнæнтимæ ссардтой Ереды хъæуы цур; гуырдзиаг фыдгæнджытæ ныббырстой æмæ басыгътой ирон хъæу Хелцуа, тыхми кодтой сылгоймæгтæн, нæ ауæрстой зæрæдтыл, сабитыл; фехстой 58-аздзыд Бестауты Нинæйы, стæй йæ ныкъуыхтæ кодтой фæрæтæй; амардтой ноджы дæр 6 адæймаджы, цæфтæ дзы ис дзæвгар; уыцы бон ноджы дæр ныххафтой æмæ басыгътой Знауыры районы Уелит, Цънелис, Гуиргуина æмæ Принеуы хъæутæ, – уæд адæймаг цæмæй конд хъуамæ уа, цæмæй сын ныффæраза? Стæй сын фæразæн дæр куыд æмæ цы хуызы ис? Куыннæ хъуамæ хæлдаиккой æмæ сыхæлдаиккой йæ нуæрттæ, мах нæ фыдбоны сыхæгтæй ссæдз азы дæргъы цы фыдтæ федтам æмæ уынæм, уыдонæй?! Дойнаг дуртæ сæм фæрчытæ хаудысты, хæхтæ сæм дурцæссыгæй, хæдзæрттæ авгцæссыгæй куы куыдтой («Куыдзы бæлæгъы нын дарынц дон…»)?

 

Куыдзы бæлæгъæй нын дарынц дон,

нæ над дæр, нæ мард дæр сын – удæст…

Нæй ахæм уысм

нæ æхсæв, нæ бон,

кæд фæлæууа мæ уды рыст.

 

Ахæм удхæрттæн нæ ныббыхста Хадзы-Умары риссаг зæрдæ —  2011-æм азы тæргæйтты мæйы 30-æм бон уæззау рынчыны фæстæ не ‘хсæнæй 72-аздзыдæй фæхъуыд нæ иузæрдыг хæлар – зынгæ ирон поэт, критик æмæ литературæиртасæг, къорд поэтикон уацмысты æмбырдгæндтæ æмæ литературон-критикон уацмысты автор.

Фыццаг хатт йæ ном мыхуыры фæзынд журнал «Фидиуæджы» 1955-æм азы. Æмæ йын йæ фыццаг уацмыстæ кæд литературæйы дуæрттæ йæ разы дардыл нæ айтыгътой, уæддæр фæндаг фегом. Уый фæстæ пединституты куы ахуыр кодта, уæд фæфидар йæ поэтикон хъæлæс. Разынд йе ‘рмдзæф æмæ 1964-æм азы рухс федта, æвзонг поэтæн йæ ныфсыл стыр ныфс чи бафтыдта, йæ цардвæндаг ын бæлвырдæй чи равдыста, йæ хъысмæт ын кæронмæ чи аскъуыддзаг кодта, йæ уыцы фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Фæдисон». Уым Æлборы-фырт разынд, кæй уыдзæнис ирон æмæ дунейон литературæйы классиктæй бирæты сфæлдыстадон традицитæ дарддæргæнæг æмæ уыцы иурæстæджы йæхихуызон поэт. Ома, традицитæ комкоммæ, искæй уацмыстæй йæхи сфæлдыстадмæ хæссыны охыл, мыййаг, нæ иста, фæлæ уæд нæ ирон поэзийы тынг стыхджын фæлгонцон уынынад. Нæ зындгонд æмæ бафæзминаг поэттæ Цæрукъаты Алыксандр, Гафез, Джусойты Нафи, стæй – Бестауты Гиуæрги, Дзаболаты Хазби, Козаты Исидор, Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ нæ иннæтæй фæлгонцон уынынад барджынæй рахызт ирон поэзийы «æхсайазонтæм». Уыдон сæ курдиаты фæрцы ныфсджынæй састой, къорд азты нæм чи ныффидар, поэты уыцы æргъæфст фæлгонцы фæлгæттæ. Архайдтой сæхи фæтк æмæ æгъдау æвæрыныл, кæд ын афтæ зæгъæн ис, уæд. «Æмæ дзы Хадзы-Умары фæцис йæ «хай»,– загъта Нафи. Уыцы æнæфæцудгæ зæрдæйы уаг сæм ирон литературæйы æвзæрын кодта ног фæндæгтæ æмæ хъуыдытæ.

Сæ фылдæр ист уыдысты, нæхи аив литературæйы раздæр чи уыдис, фæлæ нын 30-æм азты Дамоклы карды бын паддзахад æмæ йæ цырддзаст хъусдарджытæ кæй «ферох» кæнын кодтой («Нигеры æнаккаг митæ не сты советон кадджын фыссæджы митæ» æмæ æндæр æртхъирæнтæй) æмæ та ногæй чи райдыдта æндидзын, уыдон. Иннæтæ цыдысты, æндæр адæмты литературæты хорзæй цы уыдис, уыцы фæлтæрддзинадæй. Ныр, Нигер æмæ нæ курдиатджын фысджытæн куы фидис кодтой: «Нигер бады хохы цъуппыл: йæ бын у куыдзæппарæнау, йæ сæр гæмæх у, афтæмæй йæ сæрыхъуынтæ мигътыл сæмбæлдысты. Тынг тас ран бады», – уыцы дуг фæци. Æмæ, æхсайæм азты кæй æрбацыд нæ литературæмæ, уый тыххæй йын йæ аивтæй æнæхайæ нæ баззад поэт Æлборты Хадзы-Умар дæр. Фæлæ Андрей Вознесенский загъта: «Поэт всегда единичен, он – сам по себе».

Хадзы-Умар цардмæ каст йæхиæрдыгонау – ирон поэт æмæ ирон адæймаджы цæстæнгасæй æмæ йæ æвдыста, куыд æй уыдта, куыд æй ныв кодта йæ хъуыдыйы, афтæмæй. Æмæ раст, уыцы ирон уд кæм тæлфы, раст уыцы ирон уддзæф кæцæй улæфы æмæ сæхи ад чи хæссынц, адæймаджы зæрдæ уыцы уацмыстæ тынгдæр агайынц.  Хадзы-Умар æппынæдзух куыста йæ поэтикон дæсныйадыл, куыста æмæ ахуыр кодта ирон æмæ дунеон поэзийы хуыздæр минæвæртты сфæлдыстадыл. Йæ иууыл уарзондæр поэт уыдис испайнаг литературæйы классик Гарсиа Лоркæ. Йæ хуыздæр уацмыстæй йын ирон æвзагмæ иудзæвгар раивта зæрдиагæй. Ирон поэзийы цæмæй верлибр аккаг бынат бацахстаид, уый тыххæй бакуыста бирæ.

Æлборы-фырт йе ‘мдзæвгæтæ æмæ поэмæты æмбырдгæндтæ «Мæ зæрдæйы хуызтæ», «Хуры хъæбултæ», «Уидæгты зарæг», «Æз уыцы ‘хсæв чысыл саби уыдтæн», «Бæрзонд къæвда», «Ныфсы уидаг» æмæ æндæртæй аккаг хуын бахаста ирон поэзийы къæбицмæ. Йæ литературон-критикон уацмысты чингуытæ «Ирон литературон критикæ 30-æм азты», «Уидæгтæ æмæ къабæзтау», «Æлборты Барысби» æмæ æндæртæ фæахъаз сты ирон литературæзонады рæзтæн.

Поэты уацмыстæй дзæвгар ныммыхуыр æфсымæрон адæмты æвзæгтæм аивадон тæлмацæй.

Хадзы-Умармæ нырма бирæ сфæлдыстадон фæндтæ уыдис, фæлæ йын сæ æххæст кæнын нæ бауагъта æгъатыр мæлæт.

Æлборты Хадзы-Умары ном ирон литературæйы историйы баззайдзæнис æнустæм. Никуы ферох уыдзæн йæ уарзон хæлæрттæй.

 

 

ХАДЖИЙЫ МÆРДОНВÆНДАГÆН

 

Бавдæлон ыстæм, Хаджи, дæуæй дæр.

Ныр – бæрæг: фæфылдæр ысты мæрдтæ.

Уым – Гафез, Хазби, Хадзы, Бестау дæр;

Стæй – Хадже, Алеш, Шамил бецау дæр…

Ацахсын уæ илæлæй кæцæйдæр.

Абалц кодтой хохрагъмæ уæ фæдтæ.

ХЪАЗИТЫ Мелитон,

Къостайы номыл Паддзахадон

премийы лауреат, профессор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.